Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Галаады скъолайыл сӕххӕст 70 азы

Галаады скъолайыл сӕххӕст 70 азы

1943 азы 1 февралы штат Нью-Йорчы иу диссаджы скъолайы райдыдтой ахуыр кӕнын фыццаг къласы студенттӕ. Уыцы скъола хуыйны Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаад. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзы алыхуызон бӕстӕтӕй сахуыр кодтой 8 минӕй фылдӕр адӕймаджы, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр.

Уӕлейӕ: Галаады скъолайы сӕйраг бахизӕн (Саут-Лансинг, штат Нью-Йорк). Бынӕй: ахуыргӕнӕг ныхасы рацыд 31-ӕм къласы раз Галаады скъолайы амфитеатры

Ӕрӕджы Галаады скъола каст чи фӕци, иу ахӕм нӕлгоймаг, Джонатан, загъта: «Цы ахуырад райстам, уый арӕзт уыди Хуыцауы Ныхасыл. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ цавӕрфӕнды адӕмы ’хсӕн дӕр». Йӕ цардӕмбал Марни та зӕгъы: «Ныр мӕ тынгдӕр фӕнды адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕхӕдӕг феной, не Сфӕлдисӕг нын цы фӕндаг амоны, уымӕй хуыздӕр фӕндаг кӕй нӕй. Ӕз ӕй фидарӕй зонын, адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурон, уӕд сӕ цард кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн».

Галаады скъолайы ахуыр кӕнынц фондз мӕйы ӕмӕ йын фидын нӕ хъӕуы. Ахуыргӕнинӕгты хъус сӕйраджыдӕр ӕрдарынц Библимӕ ӕмӕ, хъусын кӕнын куыд ахсджиаг у, уымӕ. Галаады скъолайы сӕйраг нысан у, цӕмӕй студенттӕ Хуыцауы адӕмы фидар кӕной ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой, стӕй ма сын ӕххуыс кӕной сӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнынӕн, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууой. Ахуыры рӕстӕг студенттӕ фӕныхас кӕнынц Библийы уагӕвӕрдтыл, Йегъовӕ Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы баввахс уыдзысты, уыцы уагӕвӕрдтыл.

Уӕлейӕ: 1958 аз. Альберт Шрёдер студенттӕн цыдӕр амоны хӕсгӕ кувӕндоны цатыры макеты руаджы. Бынӕй: 1968 аз. Юлиссис Гласс цыдӕр амоны 46-ӕм кълассӕн

Ацы Скъолайы чи фӕахуыр кӕны, уыцы бинонтӕ уӕдмӕ дӕр вӕййынц ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ. Ахуыры фӕстӕ сӕ арвитынц, уӕдмӕ кӕм лӕггад кодтой, уырдӕм кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ. Чидӕртӕ сӕ лӕггад кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалты, абон сты 90 фылдӕр. Студенттӕн сӕ фылдӕры снысан кӕнынц бирӕ адӕм кӕм цӕры, ахӕм горӕттӕм, цӕмӕй уым хъусын кӕныны хъуыддаджы стырдӕр пайда ӕрхӕссой.

Фыццаг рӕстӕджыты-иу Галаады скъолайы чи ахуыр кодта, уыдон уыдысты Паддзахады фермӕйы Саут-Лансингы (штат Нью-Йорк). 1961 азы Галаады скъола уадзын райдыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Бруклины (штат Нью-Йорк). 1988 азӕй 1995 азмӕ Скъола уыд Уолкиллы (штат Нью-Йорк) Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады фермӕты. Уый фӕстӕ, 1995 азы Скъола аивтой, абоны онг дӕр кӕм ис, уырдӕм – Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуырадон центрмӕ Паттерсоны (штат Нью-Йорк). 2013 азы мартъийы Галаады скъолайы ахуыр фӕци 134-ӕм кълас.

Уӕлейӕ: 2003 аз. Галаады скъолайы 116-ӕм къласы студенттӕ урочы рӕстӕджы. Бынӕй: 2011 аз. Студенттӕ Галаады скъолайы библиотекӕйы цыдӕртӕ иртасынц

Галаады скъолайы 70 азы дӕргъы чи сахуыр кодта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис хорз ном ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц.