Цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суон, уый тыххӕй цы хъуамӕ саразон?
Йесо Чырысти бамбарын кодта, адӕймаджы цавӕр къахдзӕфтӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Матфейы 28:19, 20 стихты. Ацы стихтӕ ӕмбарын кӕнынц, цы хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг суа ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууа, ома Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзура.
1-аг къахдзӕф: Библи цы дзуры, уый базон. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут» (Матфейы 28:19, 20). Библийӕ, уӕлдайдӕр та, Чырысти цы амыдта, уымӕй, базондзынӕ, амондджын ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ, уый (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Мах адӕмимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнӕм. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзыстӕм, Библи цы дзуры, уый базонынӕн (Матфейы 10:7, 8; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).
2-аг къахдзӕф: цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архай. Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдон хъуамӕ, «цы [сын] бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕной» (Матфейы 28:20). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дӕ нысан ӕрмӕст ног цыдӕртӕ базонын хъуамӕ ма уа, фӕлӕ дӕ цард ӕмӕ дӕ зондахаст фӕивын дӕр (Хъуыддӕгтӕ 10:42; Ефесӕгтӕм 4:22–29; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Йӕ цард Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ аразын чи райдайы, уыдоны стӕй бафӕнды йӕ фӕдыл цӕуын ӕмӕ сӕ цард Йегъовӕ Хуыцауӕн снывонд кӕнын (Матфейы 16:24).
3-аг къахдзӕф: донаргъуыд райс (Матфейы 28:19). Библийы донаргъуыд барст цӕуы, адӕймаджы куыд баныгӕнынц, уыимӕ. (Абар Ромӕгтӕм 6:2–4.) Уый уымӕ амоны, ӕмӕ адӕймаг йӕ раздӕры цард ныууадзы ӕмӕ ног цард кӕнын райдайы. Уӕдӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд афтӕмӕй иннӕтӕн равдисдзынӕ, Чырысти цы къахдзӕфты кой кодта, уыдонӕй фыццаг дыууӕ кӕй сарӕзтай ӕмӕ ныр Хуыцауӕй кӕй курыс, цӕмӕй дын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом уа (Дзуттӕгтӕм 9:14; 1 Петры 3:21).
Мӕ бон куыд у базонын, донаргъуыдмӕ цӕттӕ дӕн ӕви нӕ?
Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацу. Уыдон демӕ аныхас кӕндзысты, цӕмӕй йӕ феной, Библийы цы фыст ис, уый кӕй ӕмбарыс, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайыс ӕмӕ дӕхи фӕндӕй дӕ цард Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтай (Хъуыддӕгтӕ 20:28; 1 Петры 5:1–3).
Ацы къахдзӕфтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕм дӕр хауынц?
О. Мах Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕнӕм, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразӕм» (Ефесӕгтӕм 6:4). Фӕлӕ куы фестырдӕр вӕййынц, уӕд сӕхицӕй кӕнгӕ вӕййы, Хуыцауӕн лӕггад кӕндзысты ӕви нӕ. Хъуамӕ сӕхӕдӕг Библи ахуыр кӕной, цы базонынц, уый сӕ зӕрдӕмӕ исой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайой. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн сӕ бон донаргъуыд райсын (Ромӕгтӕм 12:2). Динимӕ баст хъуыддӕгты алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ рахӕсса уынаффӕ (Ромӕгтӕм 14:12; Галатӕгтӕм 6:5).