Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ!

«Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм уе ’ппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды раз ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ, уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон ӕмӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныфсӕй куыд фидар стут, уый» (1 Фес. 1:2, 3). Ацы ныхӕстӕй хорз зыны, цы зӕрдӕ уӕм дарӕм, уый! Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм сымах тыххӕй дӕр ӕмӕ, цы куыст кӕнут, уый тыххӕй дӕр.

Фарон Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй архайдтат. Федтам уын, «уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ» ӕмӕ уӕ «уӕ уарзондзинад... кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон». Бирӕтӕ уӕ фадӕттӕ агуырдтой, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнын райдыдтаиккат. Чидӕртӕ уӕ ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм, чидӕртӕ та – суанг ӕндӕр бӕстӕтӕм дӕр. Иннӕтӕ та лӕггад кӕнын райдыдтой, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Бирӕтӕ 2014 азы Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг, районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы бӕрӕг кодта, уыцы мӕй кӕнӕ та августы зиуы рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кодтой. Кӕд иууылдӕр иухуызон уавӕрты не стут, уӕддӕр ӕй уынӕм, Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй кӕй лӕггад кӕнут, ӕмӕ уый тыххӕй стут раппӕлинаг (Кол. 3:23, 24). «Уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы», ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ стӕм тынг бузныг!

«Уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбоны» фӕрцы ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, Йегъовӕйӕн кӕм кувӕм, бирӕ ахӕм агъуыстытӕ арӕзт ӕрцыд, ӕмӕ уын уый тыххӕй дӕр тынг аргъ кӕнӕм. Ахӕм агъуыстытӕ тынг хъӕуынц, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр (Ис. 60:22). Ахъуыды-ма кӕнӕм, фарон хъусынгӕнджыты нымӕц уыд 8 201 545, Библи та алы мӕй дӕр рӕстӕмбис нымадӕй ахуыр кодтам 9 499 933 адӕймагимӕ. Уымӕ гӕсгӕ филиалтӕй бирӕтӕ хъӕуы фестырдӕр кӕнын кӕнӕ сӕ реконструкци скӕнын. Стӕй ма хъӕуы ноджы фылдӕр Паддзахады залтӕ саразын. Уымӕй уӕлдай ма бирӕ бӕстӕты хъӕуы тӕлмацгӕнджыты офистӕ саразын, цӕмӕй тӕлмацгӕнджытӕ цӕрой ӕмӕ кусой, сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕм дзурынц, уым.

Уӕдӕ хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Мӕ бон цӕмӕй у уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын?» Чи зоны нӕ кӕмӕндӕрты йӕ бон у арӕзтадон куыстыты архайын. Ӕмӕ кӕд ахӕм куыстытӕ кӕнын алчи нӕ зоны, уӕддӕр нӕ алкӕмӕн дӕр фадат ис, цӕмӕй уыцы хъуыддагӕн, хуыздӕрӕй йӕм цы ис, уый дӕтта (Ӕмб. 3:9, 10). Израилӕгтӕ цатыр куы арӕзтой, уӕд сӕм цы уыд, уый афтӕ зӕрдиагӕй лӕвӕрдтой, ӕмӕ ма сын зӕгъын дӕр бахъуыд, цӕмӕй мысайнаг мауал хастаиккой (Рац. 36:5–7). Дзырд дӕр ыл нӕй, ахӕм цӕвиттонтӕ нын нӕ зӕрдӕ кӕй бацагайынц ӕмӕ мах дӕр кӕй бафӕнды хорз хъуыддӕгтӕ аразын. «Уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон» ацы хъуыддагӕй дӕр у бӕрӕг, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм!

Не ’фсымӕртӕ фыдӕвзарӕнты фидар кӕй фӕлӕууынц, уый нын уӕлдай стыр циндзинад хӕссы. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Хуссар Корейы чи цӕры, уыцы ӕфсымӕртыл. 1950 азӕй фӕстӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕрты, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кӕнынц, ӕмӕ дзы кӕмӕн цас раттынц, кӕмӕн – цас. Кӕд бирӕ азты дӕргъы не ’фсымӕртӕ ахӕм ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ никуы сивтой. Ӕмӕ нын уый нӕ уырнындзинад тынг фидар кӕны!

Эритрейы не ’фсымӕртӕй ӕртӕйӕ ахӕстоны бадынц 20 азӕй фылдӕр. Чи та къаддӕр рӕстӕг бады, ӕмӕ дзы ис нӕ хотӕй дӕр чидӕртӕ сӕ сывӕллӕттимӕ. Нӕ организаци тынг архайы, цӕмӕй сӕ ссӕрибар кӕной, фӕлӕ дзы нырма ницы уайы. Ӕмӕ кӕд хабар афтӕ у, уӕддӕр не ’фсымӕртӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты нӕ хизынц. Уыцы фыдӕвзарӕнты Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынц. Ӕмӕ Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты кой дӕр скӕнӕм (Ром. 1:8, 9).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕ фылдӕр сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны нӕ бадынц. Фӕлӕ уӕ уӕддӕр бирӕтӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц: чи уӕззау низӕй рынчын у, кӕуыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, кӕмӕн йе ’нӕуырнӕг бинонтӕ йӕ ныхмӕ цӕуынц, чи та тох кӕны, ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг кӕй зоны, ахӕм зындзинӕдтимӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнут (Иак. 1:12). Ӕмӕ уый тыххӕй раппӕлинаг куыннӕ стут! Афтӕ фидар кӕй стут, уый тыххӕй дӕр Йегъовӕйӕ стӕм бузныг.

Уӕдӕ, уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй уӕ уӕ уарзондзинад кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбоны тыххӕй ӕмӕ, цы фидардзинад равдисут, уый тыххӕй «арфӕ кӕнӕм Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ» (Пс. 106:1). Мах уӕ алкӕй дӕр бирӕ уарзӕм. Йегъовӕмӕ сымах тыххӕй фӕкувӕм, цӕмӕй уын хъарутӕ дӕтта, ӕххуыс уын кӕна ӕмӕ уын арфӕ кӕна, ӕмӕ йын уӕ бон уа ӕнустӕм лӕггад кӕнын.

Уе ’фсымӕртӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет