Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы бӕстӕйы куыд фӕзындысты

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы бӕстӕйы куыд фӕзындысты

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы бӕстӕйы куыд фӕзындысты

1945 азы 1 апрелы, хуыцаубоны, Галаады скъола каст чи фӕци, иу ахӕм бинонтӕ, Леннарт ӕмӕ Вирджини Джонсон, ӕрцыдысты Доминиканы Республикӕйы сӕйраг горӕт Сьюдад-Трухильомӕ (ныр хуыйны Санто-Доминго). Леннарт ӕмӕ Вирджини уыдысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй уыцы бӕстӕмӕ чи ’рцыд, уыдонӕй фыццӕгтӕ. Доминиканы Республикӕйы уый размӕ уыди бирӕ мидхӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ, ӕмӕ сӕ ахӕм зын уавӕрты хъуыди хъусын кӕнын *. 1946 азы «Ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд: «Ай ӕцӕгдӕр у ӕнӕвнӕлд территори, ӕмӕ Галаады скъола каст чи фӕци, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ каст бирӕ куыст». Ахъуыды-ма кӕнӕм: миссионертӕн дзы нӕдӕр зонгӕтӕ уыди, нӕдӕр сын хӕдзар уыди, нӕдӕр сынтӕджытӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ, ӕмӕ испайнаг ӕвзаг дӕр хорз нӕ зыдтой. Стӕй уыцы бӕстӕйы нӕ уыд филиал, Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕ. Цымӕ ахӕм уавӕрты куыд хъуамӕ хъусын кодтаиккой?

Леннарт радзырдта: «Мах ацыдыстӕм уазӕгдзӕрӕнмӕ, „Викторийӕ“, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы ӕрцардыстӕм. Цӕрӕнбынатӕн ӕмӕ хӕринагӕн бон фыстам фондз доллӕры. Раст уыцы бон фӕссихор фыццаг адӕймагимӕ райдыдтам Библи ахуыр кӕнын. Хабар уыд афтӕ. Бруклины дыууӕ доминикайнаг сылгоймагимӕ Библи ахуыр кодтам, ӕмӕ нын уыдон сӕ хӕстӕджыты ӕмӕ сӕ зонгӕты нӕмттӕ ныффыстой. Сӕ иу уыд нӕлгоймаг, йӕ мыггаг, Грин, зӕгъгӕ. Куы йӕм бацыдыстӕм, уӕд ма фембӕлдыстӕм йӕ сыхаг Мозес Ралинзыл. Сӕ нӕмттӕ ӕмӕ нӕм сӕ адристӕ кӕцӕй сты, уый куы базыдтой, уӕд хорз хабармӕ зӕрдиагӕй байхъуыстой ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы сты. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Мозес сси бынӕттон цӕрджытӕй фыццаг хъусынгӕнӕг».

1945 азы июны райдианы ма ноджыдӕр ӕрцыд цыппар миссионеры, ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ апарахат кодтой дуне литературӕ ӕмӕ бирӕтимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Уӕдмӕ октябры мӕй дӕр райдыдта, ӕмӕ бамбӕрстой, ӕмбырдтӕ кӕм уадзой, ахӕм бынат сӕ кӕй хъӕуы ссарын. Гъемӕ, миссионертӕ кӕм цардысты, уыцы хӕдзары хӕрӕндонӕй ӕмӕ залӕй Паддзахады зал сарӕзтой. Ӕмӕ уырдӕм ӕмбырдтӕм цыди 40 адӕймаджы.

Рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ фыццаг чи айста, уыдонӕй иу уыд Пабло Брузауд, иууылдӕр ӕй хуыдтой Пале. Сантьягойӕ Сьюдад-Трухильомӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ цы автобустӕ цыд, уыдоны маршруты хицау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу Сьюдад-Трухильойы арӕх уыди. Иу бон дзы Пале дыууӕ миссионер-хоимӕ аныхас кодта, ӕмӕ йын уыдон радтой чиныг «Рӕстдзинад уӕ ссӕрибар кӕндзӕн». Палеимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ йӕм алы бон дӕр цыдысты. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы миссионертимӕ иумӕ райдыдта хорз хабар хъусын кӕнын, ӕмӕ-иу сын арӕх баххуыс кодта, цӕмӕй-иу сӕ аластаиккой, кӕдӕм-иу сӕ хъуыд, уырдӕм. Цасдӕры фӕстӕ Пале базонгӕ Леннарт Джонсонимӕ, ӕмӕ иумӕ Сьюдад-Трухильойӕ Сантьягомӕ ацыдысты. Уырдыгӕй та ацыдысты, былгӕрон чи ис, уыцы горӕт Пуэрто-Платӕмӕ, ӕмӕ сӕ бахъуыд хӕхты сӕрты дӕр хизын. Уым бабӕрӕг кодтой иу къорд. Уыцы адӕмы фылдӕр базонын фӕндыд, ӕмӕ Бруклинмӕ (Нью-Йорк) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ ныффыстой.

Ӕфсымӕртӕ Норр ӕмӕ Френц ӕрцыдысты

1946 азы мартъийы Доминиканы Республикӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕй ӕрцыдысты ӕфсымӕртӕ Нейтан Норр ӕмӕ Фредерик Френц. Фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдон се ’рцыдмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕмӕ ӕфсымӕр Норры раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕфсымӕртӕй уӕлдай ӕрбацыд 75 адӕймаджы. Цалынмӕ Норр Доминиканы Республикӕйы уыди, уӕдмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кодта, цӕмӕй дзы филиал фӕзындаид.

Ӕфсымӕртӕ Норр ӕмӕ Френц, фыццаг чи ӕрцыд арӕзт, уыцы Паддзахады залы раз, Сьюдад-Трухильо

Фӕстӕдӕр ма уыцы бӕстӕмӕ ӕрцыд ӕндӕр миссионертӕ дӕр, ӕмӕ дзы 1946 лӕггады азы кӕронмӕ уыди 28 хъусынгӕнӕджы. Хорз хабар хъусын кӕнын нырма ӕрӕджы райдыдтой, ӕмӕ цӕмӕй миссионертӕн сӕ бон бӕстон хъусын кӕнын уыдаид, уый тыххӕй-иу изӕрыгӕтты фембӕлдысты ӕмӕ-иу территорийы картӕ арӕзтой.

Куыст фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны

1947 азы Доминиканы Республикӕйы уыди 59 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Уыцы аз уырдӕм снысан кодтой, Кубӕйы чи лӕггад кодта, уыцы миссионертӕй цалдӕры. Сӕ иутӕ уыдысты Рой ӕмӕ Хуанитӕ Брандт. Ӕфсымӕр Брандты снысан кодтой филиалы цӕстдарӕгӕй, ӕмӕ уыцы хӕстӕ ӕххӕст кодта дӕс азы дӕргъы.

1948 лӕггады азы кӕрон ӕнӕхъӕн бӕстӕйы уыди 110 хъусынгӕнӕджы бӕрц, ӕмӕ иннӕ миссионертимӕ хорз хабар хъусын кодтой. Фӕлӕ уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ зонгӕ дӕр нӕ кодтой, разӕй сӕм цы зын рӕстӕджытӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уый.

^ 1 абз. Доминиканы Республикӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ литературӕ парахат кӕнын райдыдтой 1932 азы райдианы. Фӕлӕ фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕрмӕстдӕр 1945 азы, Джонсонтӕ уырдӕм куы ’рцыдысты, уӕд.