6 УРОК
Бамбарын кӕн, стих цӕмӕн кӕсыс
Иоанны 10:33–36
НЫСАН: Стих ӕнӕуи ма бакӕс ӕмӕ дарддӕр ӕндӕр хъуыдыйыл дзурын ма райдай. Бацархай, цӕмӕй хъусджытӕ хорз бамбарой, цы стих бакастӕ ӕмӕ цы дзурыс, уыдон куыд баст сты.
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН
-
Сӕйраг дзырдтӕ рахицӕн кӕн. Стих куы бакӕсай, уӕд-иу дӕ темӕимӕ баст сӕйраг дзырдтӕ рахицӕн кӕн. Уый тыххӕй-иу уыцы дзырдтӕ ногӕй зӕгъ кӕнӕ-иу хъусджытӕм фарста ратт, цӕмӕй-иу сӕйраг дзырдтӕ сбӕрӕг кӕной.
-
Хъусджытӕ кӕй хъуамӕ бахъуыды кӕной, уыцы хъуыды-иу рахицӕн кӕн. Кӕд стих бакӕсыны размӕ загътай, цӕмӕн дӕ фӕнды уыцы стих бакӕсын, уӕд-иу бамбарын кӕн, стихы сӕйраг ныхӕстӕ куыд баст сты, цы зӕгъын дӕ фӕнды, уыимӕ.
-
Хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кӕн. Сӕйраг хъуыдымӕ чи нӕ хауы, ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ-иу ма дзур. Ахъуыды кӕн, хъусджытӕ темӕйы тыххӕй цы зонынц, ууыл. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, цы ма сын хъӕуы радзурын, цӕмӕй сӕйраг хъуыды хуыздӕр бамбарой.