88 СӔР
Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры уавӕр фӕивта
-
ФӔСНОМЫГ НЫХАС ХЪӔЗДЫГ ЛӔГ ӔМӔ ЛАЗӔРЫ ТЫХХӔЙ
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хъӕздыгдзинады тыххӕй диссаджы уынаффӕ радта. Фӕлӕ уыцы уынаффӕ ӕрмӕст йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ фехъуыстой. Уым уыди фарисейтӕ дӕр, ӕмӕ уыдон Йесойы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг айстаиккой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «ӕхцауарзаг» уыдысты. Фӕлӕ уыдон, Йесо цы загъта, уый куы фехъуыстой, уӕд ыл «худын байдыдтой» (Лукайы 15:2; 16:13, 14).
Йесо уымӕй нӕ фӕтарст. Загъта сын: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уыны, уӕ зӕрдӕты цы ис, уый. Адӕмы цӕсты кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты у ӕлгъаг» (Лукайы 16:15).
Фарисейтӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр «адӕмы цӕсты кадджын» уыдысты, фӕлӕ уыцы рӕстӕг аивгъуыдта – тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм фӕкъул. Дунейы хъӕздыгдзинӕдтӕй ӕфсӕст чи уыд, бартӕ кӕй къухы уыдысты, дины хъуыддӕгтыл кӕй бар цыди ӕмӕ стыр кад кӕмӕн кодтой, уыдон хъуамӕ ӕгады уавӕрмӕ ӕрхаудтаиккой. Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбӕрста, уыцы хуымӕтӕг адӕм та хъуамӕ сбӕрзонд уыдаиккой. Сӕ уавӕр куыд тынг фӕивта, уый Йесо бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй:
«Закъон ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕ амыдтой Иоанны заманы онг. Уӕдӕй фӕстӕмӕ та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ йӕм алыхуызон адӕм тырнынц сӕ тых, сӕ бонӕй. О, арв ӕмӕ зӕхх куы нал уой, уӕддӕр Закъоны дамгъӕтӕй иуӕн дӕр йӕ иу хахх дӕр ӕнӕ сӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн» (Лукайы 3:18; 16:16, 17). Куыд ӕвдисынц ацы ныхӕстӕ, уавӕр кӕй фӕивта, уый?
Дзуттаг дины разамонджытӕ сӕхицӕй буц уыдысты, мах, дам, Моисейы закъоныл фидар хӕцӕм. Уымӕй размӕ Йесо Иерусалимы куырм адӕймаджы цӕстӕй куы ракӕсын кодта, уӕд фарисейтӕ сӕрыстырӕй дзырдтой: «Мах... Моисейы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм. Мах ӕй зонӕм, Моисеимӕ Хуыцау кӕй ныхас кодта» (Иоанны 9:13, 28, 29). Хуыцау Моисейы уылты цы Закъон радта, уымӕн йӕ иу нысан уый уыди, ӕмӕ хъуамӕ сӕрныллӕг адӕмы Мессийӕмӕ, ома Йесомӕ, ӕркодтаид. Аргъауӕг Иоанн адӕмӕн Йесойы бацамыдта, ай у Хуыцауы Уӕрыкк, зӕгъгӕ (Иоанны 1:29–34). Иоанн лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕрныллӕг дзуттӕгтӕ, уӕлдайдӕр та, се ’хсӕн мӕгуыр чи уыд, уыдон, хъуыстой «Хуыцауы паддзахады» тыххӕй. Ӕмӕ, йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакӕнын ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕ йӕхиуыл бавзарын кӕй фӕндыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уый ӕцӕгдӕр уыди «хорз хабар».
Моисейы закъон йӕ хӕс сӕххӕст кодта – адӕмы Мессийӕмӕ ӕркодта. Стӕй уыцы Закъон ӕххӕст кӕнын дӕр нал хъуыд. Зӕгъӕм, Закъон лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй лӕвӕрдта. Фӕлӕ ныр Йесо бамбарын кодта, зӕгъгӕ, «йӕ усӕй чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны, ӕмӕ, йӕ лӕг кӕмӕй ахицӕн, ахӕм усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны» (Лукайы 16:18). Фарисейтӕн алцӕй фӕдыл дӕр сӕхи уагӕвӕрдтӕ уыд, ӕмӕ ныр уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ мӕстӕй куыннӕ рафыхтаиккой.
Сӕ уавӕр куыд тынг фӕивта, уый равдисыны тыххӕй Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас. Йӕ архайджытӕ сты дыууӕ адӕймаджы ӕмӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ уавӕр цӕхгӕр фӕивта. Ацы фӕсномыг ныхасыл хъуыды кӕнгӕйӕ-иу дӕ зӕрдыл дар, Йесойы ныхасмӕхъусджыты ’хсӕн кӕй уыди, адӕмы цӕсты кадджын чи уыд, уыцы ӕхцауарзаг фарисейтӕй дӕр чидӕртӕ.
Йесо радзырдта: «Цардис иу хъӕздыг лӕг, дардта зынаргъ дарӕс – тарсырх хъуымацӕй ӕмӕ кӕттагӕй, ӕмӕ йӕ бонтӕ цӕл-минас кӕнгӕйӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвыста. Йӕ кулдуары размӕ та-иу ын ӕрбахастой, йӕ буар хъӕдгӕмттӕй кӕмӕн нӕ зынд, иу ахӕм мӕгуыргуры, Лазӕр, зӕгъгӕ. Уый бӕллыд, уыцы хъӕздыг лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауд, уыдонӕй йӕ гуыбын бафсадынмӕ. Ӕмӕ-иу ӕрбацыдысты куыйтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ хъӕдгӕмттӕ стӕрдтой» (Лукайы 16:19–21).
Фарисейтӕ ӕхцауарзаг кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ зын бамбарӕн нӕу, фӕсномыг ныхасы «хъӕздыг лӕг» кӕй ӕвдисы, уый. Уыцы дины разамонджытӕ дӕр уарзтой зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕсы цӕуын. Стӕй хъӕздыг ӕрмӕст мулк ӕмӕ ӕхцайӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ сын алыхуызон бартӕ ӕмӕ фадӕттӕ кӕй уыди, уымӕй дӕр. Фӕсномыг ныхасы хъӕздыг лӕг, паддзӕхтӕ кӕй дардтой, ахӕм тарсырх дарӕсы кӕй уыд, уый ӕвдисы, дины разамонджытӕ бӕрзонд ӕмӕ кадджын бынат кӕй ахстой. Йӕ урс кӕттаг уӕлӕдарӕс та ӕвдисы, сӕхи рӕстгӕнджытӕ кӕй хуыдтой, уый (Данел 5:7).
Уыцы хъӕздыг ӕмӕ сӕрбӕрзонд дины разамонджытӕ хуымӕтӕг мӕгуыр адӕммӕ цы цӕстӕй кастысты? Ӕнӕрвӕссонӕй сӕ хуыдтой ам-хаа́ретс, ома ӕнӕфенд сау адӕм. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон Закъон нӕ зыдтой ӕмӕ Иоанны 7:49). Уый хорз ӕвдисы, Йесо кӕй кой ракодта, уыцы «мӕгуыргур, Лазӕр», цы уавӕры уыд, уый. Лазӕр афтӕ ӕххормаг уыди, ӕмӕ, «хъӕздыг лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауд, уыдонӕй йӕ гуыбын бафсадынмӕ» бӕллыд. Лазӕрыл, йӕ буар хъӕдгӕмттӕй кӕй нал зынд, уый тыххӕй куыд ӕлгъ кодтой, афтӕ ӕлгъ кодтой хуымӕтӕг адӕмыл дӕр, раст цыма Хуыцауы цӕсты рынчын уыдысты, уыйау.
уый аккаг дӕр нӕ уыдысты, цӕмӕй сын ӕй амыдтаиккой (Хуымӕтӕг адӕм ахӕм кӕуинаг уавӕры уыдысты цасдӕр рӕстӕг. Фӕлӕ Йесо зыдта, уыцы рӕстӕг кӕй ӕрцыд, цӕмӕй, уыцы хъӕздыг лӕджы хуызӕн чи уыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, Лазӕры хуызӕн чи уыд, уыдонӕн дӕр сӕ уавӕр фӕивтаид.
СӔ УАВӔР ФӔИВТА
Дарддӕр Йесо радзырдта, сӕ дыууӕйы уавӕр дӕр цӕхгӕр куыд фӕивта, уый тыххӕй: «Цасдӕры фӕстӕ мӕгуыргур амард, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы цурмӕ ахастой. Амард хъӕздыг лӕг дӕр ӕмӕ йӕ баныгӕдтой. Дӕлдзӕхы хъизӕмар кӕнгӕйӕ уый хӕрдмӕ скаст, ӕмӕ дардмӕ ауыдта Авраамы, йӕ цуры та – Лазӕры» (Лукайы 16:22, 23).
Йесомӕ чи хъуыста, уыдон ӕй зыдтой, Авраам раджы кӕй амард ӕмӕ ингӕны кӕй уыди. Ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы куыд фыст ис, афтӕмӕй та ингӕны, кӕнӕ шеолы, йӕ бон никӕмӕн у цӕстӕй уынын дӕр ӕмӕ дзурын дӕр (Екклесиаст 9:5, 10). Уӕдӕ цымӕ уӕд уыцы дины разамонджытӕ Йесойы ныхӕстӕ куыд бамбӕрстой? Цымӕ йӕ цы зӕгъын фӕндыд хуымӕтӕг адӕмы тыххӕй ӕмӕ уыцы ӕхцауарзаг дины разамонджыты тыххӕй?
Сӕ уавӕр кӕй фӕивта, уый Йесо гыццыл раздӕр бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, «Закъон ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕ амыдтой Иоанны заманы онг. Уӕдӕй фӕстӕмӕ та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар». Уӕдӕ Иоанн ӕмӕ Йесо Чырысти хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд Лазӕр дӕр ӕмӕ хъӕздыг лӕг дӕр уыцы хуызы амардысты, ӕмӕ сӕ раздӕры уавӕры нал уыдысты. Цымӕ сӕ ныр Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр чи уыд?
Ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цух уыдысты, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы баввахс уыдаиккой, уыцы зонындзинӕдтӕй. Фӕлӕ Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ фӕстӕдӕр та Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд хорз хабар фехъуыстой ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Раздӕр-иу, дины разамонджыты «фынгӕй цы муртӕ хауд, уыдонӕй» кӕд ахордтой, уӕд хорз. Ныр та сӕхи «ӕфсӕстой» Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинадӕй, уӕлдайдӕр та – Йесо цы диссаджы хабӕрттӕ ӕмбарын кодта, уыдонӕй. Кӕдӕй-уӕдӕй Йегъовӕ Хуыцаумӕ баввахс сты!
Фӕлӕ уыцы хъӕздыг ӕмӕ дзырддзӕугӕ дины разамонджытӕн та сӕ хабар ӕндӕрхуызон рауад. Уыдон сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айстой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Иоанн цы дзырдта ӕмӕ, Йесо ӕнӕхъӕн бӕстӕйы цы хабар хъусын кодта, уый (Матфейы 3:1, 2; 4:17). Уыцы хабар цал хатты хъуыстой, уал хатты сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, тагъд сӕ Хуыцауы судзгӕ фыдӕх кӕй баййафдзӕн, ӕмӕ хъизӕмарӕй мардысты (Матфейы 3:7–12). Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы нал хъусын кодтаиккой, уӕд уыцы ӕхцауарзаг дины разамонджытӕ сулӕфыдаиккой. Уыдон уыдысты, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы хъӕздыг лӕджы кой кодта, уый хуызӕн. Уыцы лӕг дзырдта: «Авраам, мӕ фыд! Фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мӕм Лазӕры рарвит, цӕмӕй йе ’нгуылдз доны атула ӕмӕ мын дзы ме ’взаг ахуылыдз кӕна, уымӕн ӕмӕ ацы пиллон арты хъизӕмарӕй мӕлын» (Лукайы 16:24).
Фӕлӕ дины разамонджытӕ сӕ хъизӕмарӕй нӕ фервӕзтысты. Сӕ фылдӕр уӕддӕр нӕ аивтой. «Моисейы чингуытӕ ӕмӕ [сын] Пехуымпарты чингуытӕ» хъуамӕ баххуыс кодтаиккой, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст Мессийӕ ӕмӕ Паддзах кӕй у, ууыл баууӕндынӕн. Фӕлӕ уыдон, уыцы чингуыты цы фыст ис, уымӕ «нӕ хъуыстой» (Лукайы 16:29, 31; Галатӕгтӕм 3:24). Стӕй сӕхи не ’рныллӕг кодтой, цӕмӕй, Йесойыл чи баууӕндыд ӕмӕ ныр Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын чи уыд, уыцы мӕгуыртӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ йыл баууӕндыдаиккой. Ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн та, дины разамонджыты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй кӕнӕ сын сӕ уавӕр фенцондӕр кӕныны тыххӕй, сӕ бон нӕ уыд, цӕуыл ӕууӕндыдысты, уый сӕрты ахизын ӕмӕ рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕнын. Уый Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы равдыста, «фыд» Авраам хъӕздыг лӕгӕн цы загъта, уымӕй:
«Хъӕбул, ӕрхъуыды-ма кӕн: ды дӕ удӕгасӕй дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн цардтӕ, Лазӕр та тухӕн кодта. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та хъизӕмар кӕныс. Уымӕй уӕлдай ма не ’хсӕн лӕууы стыр сӕрсӕфӕн, ӕмӕ ардыгӕй уырдӕм ацӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн уый сӕ бон нӕу, афтӕ уырдыгӕй дӕр ардӕм ӕрбацӕуӕн нӕй» (Лукайы 16:25, 26).
Уӕдӕ сӕ уавӕр афтӕ цӕхгӕр кӕй фӕивта, уым диссагӕй ницы ис – афтӕ домдта рӕстдзинад. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕрбӕрзонд дины разамонджытӕ ӕмӕ Йесойы сӕрныллӕг фӕдылдзӕуджытӕ сӕ бынӕттӕ фӕивтой. Уыдон Йесойы ӕфсондз сӕхиуыл сӕвӕрдтой ӕмӕ удӕнцой ссардтой ӕмӕ ныр Хуыцауы Ныхасӕй ӕфсӕст уыдысты (Матфейы 11:28–30). Сӕ уавӕр куыд тынг фӕивта, уый ноджы тынгдӕр рабӕрӕг цалдӕр мӕйы фӕстӕ, Моисейы закъонимӕ баст бадзырд ног бадзырдӕй ивд куы ’рцыд, уӕд (Йереми 31:31–33; Колоссӕгтӕм 2:14; Дзуттӕгтӕм 8:7–13). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцау Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл йӕ сыгъдӕг тых куы ’руагъта, уӕд дызӕрдыггаг никӕмӕнуал уыд, Хуыцауы хорзӕхӕй уыдон кӕй сты хайджын – фарисейтӕ ӕмӕ иннӕ дины разамонджытӕ нӕ, фӕлӕ.