97 СӔР
Фӕсномыг ныхас сӕнӕфсирдоны кусджыты тыххӕй
-
СӔНӔФСИРДОНЫ КУСДЖЫТӔЙ «ФӔСТӔГТӔ» СИСТЫ «ФЫЦЦӔГТӔ»
Гыццыл раздӕр Йесо Перейы йӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта, зӕгъгӕ, «фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ» (Матфейы 19:30). Ӕмӕ ныр уыцы хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн радзырдта фӕсномыг ныхас сӕнӕфсирдоны кусджыты тыххӕй:
«Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕнӕфсирдонмӕ кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыд, ахӕм адӕймагимӕ. Кусджытимӕ бон фӕйнӕ динарыл баныхас кодта, ӕмӕ сӕ стӕй йӕ сӕнӕфсирдонмӕ арвыста. Ӕртыккаг сахатмӕ ’ввахс дӕр та рацыд ӕмӕ ма базары фӕзы федта ноджы кӕйдӕрты ӕгуыстӕй лӕугӕ ӕмӕ сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ, ӕмӕ уын цы ’мбӕла, уый уын ратдзынӕн“. Ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты. Уый фӕстӕ та рацыди ӕхсӕзӕм сахатмӕ ’ввахс, стӕй та фарӕстӕм сахатмӕ ’ввахс дӕр ӕмӕ та афтӕ бакодта. Фӕстаг хатт ма рацыд иуӕндӕсӕм сахатмӕ ’ввахс ӕмӕ уым лӕугӕ баййӕфта ноджыдӕр кӕйдӕрты, ӕмӕ сӕ бафарста: „Ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цӕмӕн лӕуут?“ Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр загъта: „Сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ ацӕут“» (Матфейы 20:1–7).
Йесо уӕларвон Паддзахады кой ӕмӕ, сӕнӕфсирдон кӕмӕн уыд, уыцы адӕймаджы кой куы ракодта, уӕд йӕ ныхасмӕхъусджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ Хуыцауыл ахъуыды кодтой. Фыстады Йегъовӕ афтӕ ӕвдыст цӕуы, цыма йын сӕнӕфсирдон ис. Сӕнӕфсирдон ӕвдыста Израилы адӕмы (Псалом 80:8, 9; Исай 5:3, 4). Закъонимӕ баст бадзырд арӕзт кӕимӕ уыд, уыдоны Фыстад абарста сӕнӕфсирдоны кусджытимӕ. Фӕлӕ Йесо кӕддӕры хабӕртты кой нӕ кодта. Уый фӕндыд равдисын, уавӕр йӕ рӕстӕджы куыд уыд, уый.
Адӕммӕ афтӕ каст, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы дины разамонджытӕ фыдӕбон кӕнынц ӕнӕрынцойӕ, зӕгъӕм, ӕрӕджы Йесойы хицӕн кӕныны тыххӕй чи фарста ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ракъахынмӕ чи хъавыд, уыцы фарисейтӕ. Уыдон уыдысты, сӕнӕфсирдоны ӕнӕхъӕн бон чи куыста ӕмӕ афтӕ чи ӕнхъӕлдта, ӕмӕ мызд дӕр ӕнӕхъӕн бонӕн, ома иу динар, райсдзысты, уыцы кусджыты хуызӕн.
Сауджынты ӕмӕ иннӕ дины разамонджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хуымӕтӕг адӕм Хуыцауӕн уыдонӕй къаддӕр лӕггад кодтой, Хуыцауы сӕнӕфсирдоны ӕнӕхъӕн бон чи нӕ куыста, уыцы кусджытау. Йесойы фӕсномыг ныхасы уыдон уыдысты, «ӕртыккаг сахатмӕ ’ввахс» (райсомы 9 сахатыл), йе та фӕстӕдӕр – ӕхсӕзӕм, фарӕстӕм кӕнӕ ма суанг иуӕндӕсӕм сахатыл дӕр (изӕры 5 сахатыл), чи ӕрбацыд, уыцы кусджытӕ.
Йесойы фӕдыл чи цыди, уыцы нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты нымадтой «ӕлгъыст адӕмыл» (Иоанны 7:49). Сӕ царды фылдӕр ӕмбис уыдон кодтой кӕсаг ахсыны куыст кӕнӕ ӕндӕр сау куыстытӕ. Фӕлӕ н. э. 29 азы кӕрон «сӕнӕфсирдоны хицау» Йесо Чырыстийы рарвыста уыцы ӕфхӕрд адӕмы ӕрхонынмӕ, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы фыдӕбон кодтаиккой. Уыдон уыдысты «фӕстӕгтӕ» – сӕнӕфсирдоны кусынмӕ 11-ӕм сахатыл чи рацыд, уыцы кусджытӕ.
Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕрон радзырдта, изӕрӕй цы ’рцыд, уый: «Куы баизӕр, уӕд сӕнӕфсирдоны хицау, йӕ исбон кӕй бар уыди, уымӕн загъта, зӕгъгӕ, кусджытӕм фӕдзур ӕмӕ сын сӕ мызд бафид – райдай фӕстӕгтӕй ӕмӕ фӕу фыццӕгтӕй. Кусынмӕ иуӕндӕсӕм сахатыл чи ’рбацыд, уыдонӕй алчидӕр райста фӕйнӕ динары. Уымӕ гӕсгӕ, фыццӕгтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ уыдонӕн фылдӕр бафиддзысты. Фӕлӕ уыдон дӕр райстой фӕйнӕ динары. Ӕмӕ уӕд сӕнӕфсирдоны хицауыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой: „Мӕнӕ фӕстагмӕ кӕй ӕрбакодтай, уыдон дын иу сахат йеддӕмӕ нӕ бакуыстой, ӕмӕ сын махимӕ ӕмхуызон бафыстай, кӕд ӕмӕ мах та уыцы тӕвды ӕнӕхъӕн бон фӕфыдӕбон кодтам“. Фӕлӕ дзы хицау сӕ иуӕн афтӕ зӕгъы: „Мӕ хӕлар, куы ницӕмӕй дӕ фӕсайдтон. Иу динарыл нӕ баныхас кодтам? Цы дӕм ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу. Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ фӕстӕгтӕн дӕр, дӕуӕн цас бафыстон, уыйбӕрц раттон. Ау, цы мӕм ис, уый мӕ бар нӕу? Ӕви сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй дӕн, уый сын дӕ цӕст нӕ уарзы?“ Матфейы 20:8–16).
Афтӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та – фӕстӕгтӕ» (Фӕсномыг ныхасы фӕстаг ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдыты ацыдысты. Дзуттаг дины разамонджытӕ сӕхи «фыццӕгтыл» куы нымайынц, уӕд «фӕстӕгтӕ» куыд суыдзысты? Ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ та куыд суыдзысты «фыццӕгтӕ»?
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ – фарисейтӕ ӕмӕ иннӕтӕ «фӕстӕгтыл» кӕй нымадтой, уыдон – хъуамӕ суыдаиккой «фыццӕгтӕ» ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бонӕн цы мызд ӕмбӕлд, уый райстаиккой. Йесойы мӕлӕты фӕстӕ Хуыцау зӕххон Иерусалимыл хъуамӕ йӕ къух систаид ӕмӕ йӕхицӕн равзӕрстаид ног адӕм, ома «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16; Матфейы 23:38). Уыцы ног адӕмы тыххӕй дзырдта Аргъауӕг Иоанн дӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд дӕттыны кой куы кодта, уӕд. «Фӕстӕгтӕ» хъуамӕ суыдаиккой, сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд чи хъуамӕ райстаид, уыдонӕй фыццӕгтӕ ӕмӕ ахӕм стыр кадӕй схайджын уыдаиккой, цӕмӕй Йесойӕн ӕвдисӕнтӕ уыдаиккой «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:5, 8; Матфейы 3:11). Йесо цы стыр ивындзинады кой кодта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цас хуыздӕр ӕмбӕрстой, уыйас сӕм, ӕвӕццӕгӕн, тынгдӕр хъардта, «фӕстӕгтӕ» чи систы, уыцы дины разамонджытӕ сӕ се сӕфт кӕй уындзысты.