Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 СӔР

Хӕтаг сылгоймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта

Хӕтаг сылгоймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта

ЛУКАЙЫ 7:36–50

  • ТӔРИГЪӔДДЖЫН СЫЛГОЙМАГ ЙЕСОЙЫ КЪӔХТӔ СОЙӔ БАЙСӔРСТА

  • ЙЕСО РАДЗЫРДТА ФӔСНОМЫГ НЫХАС ӔФСТАУДӔТТӔДЖЫ ТЫХХӔЙ

Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уымӕ адӕм алыхуызон цӕстӕй кастысты. Ӕмӕ уый баст уыд, сӕ зӕрдӕ цы уавӕры уыд, ууыл. Афтӕ кӕй уыд, уый рабӕрӕг, Йесо Галилейӕйы куы уыди, уӕд. Уым ӕй сӕхимӕ уазӕгуаты фӕхуыдта иу фарисей, Симон, зӕгъгӕ. Чи зоны йӕ фӕндыд, ахӕм диссӕгтӕ чи арӕзта, уыцы адӕймаджы хуыздӕр базонын. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, уый хорз фадат кӕй уыдзӕн, цӕмӕй хорз хабар фехъусын кӕна Симоны иннӕ уазджытӕн дӕр. Ӕмӕ-иу иннӕ хӕттыты хъалонисджытӕм ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕм уазӕгуаты бацӕуыныл куыд сразы, афтӕ сразы ацы хатт дӕр.

Фӕлӕ Симоны хӕдзары Йесойӕн уазӕджы кад не скодтой. Уыцы тӕвды-иу Палестинӕйы рыг фӕндӕгтыл гом дзабырты цӕугӕйӕ къӕхтӕ сфыхтысты ӕмӕ-иу рыгӕй нал зындысты. Уымӕ гӕсгӕ-иу уазӕгӕн йӕ къӕхтӕ уазал донӕй ныхсадтой. Фӕлӕ Йесойӕн ахӕм лӕггад ничи бакодта. Стӕй-иу хӕдзармӕ уазӕг куы ’рбацыд, уӕд-иу ын фысым апъа кодта. Фӕлӕ Симоны хӕдзары Йесо ахӕмӕй дӕр ницы федта. Уымӕй уӕлдай ма дзы ахӕм ӕгъдау дӕр уыди, ӕмӕ-иу фысымтӕ уазӕджы сӕрыл сой рауагътой ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыстой, йе ’рбацыд сын ӕхсызгон кӕй у. Фӕлӕ Йесойӕн уыцы хорздзинад дӕр ничи сарӕзта. Уӕвгӕ цымӕ уыцы хӕдзары йе ’рбацыд искӕмӕн ӕхсызгон уыди?

Уӕдмӕ уазджытӕ фынджы уӕлхъус сӕхи ӕруагътой ӕмӕ минас кӕнын райдыдтой. Уыцы рӕстӕг уатмӕ аивӕй ӕрбахызт ӕнӕхуынд уазӕг – «горӕты тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой, иу ахӕм сылгоймаг» (Лукайы 7:37). Ӕнӕххӕст адӕмӕй иу дӕр ӕнӕтӕригъӕд нӕу, фӕлӕ ацы сылгоймаг, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕгъдау цард кодта, чи зоны, хӕлд сылгоймаг уыди. Уый, чи зоны, фехъуыста, Йесо адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый тыххӕй, зӕгъӕм, афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн» (Матфейы 11:28, 29). Ӕвӕццӕгӕн ын Йесойы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ йӕ зӕрдӕ бацагайдтой, ӕмӕ уырдӕм йӕ агурӕг ӕрбацыд.

Гъемӕ Йесомӕ фӕстӕты бацыд ӕмӕ йӕ къӕхты раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд. Йӕ цӕссыгтӕ йӕ рустыл згъордтой ӕмӕ Йесойы къӕхтыл калдысты, уый та сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта. Стӕй йын йӕ къӕхтӕн фӕлмӕн пъатӕ фӕкодта ӕмӕ, йемӕ цы хӕрздӕф сой ӕрбахаста, уымӕй сыл ӕркодта. Симонӕн уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ йӕхинымӕр ахъуыды кодта: «Ацы адӕймаг пехуымпар куы уаид, уӕд ын йӕ къӕхтӕм цавӕр сылгоймаг ӕвналы, уый зонид – зонид ӕй, тӕригъӕдджын кӕй у» (Лукайы 7:39).

Йесо ӕмбӕрста, Симон цӕуыл хъуыды кӕны, уый ӕмӕ йын загъта: «Симон, иу цыдӕр дын хъуамӕ зӕгъон». Уый йын загъта: «Хъусын дӕм, Ахуыргӕнӕг!» Ӕмӕ Йесо йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Иу ӕфстаудӕттӕгӕй дыууӕ лӕджы дардтой хӕс: сӕ иу фондзсӕдӕ динары, иннӕ та – фӕндзай. Фӕлӕ йын йӕ хӕс цӕмӕй бафыстаиккой, уый сӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ хӕс ныххатыр кодта. Уыцы дыууӕйӕ йӕ фылдӕр кӕцы уарздзӕн?» Симон ын куыдфӕндыйы дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый» (Лукайы 7:40–43).

Йесо йемӕ сразы. Уый фӕстӕ, сылгоймагмӕ кӕсгӕйӕ, Симонӕн загъта: «Ацы сылгоймаджы уыныс? Ӕз дӕ хӕдзармӕ ’рбацыдтӕн, фӕлӕ мын ды мӕ къӕхтӕ ныхсынӕн дон не ’ркодтай. Уый та мын мӕ къӕхтӕ йӕ цӕссыгтӕй ныхсадта ӕмӕ мын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Ды мӕ размӕ куы рацыдтӕ, уӕд мын нӕ апъа кодтай, уый та мын, куы ’рбацыдтӕн, уӕдӕй нырмӕ мӕ къӕхтӕн пъатӕ кӕны. Ды мын мӕ сӕрыл сой нӕ рауагътай, ацы сылгоймаг та мын мӕ къӕхтӕ хӕрздӕф сойӕ байсӕрста». Йесо уыдта, сылгоймаг йӕ митыл зӕрдӕйӕ кӕй фӕсмон кӕны. Ӕмӕ фӕстагмӕ Симонӕн загъта: «Зӕгъын [дын]: ацы сылгоймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ кӕд бирӕ сты, уӕддӕр ын хатыргонд цӕуынц, уымӕн ӕмӕ стыр уарзтӕй бауарзта. Фӕлӕ гыццыл кӕмӕн ныххатыр кӕнынц, уый уарзгӕ дӕр гыццыл фӕкӕны» (Лукайы 7:44–47).

Йесо ӕнӕгъдаудзинадмӕ ӕмӕ хӕлд митӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст. Фӕлӕ, стыр тӕригъӕдтӕ чи саразы, уыдонӕй бирӕтӕ уый фӕстӕ сӕхи фӕсмонӕй фӕхӕрынц ӕмӕ се ’ргом Чырыстимӕ раздахынц, цӕмӕй удӕнцой ссарой. Ӕмӕ Йесо ахӕм адӕймӕгты ӕмбары ӕмӕ сын тӕригъӕд кӕны. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы сылгоймагӕн Йесойы ныхӕстӕ цас удӕнцой ӕрхастаиккой: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ. [...] Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу» (Лукайы 7:48, 50).