Йесойы фӕзм, ӕмӕ...
У ТӔРИГЪӔДГӔНАГ
Йесо ӕххӕст адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой, уый ахӕм зындзинӕдтӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ бавзӕрста. Фӕлӕ уӕддӕр адӕмы зын йӕ зӕрдӕмӕ арф иста. Йӕ хъарутӕ ӕмӕ сын йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта. Цы хъуыди, уымӕй дӕр-иу сын фылдӕр сарӕзта, уымӕн ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Ахъуыды кӕн, Йесо ацы миниуӕг куыд ӕвдыста, ууыл. Уымӕн цӕвиттонтӕ ис 32, 37, 57, 99 сӕрты.
ИННӔТӔН ДЕМӔ ӔНЦОН УӔД
АЛКӔДДӔР КУВ
Йесо уарзта йӕ Фыдимӕ ныхас кӕнын. Зӕрдӕбынӕй-иу ӕм куывта иунӕгӕй дӕр ӕмӕ-иу иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ куы уыд, уӕд дӕр. Ӕрмӕст хӕрды размӕ-иу нӕ куывта, фӕлӕ алы уавӕрты дӕр. Йӕ Фыдӕн-иу бузныг дзырдта, кадджын-иу ӕй кодта ӕмӕ-иу дзы разамынд куырдта ахсджиаг хъуыддӕгты уынаффӕ рахӕссыны размӕ. Уый тыххӕй дзырд цӕуы 24, 34, 91, 122, 123 сӕрты.
ӔРМӔСТ ДӔХИУЫЛ МА ХЪУЫДЫ КӔН
У ХАТЫРГӔНАГ
ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ ЛӔГГАД КӔН
Хуыцауы Ныхасы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд, дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Мессийӕйыл кӕй нӕ баууӕнддзысты ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕ кӕй амардзысты. Уӕдӕ Йесойӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ уыцы адӕмы тыххӕй йӕхи уӕлдай мацӕмӕй батыхсын кодтаид. Фӕлӕ уый Хуыцауы хъуыддаджы йӕ удӕй арт цагъта. Абон йӕ фӕдылдзӕуджытӕм дӕр бирӕтӕ нӕ фӕхъусынц ӕмӕ ма сӕ ныхмӕ дӕр фӕцӕуынц. Фӕлӕ Йесо куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, уымӕй фӕзминаг у не ’ппӕтӕн дӕр. Кӕс 16, 72, 103 сӕртӕ.
У СӔРНЫЛЛӔГ
У ФӔРАЗОН
Йесойы апостолтӕ дӕр ӕмӕ-иу иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уайтагъд нӕ райдыдтой архайын, уый куыд цард ӕмӕ сын цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ Йесо семӕ алкӕддӕр уыди фӕразон. Ногӕй ӕмӕ та-иу сын ногӕй равдыста ӕмӕ бацамыдта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаиккой. Йесойы фӕразондзинады тыххӕй дзырд цӕуы 74, 98, 118, 135 сӕрты.