Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иннӕты бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын?

Иннӕты бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын?

«ИСТЫ дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу мын зӕгъ». Ахӕм ныхӕстӕ арӕх фӕзӕгъӕм не ’мбалӕн кӕнӕ нӕ хионӕн, исчи йын куы фӕзиан вӕййы, уӕд. Ӕмӕ сӕ зӕгъгӕ дӕр зӕрдиагӕй фӕкӕнӕм. Фӕфӕнды нӕ, нӕ бон цы у, уый саразын, цӕмӕй йын баххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ цымӕ искуы афтӕ уыд, ӕмӕ нӕм ахӕм адӕймаг фӕдзырдта ӕмӕ нын загъта: «Мӕнӕ ахъуыды кодтон, зӕгъын мын кӕд истӕмӕй баххуыс кӕнис»? Афтӕ стӕм хатт вӕййы! Кӕд нӕ зианджынӕн ӕцӕгдӕр фӕнды баххуыс кӕнын ӕмӕ дзы ныфс бауадзын, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы, йӕхӕдӕг нӕм кӕд фӕдзурдзӕн, уымӕ.

Библийы ис ахӕм ӕмбисонд: «Сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыд къусты мидӕг куыд фидауынц, афтӕ фидауы, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас» (Ӕмбисӕндтӕ 15:23; 25:11). Адӕймаджы хъӕуы ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона, дзурын цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы ӕмӕ аразын цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы. Дӕлдӕр ис, йӕ уарзон адӕймаг кӕмӕн фӕзиан, уыдонӕн стыр ӕххуыс чи фӕци, цалдӕр ахӕм хъуыдыйы Фыстадӕй.

Цы ’мбӕлы...

Лӕмбынӕг ӕм байхъус. «Рӕвдз у байхъусынмӕ»,– фыст ис Иаковы 1:19 стихы. Цӕмӕй зианджыны зӕрдӕйы рыст фӕрогдӕр кӕнай, уый тыххӕй йӕм лӕмбынӕг байхъус. Уымӕй хуыздӕр ницы ис. Чи зоны йӕ бафӕнда аныхас кӕнын, чи йын амард, уый тыххӕй, цы бӕллӕхы кӕнӕ цы низы аххосӕй амард, йе та йӕ зӕрдӕйы цытӕ цӕуы, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ис бафӕрсӕн: «Фӕнды дӕ уый тыххӕй аныхас кӕнын?» Ӕмӕ йӕ кӕд фӕнда, уӕд ӕм байхъус. Йӕ фыд кӕмӕн амард, иу ахӕм лӕппу загъта: «Тынг мын-иу фенцон, исчи мӕ-иу куы бафарста, мӕ фыд цӕмӕй амард, ӕмӕ-иу мӕм стӕй лӕмбынӕг куы байхъуыста, уӕд». Адӕймаг демӕ ӕргом куы дзура, уӕд-иу ын йӕ зӕрдӕйы рис дӕ зӕрдӕмӕ айс ӕмӕ хиуылхӕцгӕ у. Стӕй дӕм афтӕ дӕр ма кӕсӕд, ӕмӕ йын хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй исты зӕгъай кӕнӕ йын исты уынаффӕ раттай. Цы дзуринӕгтӕ йын ис, уыдон дын уадз, ӕмӕ радзура.

Ныфс дзы бауадз. Зӕгъ ын, чи амард, уымӕн, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый кӕй сарӕзта (кӕнӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, дӕумӕ гӕсгӕ ма йын ноджыдӕр хорзӕй цы сарӕзта). Зӕгъ ын, кӕй маст кӕны, йӕхи кӕй аххосджын кӕны, кӕй мӕсты кӕны кӕнӕ ма йӕм ӕндӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ кӕй сӕвзӕры, уым диссагӕй кӕй ницы ис. Ахӕм бӕллӕх ма кӕуыл ӕрцыд ӕмӕ йӕ йӕ бон сфӕразын кӕмӕн баци, уыцы адӕмы тыххӕй йын радзур. Ӕмбисӕндты 16:24 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, ахӕм «дзӕбӕх ныхӕстӕ» адӕймагӕн «ӕвдадзы хос» сты (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11, 14).

Йӕ фарсмӕ у. Зианджынӕн фыццаг бонты йӕ алыварс вӕййы бирӕ ӕмбӕлттӕ ӕмӕ хиуӕттӕ, фӕлӕ та стӕй алчидӕр йӕхи царды кой фӕкӕны. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд мӕйтӕ дӕр рацӕуа, уӕддӕр-иу афтӕ ма ахъуыды кӕн, ӕмӕ йӕ ныр нал хъӕуыс. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, «зын сахат» йе ’мбалы фарсмӕ чи балӕууы, ахӕм «ӕцӕг ӕмбал» кӕй дӕ (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). «Иунӕгӕй-иу куы уыдыстӕм, уӕд-иу нӕхи цы фӕкодтаиккам, уый нӕ зыдтам,– дзуры, йӕ сывӕллон аварийы кӕмӕн фӕмард, ахӕм сылгоймаг, Терезӕ.– Уымӕ гӕсгӕ не ’мбӕлттӕ архайдтой, цӕмӕй-иу изӕрыгӕтты хӕдзары бирӕ рӕстӕг иунӕгӕй ма уыдаиккам». Йӕ зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг кӕмӕн амард, уыдон ма бирӕ азты фӕстӕ дӕр кӕцыдӕр бонты тынг фӕмаст кӕнынц, зӕгъӕм, сӕ чындзӕхсӕвы бон кӕнӕ йӕ мӕлӕты бон. Хорз уаид, уыцы бонтӕ дӕ къӕлиндары куы фӕнысан кӕнис ӕмӕ-иу, кӕд хъӕуа, уӕд-иу сӕ фарсмӕ куы балӕууис ӕмӕ-иу сын афтӕмӕй сӕ рис куы фӕрогдӕр кӕнис.

Куы уынай, ӕмӕ цыдӕр саразын хъӕуы, уӕд-иу ӕнхъӕлмӕ ма кӕс – сараз-иу ӕй

Куы хъӕуа, уӕд ын баххуыс кӕн. Цымӕ йын ницӕмӕй хъӕуы баххуыс кӕнын? Мыййаг, сывӕллӕттӕм фӕкӕсын нӕ хъӕуы? Йе ’мбӕлттӕй ӕмӕ йӕ хиуӕттӕй дард рӕттӕй чи ӕрцыд, уыдон кӕм бахсӕвиуат кӕной, уый сын ис? Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы, уӕд фыццаг рӕстӕг йӕхи сӕрӕн дӕр ницы фӕзоны. Ӕмӕ уӕд иннӕтӕн куыд хъуамӕ амона, цы аразын сӕ хъӕуы, уый? Уӕдӕ куы уынай, ӕмӕ цыдӕр саразын хъӕуы, уӕд-иу ӕнхъӕлмӕ ма кӕс – сараз-иу ӕй (1 Коринфӕгтӕм 10:24; абар 1 Иоанны 3:17, 18). Иу сылгоймаг, йӕ сӕрыхицау куы амард, уыцы рӕстӕджы тыххӕй радзырдта: «Бирӕтӕ мын дзырдтой: „Исты дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу ма бафсӕрмы кӕн“. Фӕлӕ ме ’мбӕлттӕй иу ӕнӕдзургӕйӕ нӕ уатмӕ бацыд ӕмӕ, мӕ сӕрыхицау кӕм амард, уыцы хуыссӕны цъӕрттӕ ракалдта ӕмӕ сӕ ныхсадта. Иннӕ та ведрайы сапондон скодта, ӕмӕ ныхсадта, мӕ сӕрыхицау гауызыл кӕм фӕомдта, уыцы бынат. Цалдӕр къуырийы фӕстӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу йӕ кусӕн дзаумӕтты ӕд кусӕнгӕрзтӕ къӕсӕрыл ӕрбалӕууыд ӕмӕ загъта: „Ницы аразинаг дын ис, уый мӕ нӕ уырны, ӕмӕ-ма мын сӕ равдис“. Ӕцӕгдӕр, нӕ дуар ма ӕрмӕстдӕр иу ӕвдузӕныл хӕцыд, стӕй рухс дӕр аразинаг уыд. Куыд тынг дзы фӕбузныг дӕн, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй!». (Абар Иаковы 1:27.)

Уазӕгуаты йӕ фӕхон. «Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый»,– фӕдзӕхсы нӕ Библи (Дзуттӕгтӕм 13:2). Уӕлдай тынгдӕр та уазӕгуаты хонын хъӕуы, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны. Афтӕ-иу ма дзур: «Мӕ хӕдзары дуар дын кӕдфӕнды дӕр гом у». Фӕлӕ йын зӕгъ, цы бон ӕмӕ дӕм цафон ӕрбацӕуа, уый. Кӕд дын нӕ разы кӕна, уӕддӕр ма йын иу хатт фӕлмӕнӕй куы зӕгъай, уӕд, чи зоны, сразы уа. Гӕнӕн ис, ӕмӕ, иннӕты раз йӕ зӕрдӕ куы суынгӕг уа, уымӕй тӕрсы. Кӕнӕ та йӕм худинаг кӕсы, зӕгъгӕ, зианджын уӕвгӕйӕ, фынджы уӕлхъус куыд бадон ӕмӕ ме ’мбӕлттимӕ мӕхи ныхӕстӕй куыд ирхӕфсон. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Библийы цы уазӕгуарзон сылгоймаджы кой ис, уый, Лидийӕйы. Лукайы ныхӕстӕм гӕсгӕ сын Лидийӕ «ныллӕгъстӕ кодта», цӕмӕй йӕм уазӕгуаты бацыдаиккой (Хъуыддӕгтӕ 16:15).

Хиуылхӕцгӕ у ӕмӕ дӕхи йӕ бынаты сӕвӕр. Зиан кӕуыл ӕрцӕуы, уый райдианы цытӕ фӕдзуры, ууыл-иу ма дис кӕн. Рох дӕ ма уӕд, мӕсты кӕй фӕкӕны ӕмӕ йӕхи кӕй фӕаххосджын кӕны. Йӕ маст дӕуыл куы кала, уӕд дӕ бахъӕудзӕн ӕмбаргӕдзинад, стӕй дӕ хъӕудзӕн дӕхиуыл фӕхӕцын дӕр, цӕмӕй йӕм тызмӕгӕй ма сдзурай. «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон»,– фыст ис Библийы (Колоссӕгтӕм 3:12, 13).

Писмо йӕм ныффысс. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймагӕн писмойы кӕнӕ открыткӕйыл тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ куы ныффыссай, уӕд уый ницы у. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Йӕ мад ракӕй кӕмӕн амард, иу ахӕм сылгоймаг, Синди, зӕгъгӕ, дзуры: «Ме ’мбӕлттӕй мӕм иу диссаджы писмо ныффыста. Уый мын ӕцӕгдӕр тынг баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ мӕ цал хатты фӕндыд, уал хатты йӕ мӕ бон уыд бакӕсын». Ахӕм писмойы кӕнӕ открыткӕйыл, чи зоны, «бирӕ» ма ныффыссай, фӕлӕ, цы фыссыс, уый хъуамӕ цӕуа зӕрдӕйӕ (Дзуттӕгтӕм 13:22). Дӕ бон у, ӕмӕ ныффыссай, кӕй йыл тыхсыс кӕнӕ, чи амард, уый цӕй тыххӕй мысыс, йе та йӕ цӕй тыххӕй уарзтай.

Йемӕ кув. Зианджынимӕ кӕнӕ зианджыны тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд ын уый стыр ӕххуыс кӕй фӕвӕййы, уый дӕ рох ма уӕд. Библийы кӕсӕм: «Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис» (Иаковы 5:16). Зӕгъӕм, ахӕм адӕймаг куы фехъуса, ӕмӕ чидӕр уый тыххӕй Хуыцаумӕ кувы, уӕд-ын уый, чи зоны, баххуыс кӕна, ӕмӕ йӕхи мауал аххосджын кӕна. (Абар Иаковы 5:13–15.)

Цы не ’мбӕлы...

Зианджыны фарсмӕ рынчындоны куы балӕууай, уӕд ын йӕ ныфсыл ныфс бафтаудзынӕ

Цы зӕгъай кӕнӕ цы саразай, уый куы нӕ зонай, уӕддӕр дзы дӕхи иуварс ма лас. Чи зоны нӕ алчидӕр фӕхъуыды кӕны: «Иунӕгӕй йӕ куы бауадзон, уӕд ын, мӕнмӕ гӕсгӕ, хуыздӕр уыдзӕн». Фӕлӕ хабар, ӕвӕццӕгӕн, уый мидӕг ис, ӕмӕ тӕрсӕм, исты раст куы нӕ зӕгъӕм кӕнӕ куы нӕ бакӕнӕм. Фӕлӕ зианджынмӕ йе ’мбӕлттӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хӕстӕг куы нӕ цӕуой, уӕд йӕхимӕ бынтон иунӕг кӕсдзӕн ӕмӕ йын ноджы зындӕр уыдзӕн. Рох дӕ ма уӕд: арӕх зӕрдӕ ӕппӕты тынгдӕр цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ бацагайынц, уыдон вӕййынц тынг хуымӕтӕг (Ефесӕгтӕм 4:32). Зианджынӕн йӕ фарсмӕ куы уай, уӕд ын ӕрмӕст уый дӕр ныфсы хос уыдзӕн. (Абар Хъуыддӕгтӕ 28:15.) Терезӕ, йӕ чызг цы бон амард, уый хорз хъуыды кӕны: «Иу сахатмӕ рынчындоны бахизӕны не ’мбӕлттӕй къух бакӕнӕн нал уыд; хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр сӕ цардӕмбӕлттимӕ ӕрбацыдысты. Сылгоймӕгтӕй иуӕй-иуты сӕ фыртагъдӕй сӕ бигудитӕ раппарын дӕр ферох, иннӕтӕ та сӕ куыст куыд фӕуагътой, афтӕ сӕ кусӕн дзаумӕтты ӕрбахӕццӕ сты. Иууылдӕр сӕ хабӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ нӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты. Бирӕтӕ сӕ дзырдтой, цы зӕгъӕм, уый нӕ зонӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ уый хъӕугӕ дӕр нӕ кодта, нӕ фарсмӕ кӕй уыдысты, уый цӕй аргъ уыди!»

Куы маст кӕна, уӕд ӕй йӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадзын бауадз. Хатт нӕ фӕфӕнды зӕгъын: «Цӕй ӕгъгъӕд у, мауал ку». Фӕлӕ, чи зоны, уыцы уавӕры хуыздӕр уаид, куы фӕкӕуид. «Мӕнмӕ гӕсгӕ, хуыздӕр у, цӕмӕй зианджын йӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадза ӕмӕ йын фенцондӕр уа»,– дзуры, йӕ лӕг кӕмӕн амард, иу ахӕм сылгоймаг, Кэтрин. Кӕд дӕ тынг фӕфӕнды иннӕтӕн зӕгъын, сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уӕддӕр-иу дӕхи бауром. Ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, хъуамӕ мӕ маст мӕ мидӕг уромон, кӕннод зианджынӕн ноджы зындӕр уыдзӕн. Библи нын зӕгъы: «Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут» (Ромӕгтӕм 12:15).

Зианджыны цалынмӕ йӕхи нӕ бафӕнда, уӕдмӕ йын ма дзур, цӕмӕй, чи амард, уый дзаумӕттӕ исты фӕкӕна. Кӕмӕдӕр, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ марды дзауматӕй хӕдзары куы ницыуал уа, уӕд хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зианджын фӕхъуыды кӕны мардыл, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрӕгмӕдӕр ӕрсабыр вӕййы. Фӕлӕ ацы ӕмбисонд «цӕст цы нӕ уыны, уый зӕрдӕйӕ рох у», зӕгъгӕ, алы хатт раст нӕ вӕййы. Чи зоны, зианджынӕн уыцы дзауматӕ исты фӕкӕнынмӕ нырма йӕ къух нӕ тасы. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, раджы заманты цӕрӕг Иаков куыд кодта, куы йӕ асайдтой, зӕгъгӕ йын йӕ фырт Иосифы хъӕддаг сырд бахордта, уӕд. Иосифы тугӕйдзаг уӕлӕдарӕс ӕм куы ’рбахастой, уӕд «бирӕ рӕстӕг куыдта йӕ фыртыл. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕм йӕ чызджытӕ се ’ппӕт дӕр цыдысты ӕмӕ йӕ сабыр кодтой, фӕлӕ сӕм уый нӕ хъуыста» (Райдиан 37:31–35).

Афтӕ ма дзур: «Чи зоны ма уын ноджыдӕр сывӕллон рацӕуа». «Афтӕ мын-иу куы дзырдтой, чи зоны ма уын сывӕллон рацӕуа, зӕгъгӕ, уӕд-иу тынг смӕсты дӕн»,– дзуры, йӕ сывӕллон кӕмӕн амард, ахӕм сылгоймаг. Кӕд иннӕты зӕрдӕйы ӕвзӕрӕй ницы вӕййы, уӕддӕр ахӕм ныхӕстӕ ныййарджытӕн «карды цӕфау» вӕййынц, уымӕн ӕмӕ афтӕ уайы, ӕмӕ сын чи амард, уыцы сывӕллоны ӕндӕрӕй баивӕн ис (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Иу сывӕллоны иннӕмӕй нӕ баивдзынӕ. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ алкӕмӕндӕр мады зӕрдӕйы йӕхи бынат ис.

Чи амард, уый кой кӕнынӕй алы хатт тӕрсын нӕ хъӕуы. «Бирӕтӕ мӕ фырт Джиммийӕн йӕ ном дзурын дӕр ӕмӕ йӕ кой кӕнын дӕр нӕ уӕндыдысты,– дзуры иу сылгоймаг.– Раст зӕгъгӕйӕ мӕм уый кӕмдӕр хъыг дӕр каст». Уӕдӕ исчи марды кой куы скӕны, уӕд алы хатт ӕнӕмӕнг нӕ вӕййы, цӕмӕй-иу ныхас иннӕрдӕм аздахай. Зианджынӕн-иу йӕхи бафӕрс, чи йын амард, уый тыххӕй йӕ аныхас кӕнын фӕнды ӕви нӕ. (Абар Иов 1:18, 19 ӕмӕ 10:1.) Иуӕй-иу зианджынтӕн ӕхсызгон вӕййы, се ’мбӕлттӕ куы фӕдзурынц, чи амард, уый цӕй тыххӕй уарзтой. (Абар Хъуыддӕгтӕ 9:36–39.)

Тагъд ма кӕн ахӕм ныхӕстӕ дзурынмӕ, ӕгайтма ӕрӕнцади, зӕгъгӕ. «Ныфссаст чи у» ӕмӕ маст чи кӕны, уыцы адӕймаджы алы хатт ахӕм ныхӕстӕй нӕ бафидар кӕндзынӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Йӕ мад кӕмӕн амард, иу ахӕм чызг зӕгъы: «Цыма иууылдӕр ныхас бакодтой, уыйау мын уыцы иу ныхас кодтой: „Йӕ тухитӕй фервӕзт“. Кӕнӕ-иу загътой: „Ӕгайтма ӕрӕнцад“. Фӕлӕ мын уыцы ныхӕстӕ хъусын тынг зын уыд». Зианджынмӕ, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, цыма йын уый зӕгъынмӕ хъавынц, дӕхи ӕнӕхъуаджы хӕрыс кӕнӕ уадиссагӕй ницы ӕрцыд, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый тынг маст кӕны, йе ’ввахс адӕймаг йӕ фарсмӕ кӕй нал уыдзӕн, ууыл.

Чи зоны, хуыздӕр уаид, ахӕм ныхӕстӕ куы нӕ дзурис: «Ӕмбарын дӕ». Цымӕ йӕ ӕцӕгдӕр ӕмбарыс? Зӕгъӕм, хъӕбулы мӕлӕт чи нӕ бавзӕрста, уый кӕцӕй зоны, йӕ хъӕбул кӕмӕн амард, ахӕм мад ӕмӕ фыды зӕрдӕйы цытӕ фӕцӕуы, уый? Ӕмӕ кӕд бавзӕрста, уӕддӕр алчидӕр йӕхирдыгонау фӕмаст кӕны. (Абар Йеремийы хъарӕг 1:12.) Иннӕмӕй та, уавӕр куы амона, уӕд, чи зоны, ӕвзӕр нӕ уаид, дӕ хионы мӕлӕты фӕстӕ дын дӕхимӕ ӕрцӕуынӕн цы баххуыс кодта, уый тыххӕй сын куы радзурис. Йӕ чызг кӕмӕн амард, иу ахӕм сылгоймаг загъта, тынг ын кӕй баххуыс кодта, иу сылгоймаг йемӕ кӕй аныхас кодта, уый. Уымӕн дӕр йӕ чызг амард, фӕлӕ уыцы маст йӕ бон сфӕразын баци. Мӕнӕ цы радзырдта: «Йӕ ныхас уымӕй нӕ райдыдта, ӕмбарын дӕ, зӕгъгӕ. Стӕй мын зӕндтӕ дӕр нӕ амыдта, фӕлӕ мын йӕхи хабары кой ракодта, ӕмӕ дзы цыдӕртӕ мӕхицӕн зондӕн райстон».

Цӕмӕй зианджынӕн дӕ бон баххуыс кӕнын уа, уый тыххӕй хъуамӕ уай ӕмбаргӕ, йӕ рис ын ӕмбарай ӕмӕ бӕрӕг уа, бирӕ йӕ кӕй уарзыс. Ӕххуысагур дӕм йӕхӕдӕг кӕд ӕрбацӕудзӕн, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ахӕм ныхӕстӕй йын нӕ баххуыс кӕндзынӕ, «исты дӕ куы хъӕуа...», зӕгъгӕ. Уый бӕсты-иу базон, фӕкӕсын ӕм цӕмӕй хъӕуы, уый ӕмӕ-иу ӕм фӕкӕс.

Уӕдӕ ма нын баззад цалдӕр фарстайы: Библи, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй цы дзуры? Уый дӕумӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕн адджын адӕммӕ куыд хауы? Кӕцӕй йӕ зонӕм, уый аргъау кӕй нӕу?