Ӕхца ӕмӕ мулк уарзын
Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ адӕймагмӕ ӕхца ӕмӕ мулк куы уа, уӕд уый ӕвзӕр у?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
1Пд 3:11–14. Паддзах Соломон сӕрныллӕг кӕй уыди, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта – радта йын хъӕздыгдзинад.
-
Иов 1:1–3, 8–10. Кӕд Иов тынг хъӕздыг уыд, уӕддӕр ын ӕппӕты ахсджиагдӕр уыди, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уый.
-
Ӕхца ӕмӕ мулк адӕймаджы ӕцӕг амондджын цӕуылнӕ кӕнынц?
Хъӕздыгдзинадӕй пайда кӕд нӕ вӕййы?
Ӕхца ӕмӕ мулк ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕй сты тӕссаг?
Хъӕздыгдзинад адӕймаджы куыд фӕсайы?
Ӕм 11:4, 18, 28; 18:11; Мф 13:22
-
Цӕвиттон Библийӕ
-
Хъд 8:18–24. Симон не ’мбӕрста, ӕмбырды кадджын хӕстӕ ӕхцайӕ балхӕнӕн кӕй нӕй, уый.
-
Ӕхца куы уарзӕм, уӕд ӕнӕхай цӕмӕй фӕуыдзыстӕм?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Мч 10:17–23. Ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймаг йе ’хца ӕмӕ мулк кӕй уарзта, уый йӕ бахъыгдардта, цӕмӕй Йесойы фӕдылдзӕуӕг суыдаид.
-
1Тм 6:17–19. Апостол Павел загъта, цӕмӕй хъӕздыг чырыстӕттӕ сӕрбӕрзонд ма уой, уымӕн ӕмӕ сӕ уӕд Хуыцау райгонд нӕ уыдзӕн.
-
Ӕхца ӕмӕ мулк куы уарзӕм, уӕд нӕ уырнындзинад куыд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ нӕ уый тыххӕй Хуыцау райгонд цӕуылнӕуал уыдзӕн?
Д.з 8:10–14; Ӕм 28:20; 1Ин 2:15–17
Кӕс ма Пс 52:6, 7; Ам 3:12, 15; 6:4–8
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Иов 31:24, 25, 28. Иов ӕмбӕрста, хъӕздыгдзинадыл ныфс дарын тӕссаг кӕй у, уымӕн ӕмӕ уӕд адӕймаг йӕ ныфс Хуыцауыл нал фӕдары.
-
Лк 12:15–21. Йесо бафӕдзӕхста, ӕхцауарзаг кӕй хъуамӕ ма уӕм ӕмӕ радзырдта фӕсномыг ныхас, йӕхицӕн хӕзнатӕ чи ӕмбырд кодта, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ уыд, ахӕм хъӕздыг лӕджы тыххӕй.
-
Цы нӕм ис, уымӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?
Ӕхца ӕмӕ мулкӕй зынаргъдӕр цы у ӕмӕ цӕмӕн?
Ӕм 3:11, 13–18; 10:22; Мф 6:19–21
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Аг 1:3–11. Пехуымпар Аггейы уылты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, арфӕ сын кӕй нал кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ сын кувӕндон сцалцӕг кӕнынӕй сӕйрагдӕр уыд сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ саразын ӕмӕ сӕ удыдзӕбӕхӕн цӕрын.
-
Рар 3:14–19. Йесо Лаодикийы ӕмбырдӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ сын ӕхца ӕмӕ мулк сӕ лӕггадӕй ахсджиагдӕр уыдысты.
-
Цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын кӕй ратдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый?