Уарзондзинад
Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы?
Йер 31:3; Ин 3:16; Ро 5:8; 1Ин 4:8, 19
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Рд 1:1, 26–31; 2:8, 9, 15, 16. Йегъовӕ зӕхх цӕрынӕн ӕрцӕттӕ кодта; фыццаг дыууӕ адӕймаджы Едемы цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта ӕмӕ сӕ амондджынӕй цӕрынӕн цы хъуыд, уыдӕттӕ сын радта.
Пс 104:27–30. Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы кадджын кодта, кӕй сфӕлдыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы, уый тыххӕй.
Иннӕты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
Ин 13:34, 35; 15:12, 13; 1Пт 4:8; 1Ин 4:10, 11; 5:3
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Мф 22:36–39. Йесо загъта, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕй у Йегъовӕйы уарзын, дыккаг фӕдзӕхст та – иннӕты уарзын.
1Кр 13:1–8. Апостол Павел бамбарын кодта, уарзондзинад тынг ахсджиаг кӕй у, стӕй ма загъта, иннӕты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг.