Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ

Йегъовӕ

Йӕ ном

Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ном «Йегъовӕ» нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы»

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй чи свӕййы?

Хуыцауы ном рухс кӕнын ӕппӕты ахсджиагдӕр цӕмӕн у?

Йегъовӕ уый аккаг цӕмӕн у, цӕмӕй иууылдӕр йӕ коммӕ кӕсой?

Йегъовӕйы титултӕй кӕцыдӕртӕ

Ӕнусты Паддзах (1Тм 1:17; Рар 15:3)

Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау (Рд 17:1; Рар 19:6)

Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ (1См 1:11)

Дунедарӕг Стыр Хуыцау (Ис 25:8; Ам 3:7)

Иунӕг Стыр Хуыцау (Рд 14:18–22; Пс 7:17)

Кадджын Зондамонӕг (Ис 30:20)

Къӕдзӕх (Д.з 32:4; Ис 26:4)

Фыд (Мф 6:9; Ин 5:21)

Цытджын Хуыцау (Дзт 1:3; 8:1)

Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕй кӕцыдӕртӕ

Йегъовӕ куыд ӕвдисы, сыгъдӕг кӕй у, уый ӕмӕ уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ цы хъуамӕ фӕнда аразын?

Рц 28:36; Лв 19:2; 2Кр 7:1; 1Пт 1:13–16

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ис 6:1–8. Пехуымпар Исай цӕстылуайӕны Йегъовӕйы куы федта, уӕд йӕхимӕ ницӕйаг ӕркаст, тӕригъӕдджын кӕй у, уый тыххӕй. Фӕлӕ йын зӕд йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй тӕригъӕдджын адӕймаг дӕр Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уа.

    • Ро 6:12–23; 12:1, 2. Апостол Павел бамбарын кодта, нӕ бон куыд у нӕ тӕригъӕдджын фӕндтимӕ тох кӕнын ӕмӕ сыгъдӕг цард кӕнын.

Йегъовӕ цавӕр тыхы хицау у ӕмӕ дзы куыд пайда кӕны?

Рц 15:3–6; 2Аз 16:9; Ис 40:22, 25, 26, 28–31

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Д.з 8:12–18. Пехуымпар Моисей израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, хорзӕй сӕм цыдӕриддӕр ис, уый сын Йегъовӕйы тыхы фӕрцы кӕй ис.

    • 1Пд 19:9–14. Йегъовӕ пехуымпар Илийайы ныфс бауагъта, йе стыр тых ын кӕй равдыста, уый фӕрцы.

Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

Д.з 32:4; Иов 34:10; 37:23; Пс 37:28; Ис 33:22

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Д.з 24:16–22. Моисейы закъонӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй, у уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг.

    • 2Аз 19:4–7. Паддзах Иосафат тӕрхонгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уынаффӕтӕ кӕй хъуамӕ хӕссой, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уымӕ гӕсгӕ, адӕмы цӕсты раст цы у, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ.

Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй?

Пс 104:24; Ӕм 2:1–8; Йер 10:12; Ро 11:33; 16:27

Кӕс ма Пс 139:14; Йер 17:10

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 4:29–34. Йегъовӕ паддзах Соломоны ахӕм зондӕй схайджын кодта, ӕмӕ уымӕй зондджындӕр йӕ рӕстӕджы ничи уыд.

    • Лк 11:31; Ин 7:14–18. Йесо Соломонӕй зондджындӕр уыд, фӕлӕ никуы рох кодта, уыцы зонд ын Йегъовӕ кӕй радта.

Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй равдыстаид, тынг нӕ кӕй уарзы, уый?

Ин 3:16; Ро 8:32; 1Ин 4:8–10, 19

Кӕс ма Сф 3:17; Ин 3:35

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 10:29–31. Йесо цӕвиттонӕн ӕрхаста сырддонцъиуты, цӕмӕй бамбарын кодтаид, Йегъовӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр тынг кӕй уарзы ӕмӕ йын алчидӕр зынаргъ кӕй у.

    • Мч 1:9–11. Йегъовӕ Йесойӕн загъта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы сӕрыстыр кӕй у. Уымӕй ныййарджытӕн фӕзминаг у, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕтты се ’ппӕты дӕр фӕнды сӕ ныййарджытӕй ахӕм ныхӕстӕ хъусын.

Йегъовӕйы ма ноджыдӕр цӕй тыххӕй уарзӕм? Библийы фыст ис, Йегъовӕмӕ бирӕ хорз миниуджытӕ кӕй ис, зӕгъӕм, уый у...

алцыдӕр чи уыны, ахӕм (2Аз 16:9; Ӕм 15:3)

амондджын (1Тм 1:11)

ӕнусон; нӕй йын райдиан ӕмӕ кӕрон (Пс 90:2; 93:2)

ивгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм (Мл 3:6; Иак 1:17)

иузӕрдион (Рар 15:4)

кадджын (Рар 4:1–6)

рӕдау (Пс 104:13–15; 145:16)

рӕстаг (Пс 7:9)

сӕрныллӕг (Пс 18:35)

тӕригъӕдгӕнаг (Ис 49:15; 63:9; Зх 2:8)

фарнуарзаг (Фп 4:9)

фӕлмӕнзӕрдӕ (Рц 34:6)

фӕразон (Ис 30:18; 2Пт 3:9)

хӕларзӕрдӕ (Лк 6:35; Ро 2:4)

цытджын (Пс 8:1; 148:13)

Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ӕм цавӕр зӕрдӕ дардзыстӕм?

Нӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр кӕй нӕ домы?

Д.з 10:12; Мх 6:8; 1Ин 5:3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Д.з 30:11–14. Йегъовӕ израилӕгтӕн пехуымпар Моисейы уылты цы Закъон радта, уый сын тынг зынӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд.

    • Мф 11:28–30. Йесо алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, хӕларзӕрдӕ Хицау кӕй у ӕмӕ сын удӕнцой кӕй ратдзӕн.

Йегъовӕйы цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?

Пс 105:1, 2; Ис 43:10–12, 21

Кӕс ма Йер 20:9; Лк 6:45; Хъд 4:19, 20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 104:1, 2, 10–20, 33, 34. Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы кадджын кодта, цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй.

    • Пс 148:1–14. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ зӕдтӕ дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнынц, ӕмӕ йӕ хъуамӕ мах дӕр кадджын кӕнӕм.

Нӕ хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы куыд скадджын кӕнынц?

Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

Цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа, уӕд нӕ Библи кӕсын ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

Йегъовӕйӕ исты сусӕг кӕнын раст цӕуылнӕ у?

Иов 34:22; Ӕм 28:13; Йер 23:24; 1Тм 5:24, 25

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Пд 5:20–27. Гиези йӕ тӕригъӕд басусӕг кӕнынмӕ хъавыд, фӕлӕ Йегъовӕ пехуымпар Елисейӕн раргом кодта, Гиези цы сарӕзта, уый.

    • Хъд 5:1–11. Анани ӕмӕ Сапфирӕ сӕ тӕригъӕд басусӕг кӕнынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ сын Йегъовӕ сӕ тӕригъӕд раргом кодта ӕмӕ, кӕй асайдтой, уый тыххӕй сӕ бафхӕрдта.