150 ЗАРӔГ
Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай
-
1. Адӕмтӕ змӕнтынц тынг,
У се знаг Хуыцауы Фырт.
Сӕ хицаудзинадӕн Хуыцау
Кӕрон ыскӕндзӕни ныр.
Сфидар ног хицауад –
Йегъовӕйы Паддзахад.
Нӕ аргъӕвдзӕн Йесо раст тӕрхон,
Уый знӕгты фесафдзӕн тагъд.
БАЗАРД
Хуыцауы агур алкӕддӕр,
’Мӕ фервӕздзынӕ ’нӕмӕнг дӕр.
У йӕ раз’ рӕстаг,
Уӕд сыгъдӕг дӕ уаг.
Уый фарс алкӕд фидарӕй лӕуу.
Хуыцау дӕ фервӕзын кӕндзӕн,
Цардмӕ ’ркӕндзӕн дӕу.
-
2. Хорз хабар мах хӕссӕм
Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕм.
Ныр алкӕмӕн дӕр у йӕ бар,
Цард равзардзӕн ӕви нӕ.
Кӕд уа дӕ цард уӕззау,–
Зон, баххуыс кӕндзӕн Хуыцау.
Йегъовӕ махӕн нӕ куывдтытӕн
Ӕнӕмӕнг ратдзӕни дзуапп.
БАЗАРД
Хуыцауы агур алкӕддӕр,
’Мӕ фервӕздзынӕ ’нӕмӕнг дӕр.
У йӕ раз’ рӕстаг,
Уӕд сыгъдӕг дӕ уаг.
Уый фарс алкӕд фидарӕй лӕуу.
Хуыцау дӕ фервӕзын кӕндзӕн,
Цардмӕ ’ркӕндзӕн дӕу.
(Ноджыдӕр кӕс 1 Сам. 2:9; Пс. 2:2, 3, 9; Ӕмб. 2:8; Матф. 6:33.)