107 ЗАРӔГ
Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг
-
1. Йегъовӕ Хуыцау йӕ алы хъуыддагӕй
Не ’ппӕтӕн, алкӕмӕн,
Ӕвдисы йӕ уарзт, цӕмӕй мах дӕр алкӕд
Афтӕ кӕнӕм – уарзгӕ цӕрӕм.
Нывондӕн Хуыцау йӕ хъӕбулы ’рхаста,
’Мӕ адӕмӕн уӕд тӕригъӕд ныббарста.
Дун-дунейы нӕй ӕмбал йе стыр уарзтӕн!
Уый у ’цӕг уарзт, Хуыцауы стыр уарзт.
-
2. Хуыцауы фӕзмӕм – кӕрӕдзийы уарзӕм
Алкӕддӕр, не ’ппӕт дӕр.
Цӕстуарзонӕй мах ӕххуысы къух раттӕм
Не ’мбӕлттӕм дӕр, иннӕтӕм дӕр.
Хуыцауы ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзӕм –
Уый у ӕцӕг уарзт, бӕлвырд ӕй ӕмбарӕм.
Кӕрӕдзийӕн мах зӕрдиагӕй барӕм.
Уый у нӕ уарзт, сыгъдӕгзӕрдӕ уарзт.
-
3. Йегъовӕйы уарзт ӕнгом мах ысбаста,
Ныр ыстӕм бинонтӕ.
Хуыцау махӕн фарн ’мӕ иудзинад радта –
Фарны тӕгтӕй фидардӕр нӕй!
Бӕрӕг дарӕм мах нӕ цин ’мӕ нӕ уарзтӕй,
Зонд исӕм ӕдзух Хуыцауы Ныхасӕй,
Ӕцӕг уарзӕм мах ӕфсымӕртӕй алкӕй.
Уый у ’цӕг уарзт, Йегъовӕйы уарзт.
(Ноджыдӕр кӕс Ром. 12:10; Еф. 4:3; 2 Пет. 1:7.)