Зыдтай йӕ?
Иосиф фараонмӕ бацӕуыны размӕ йӕхи цӕмӕн ныддаста?
Райдианы чиныджы фыст ис, фараон бардзырд кӕй радта, цӕмӕй йӕм ахӕстонӕй ӕвӕстиатӕй ӕрбакодтаиккой, цы дзуттаг лӕг дзы бадт, уый – Иосифы. Фараоны фӕндыд, йӕ фынтӕ йын куы райхӕлдтаид. Уыцы рӕстӕгмӕ Иосиф ахӕстоны фӕбадт цалдӕр азы. Кӕд ӕм фараон ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр уал Иосиф фыццаг йӕхи ныддаста (Райдиан 39:20–23; 41:1, 14). Фыссӕг ацы лыстӕг хабары кой кӕй скодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иосиф египетӕгты ӕгъдӕуттӕ хорз зыдта.
Бирӕ рагон адӕмтӕ, уыдонимӕ дзуттӕгтӕ дӕр, дардтой боцъотӕ. Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, «скӕсӕйнаг адӕмтӕй боцъотӕ нӕ дардтой ӕрмӕстдӕр рагон египетӕгтӕ» (McClintock and Strong’s «Cyclopedia of Biblical, Theological, and Ecclesiastical Literature»).
Фӕлӕ цымӕ египетӕгтӕ ӕрмӕстдӕр сӕ боцъотӕ дастой? Иу журналы куыд фыст ис, афтӕмӕй египетӕгты дины ӕгъдӕуттӕй иуӕй-иутӕм гӕсгӕ адӕймаг фараонмӕ бацӕуыны размӕ йӕхи хъуамӕ бацӕттӕ кодтаид, цыма-иу кувӕндонмӕ цыд, уыйау. Ӕмӕ Иосифы дӕр уый тыххӕй хъуыди йӕ сӕр ӕмӕ йӕ буар ныддасын (Biblical Archaeology Review).
Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис, Тимофейы фыд грекъаг кӕй уыд. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Грецийӕ уыд?
Афтӕ бӕлвырд зӕгъӕн нӕй. Апостол Павел-иу йӕ фыстӕджыты кодта дыууӕ адӕмы къорды кой, дзуттӕгты ӕмӕ грекъӕгты, кӕнӕ эллинты. Грекъӕгтӕ хуыдта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмы (Ромӕгтӕм 1:16; 10:12). Павел сӕ афтӕ уымӕн хуыдта, ӕмӕ, кӕм хъусын кодта, уыцы бынӕтты тынг бирӕтӕ дзырдтой грекъаг ӕвзагыл ӕмӕ грекъаг культурӕ дӕр тынг парахат уыд.
Уыцы заманты грекъӕгтӕ кӕй хуыдтой? Нӕ эрӕйы размӕ 4 ӕнусы афинаг дӕсны ныхасгӕнӕг Исократ сӕрыстырӕй дзырдта, грекъаг культурӕ дунейы куыд парахат у, уый тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, «грекъӕгтӕ хонынц, Грецийӕ чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ мах хъомылад ӕмӕ ахуырад кӕмӕ ис, уыдоны». Кӕд уый фидарӕй зӕгъӕн нӕй, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ Тимофейы фыд дӕр ӕмӕ ма Павел грекъӕгтӕ кӕй хуыдта, уыцы адӕм дӕр, грекъӕгтӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ грекъаг культурӕмӕ гӕсгӕ цардысты (Хъуыддӕгтӕ 16:1).