Беделлы тӕлмац – гыццыл къахдзӕф Библи ӕмбарыны хъуыддаджы
АНГЛИСАГ сауджын Уильям Беделл 1627 азы Ирландимӕ куы ’рцыд, уӕд дзы цы федта, уый йӕм тынг диссаг фӕкаст. Ирландийы фылдӕр цард католиктӕ, фӕлӕ уыд протестантон Британийы дӕлбар. Уӕдмӕ протестантон реформатортӕ Библи европӕйаг ӕвзӕгтӕй бирӕтӕм ратӕлмац кодтой. Фӕлӕ йӕ ирландиаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнын кӕй хъуыди, ууыл цыма хъуыды дӕр ничи кодта.
Беделл хӕст уыд ахӕм хъуыдыйыл, ӕмӕ кӕд ирландиӕгтӕн англисаг ӕвзаг сахуыр кӕнын сӕ бон у, уӕддӕр сын хъуамӕ уый фадат уа, цӕмӕй Библи сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсой. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта Библи ирландиаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнын. Фӕлӕ уыцы хъуыды бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, уӕлдайдӕр та протестантты зӕрдӕмӕ, ӕмӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Цӕмӕн?
БИРӔТӔ СТЫ ИРЛАНДИАГ ӔВЗАДЖЫ НЫХМӔ
Беделл бавнӕлдта ирландиаг ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ. Дублины Тринити-колледжы ректор куы уыд ӕмӕ фӕстӕдӕр та Килморы епископ, уӕд йӕ студентты разӕнгард кодта ирландиаг ӕвзагыл дзурынмӕ. Зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ Английы ус-паддзах Елизаветӕ Фыццаг Тринити-колледж саразын кодта, цӕмӕй йӕ каст чи фӕуыдаид, уыцы сауджынтӕ йӕ дӕлбар адӕмӕн Библи сӕхи ӕвзӕгтыл амыдтаиккой. Ӕмӕ Беделлы дӕр уый фӕндыд.
Килморы епархийы цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр дзырдтой ирландиаг ӕвзагыл. Уымӕ гӕсгӕ Беделл йӕ уд скъуыдта, цӕмӕй уым лӕггад кодтаиккой ирландиаг ӕвзагыл дзурӕг сауджынтӕ. Цы зондыл хӕст уыди, уый хорз ӕвдисынц апостол Павелы ныхӕстӕ, фыст сты 1 Коринфӕгтӕм 14:19 стихы: «Ӕмбырды дӕс мин дзырды ӕндӕр ӕвзагыл [ома, адӕм хорз кӕй не ’мбарынц, ахӕм ӕвзагыл] зӕгъыны бӕсты фӕлтау зӕгъдзынӕн, бамбарӕн кӕй уа, фондз ахӕм дзырды, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр исты бацамонон».
Фӕлӕ, бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыдон ын йӕ хъуыддаг къуылымпы кодтой, цӕмӕй йӕ фӕндӕй мацы рауадаид. Историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй иутӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, адӕм ирландиаг ӕвзагыл куы дзурой, уӕд уый «нӕ бӕстӕйы исты бӕллӕх расайдзӕн», ӕндӕртӕ та дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, ирландиаг ӕвзаг «бӕстӕйы хицауады политикӕйы ныхмӕ у». Кӕмӕдӕрты та афтӕ каст, ӕмӕ ирландиӕгтӕ цас къаддӕр зоной, уыйас Английӕн хуыздӕр уыдзӕн. Суанг ма ахӕм закъӕттӕ дӕр рауагътой, цӕмӕй ирландиӕгтӕ сӕхи ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныууагътаиккой, ӕмӕ англисаг ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ райстаиккой.
БЕДЕЛЛЫ ТӔЛМАЦ
Фӕлӕ Беделл уыдӕттӕй нӕ фӕтарст. 1630-ӕм азты райдианы Библи ирландиаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын райдыдта, уымӕй гыццыл раздӕр Библийӕн англисаг ӕвзагыл цы ног тӕлмац рацыд, уымӕй («Паддзах Яковы Библи», 1611 аз). Фӕндыд ӕй, цӕмӕй, цы Библи рауадзинаг уыд, уый, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм ӕмбӕрстаиккой. Зыдта йӕ, цалынмӕ мӕгуыр адӕмӕн Иоанны 17:3).
Библи ӕхгӕд чиныг уыд, уӕдмӕ сын ӕнусон цардмӕ фӕндаг дӕр ӕхгӕд кӕй уыд (Ӕмӕ афтӕ ӕрмӕст Беделл нӕ хъуыды кодта. Иу-30 азы раздӕр ӕндӕр епископ, Уильям Дэниел, загъта, зӕгъгӕ, Библийы ахуырӕдтӕ кӕмӕнфӕнды дӕр тынг зын бамбарӕн уыдзысты, хорз кӕй не ’мбары, ахӕм ӕвзагыл ӕй куы кӕса, уӕд. Дэниел ирландиаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Беделлы нысан та уыди Дзуттаг Фыстытӕ ратӕлмац кӕнын. Беделлы Библи кӕй хонынц, уым сты сӕ дыууӕйы тӕлмацтӕ дӕр. Беделлы Библи уыди фыццаг ӕнӕхъӕн Библи ирландиаг ӕвзагыл. Ӕмӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ 300 азы дӕргъы Библийӕн ирландиаг ӕвзагмӕ уыцы тӕлмац йеддӕмӕ иунӕг тӕлмац дӕр нӕ уыди.
Беделлӕн, дзуттаг ӕвзаджы дӕсныйӕн, Библи англисаг ӕвзагӕй ирландиаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынӕн ӕххуыс кодтой, ирландиаг ӕвзаг йӕ мадӕлон ӕвзаг кӕмӕн уыд, дыууӕ ахӕм адӕймаджы. Сӕ куыст куыд цыд, афтӕ Беделл иу кӕнӕ дыууӕ хорз ӕххуысгӕнӕгимӕ алы стих дӕр лӕмбынӕг иртӕста ӕмӕ йӕ раст кодта. Уымӕй уӕлдай ма тӕлмац барстой, швейцариаг теолог Джованни Диодати италиаг ӕвзагмӕ цы тӕлмац скодта, уыимӕ, стӕй ма грекъаг Септуагинтӕ ӕмӕ дзуттаг ӕвзагыл фыст рагон къухфыстытӕй иуимӕ.
«Паддзах Яковы Библи» чи тӕлмац кодта (кӕимӕдӕрты дзы Беделл зонгӕ дӕр уыди), уыдонау Беделлы къорд дӕр Хуыцауы ном сӕ тӕлмацы цалдӕр раны ныффыстой, зӕгъӕм, Рацыды 6:3 стихы. Беделлы тӕлмац ныр ис Маршы библиотекӕйы (Дублин, Ирланди). (Кӕс рамкӕ «Беделлы нӕ ферох кодтой».)
МЫХУЫРЫ РАЦЫД БИРӔ АЗТЫ ФӔСТӔ
Беделл йӕ тӕлмац фӕци иу-1640 азы. Фӕлӕ йӕ уайтагъд ныммыхуыр кодтаид, уый йӕ къухы нӕ бафтыд. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уӕд дӕр йӕ ныхмӕ тынг цыдысты. Знӕгтӕ Беделлы сӕйраг тӕлмацгӕнӕгӕй
бирӕ цъыфкалӕн ныхӕстӕ фӕдзырдтой, цӕмӕй йын адӕм йӕ тӕлмацыл гуырысхо кодтаиккой. Суанг ма йӕ ахсын дӕр ӕркодтой ӕмӕ йӕ ахӕстоны баппарын кодтой. Фӕлӕ ма ӕрмӕст уый куы уыдаид. 1641 азы ирландиӕгтӕ сыстадысты англисӕгты ныхмӕ. Бӕстӕйы цыди ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕмӕ дзы туджы зӕйтӕ калд. Уыцы рӕстӕг Беделл дӕр уым уыд. Кӕд Беделл англисаг уыд, уӕддӕр ӕй иуцасдӕр рӕстӕг ирландиӕгтӕ хъахъхъӕдтой, уымӕн ӕмӕ зыдтой, бирӕ хӕрзты сын кӕй бацыд. Фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ змӕнтджытӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ахӕстоны тынг ӕвзӕр уавӕрты фӕдардтой. Уый куы нӕ уыдаид, уӕд ма чи зоны, ацардаид, фӕлӕ 1642 азы амард. Цы тӕлмацыл фӕкуыста, уый йӕ удӕгасӕй мыхуыры нӕ рацыд.Беделлы хӕдзар куы фӕдавтой ӕмӕ йӕ куы ныппырх кодтой, уӕд, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ йӕ тӕлмац дӕр фесӕфтаид. Хорз, ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбалӕн йӕ тӕлмац ӕнӕхъӕнӕй куыддӕрты йӕ къухы бафтыд. Фӕстагмӕ уыцы документтӕ бахаудысты Нарцисс Маршмӕ, уый фӕстӕдӕр сси Армы архиепископ ӕмӕ Ирландийы Аргъуаны сӕргълӕууӕг. Фӕстӕдӕр ахуыргонд Роберт Бойль ӕхцайӕ баххуыс кодта Маршӕн, ӕмӕ 1685 азы Беделлы Библи ныммыхуыр кодта. Уымӕн уыцы заман стыр ныфс хъуыди.
ГЫЦЦЫЛ, ФӔЛӔ АХСДЖИАГ КЪАХДЗӔФ
Беделлы Библийӕн дунейы стыр аргъ не скодтой. Фӕлӕ Библи ӕмбарыны хъуыддаджы ацы тӕлмац сси гыццыл, фӕлӕ ахсджиаг къахдзӕф, уӕлдайдӕр та, ирландиаг ӕвзагыл чи дзырдта, уыцы адӕмӕн, ӕмӕ ӕрмӕст Ирландийы нӕ, фӕлӕ ма Шотландийы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рӕтты дӕр. Хуыцауы Ныхасӕй ӕххормаг чи уыд, уыдонӕн сӕ бон уыд бафсӕдын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхас кӕсын райдыдтой, ӕнцонӕмбарӕн сын чи уыд, ахӕм ӕвзагыл (Матфейы 5:3, 6).
«Беделлы Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ фӕхъусӕм нӕ мадӕлон ӕвзагыл. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый фӕрцы мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕн дӕр байгом, Фыстады цы диссаджы рӕстдзинад ис, уый»
Абоны онг дӕр Беделлы Библи сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны рӕстдзинад сӕ мадӕлон ӕвзагыл базонынӕн. Ӕрӕджы Библийы рӕстдзинад чи базыдта, иу ахӕм ирландиаг нӕлгоймаг загъта: «Беделлы Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ фӕхъусӕм нӕ мадӕлон ӕвзагыл. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый фӕрцы мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕн дӕр байгом, Фыстады цы диссаджы рӕстдзинад ис, уый».