БИОГРАФИ
Рӕсугъд цардӕй хуыздӕр цы у, уый
1984 азы иу ӕхсӕвмӕ хуымӕтӕг ӕрыгон чызгӕй фестадтӕн зындгонд адӕймаг. Равзӕрстой мӕ мисс Гонконгӕй. Мӕ къамтӕ уыдысты газетты ӕмӕ журналты фыццаг фӕрстыл. Ӕз зарыдтӕн, кафыдтӕн, адӕмы размӕ-иу ныхасы рацыдтӕн, телепередачӕтӕ уагътон, рӕсугъд уӕлӕдарӕс дардтон ӕмӕ-иу мӕ арӕх фенӕн уыди зындгонд адӕмимӕ, зӕгъӕм, Гонконгы хицауимӕ.
Иннӕ аз райдыдтон киноты хъазын, цалдӕр хатты хъазыдтӕн сӕйраг рольтӕ. Журналистты хъуыдысты мӕ царды хабӕрттӕ, къамисджыты – мӕ къамтӕ, хуыдтой мӕ премьерӕтӕм ӕмӕ церемонитӕм, цӕмӕй-иу сырх бӕттӕн алыг кодтаин, хуыдтой ма мӕ, зындгонд адӕм-иу кӕм ӕрӕмбырд сты, ахӕм бӕдтытӕм. Иудзырдӕй, уыдтӕн тынг зындгонд.
Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ ӕмбарын райдыдтон, уыцы цард куыд хорз ӕнхъӕлдтон, афтӕ кӕй нӕ уыд. Сӕйраджыдӕр-иу хъазыдтӕн боевикты, ӕмӕ уый та ӕдас нӕ уыд. Голливуды актёртӕй уӕлдай Гонконгы актёртӕн дублертӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ ӕз дӕр алцыдӕр мӕхӕдӕг арӕзтон, зӕгъӕм, машинӕйы сӕрты-иу мотоциклыл агӕпп кодтон. Цы киноты хъазыдтӕн, уыдонӕй бирӕты уыд хӕлд митӕ ӕмӕ тыхми. Иуӕй-иуты та дзы ӕвдыст цыдысты хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ.
1995 азы мӕ цард баиу кодтон иу кинопродюсеримӕ. Кӕд мын амондджын цардӕн алцыдӕр уыди – кад, хъӕздыгдзинад ӕмӕ уарзӕгой цардӕмбал – уӕддӕр мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кодта ӕмӕ-иу арӕх мӕхимӕ ныхъхъуыстон. Гъемӕ сфӕнд кодтон актрисӕйы куыст ныууадзын.
МӔ ЗӔРДЫЛ ӔРЛӔУУЫД, ГЫЦЦЫЛӔЙ ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫДТӔН, УЫЙ
Кӕддӕр цӕуыл ӕууӕндыдтӕн, уый ногӕй мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, ӕмӕ-иу ууыл куы хъуыды кодтон, уӕд-иу мын уый цыдӕр ӕхсызгондзинад хаста. Гыццылӕй алы сабаты дӕр мӕ хоимӕ цыдыстӕм иу бинонтӕм, уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Хӕдзары хицау, Джо Маграт, Библи ахуыр кодта немӕ ӕмӕ йе ’ртӕ чызгимӕ. Уыцы бинонтӕ кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд уыдысты. Джо йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн куыд уыд, уымӕй бӕрӕг уыди, бирӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕны. Мӕ зӕрдӕмӕ ма цыди семӕ ӕмбырдмӕ цӕуын. Хатт-иу конгресмӕ дӕр ацыдыстӕм. Куыд бирӕ уарзтон уыцы рӕстӕджытӕ! Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ-иу куы уыдтӕн, уӕд-иу мӕ зӕрдӕ уыд сабыр.
Фӕлӕ нӕхи хӕдзары цытӕ цыди, уый кой кӕнын мӕ фӕндгӕ дӕр нӕ кӕны. Мӕ мадӕн уӕззау депресси райдыдта, мӕ фыд ын бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй бавзарын кодта, уый тыххӕй. Дӕс азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд мӕ мад Библи нал ахуыр кодта. Ӕз ма йӕ ахуыр
кодтон, фӕлӕ зӕрдиагӕй нал. 17 азы мыл куы цыд, уӕд донаргъуыд райстон. Фӕлӕ уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр мӕхи чырыстон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нал дардтон ӕмӕ ӕмбырдӕй дӕр фӕхауӕггаг дӕн.НОГӔЙ ӔМБЫРДТӔМ ЦӔУЫН РАЙДЫДТОН
Мӕ чындзӕхсӕвӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдӕй дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы ӕрбацыд. Уыдон мын бамбарын кодтой, цы у мӕ бон саразын, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхон. Уыдон мӕ базонгӕ кодтой иу миссионеримӕ, Синди, зӕгъгӕ, цӕмӕй мын уыцы хъуыддаджы баххуыс кодтаид. Мӕ уырнындзинад уыцы рӕстӕг тынг лӕмӕгъ уыд, ӕмӕ Синдийӕн загътон, цӕмӕй мын бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастаид, Библи ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхас кӕй у, уымӕн. Уый мын Библийы равдыста, чи сӕххӕст, цалдӕр ахӕм пехуымпарады. Синдиимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ систӕм. Фӕстӕдӕр мын загъта, кӕй мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ногӕй мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнон. Ӕз сразы дӕн. Уӕд фыццаг хатт бамбӕрстон, Йегъовӕ уарзондзинады Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уон.
Ногӕй та ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, шоу-бизнесы кусджытимӕ абаргӕйӕ мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ бирӕ ӕнцондӕр кӕй уыди. Фӕлӕ ма гыццыл куы уыдтӕн, уӕд мӕ цард сахуыр кодта, адӕмыл ӕууӕндӕн кӕй нӕй, стӕй мӕхимӕ дӕр тынг ницӕйаг кастӕн. Ӕмбырдӕй мын иу сылгоймаг тынг баххуыс кодта – Библийӕ мын равдыста, цы аразын мӕ хъӕуы, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕй фервӕзон. Уымӕй уӕлдай ма базыдтон, мӕ бон куыд у ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ссарын.
РӔСУГЪД ЦАРДӔЙ ХУЫЗДӔР ЦЫ У, УЫЙ
1997 азы мӕ сӕрыхицауимӕ ацыдыстӕм Голливудмӕ (штат Калифорни, АИШ). Уым мын фылдӕр фадӕттӕ фӕзынд, Хуыцауы Ныхасы уынаффӕтӕ стыр пайда кӕй сты, уый адӕмӕн ӕмбарын кӕнынӕн. Киноты сӕйраг рольтӕ кӕй хъазыдтӕн, уый мын стыр кад ӕрхаста. Фӕлӕ адӕмӕн Библи кӕй амонын, уый мын ахӕм циндзинад хӕссы, ӕмӕ йӕ цыфӕнды стыр кадыл дӕр нӕ баивдзынӕн. Зӕгъӕм, 2002 азы фембӕлдтӕн Шерийыл, мӕ рагон зонгӕйыл Гонконгӕй. Нӕ цард бирӕ цӕмӕйдӕрты уыд ӕмхуызон. Шери мисс Гонконг сси мӕнӕй иу аз раздӕр. Ӕз куы рамбылдтон, уӕд мын мӕ сӕрыл кадыхуд Шери ӕркодта. Уый дӕр сси актрисӕ ӕмӕ продюсер, куыста зындгонд режиссертимӕ. Ӕмӕ уый дӕр Голливудмӕ ацыд.
Шери чындзы кӕмӕ хъуамӕ ацыдаид, уый ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ зӕрдӕйӕ амард. Уый куы базыдтон, уӕд ын тынг фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ мӕ бафӕндыд, куы йын баххуыс кодтаин. Шери буддизмыл хӕст уыди, фӕлӕ уыцы дины, йӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕрсабыр уыдаид, ахӕмӕй ницы ис. Уый дӕр мӕнау йӕхицӕн, иннӕтӕ сӕ былыцъӕрттӕ кӕмӕ хӕрынц, ахӕм ном скодта, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ницӕмӕй рухс кодта ӕмӕ никӕуыл ӕууӕндыд. Ӕз ын дзурын райдыдтон, Библийӕ цы базыдтон, уыдӕттӕ, фӕлӕ буддизмыл хӕст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын цы дзырдтон, уый йӕм нӕ хъардта.
2003 азы Шери кино исынмӕ ацыди Ванкувермӕ (Канадӕ) ӕмӕ мӕм иубон уырдыгӕй фӕдзырдта. Стыр диссаг дзурӕгау мын радзырдта, машинӕйыл фӕсгорӕт фӕндагыл йӕ алыварс ракӕс-бакӕсгӕнгӕ кӕй фӕцӕйцыд ӕмӕ ӕвиппайды хъӕрӕй кувын кӕй райдыдта: «Зӕгъ-ма мын, ӕцӕг Хуыцау чи у? Дӕ ном куыд у?» Раст уыцы рӕстӕг Шери фӕцӕйцыд Паддзахады залы фӕрсты. Йӕ къулыл фыст уыд ном, Йегъовӕ. Уӕд ӕй бамбӕрста, Хуыцау ын йӕ фарстайӕн дзуапп кӕй радта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ фембӕлын. Ӕз ын Ванкуверы адрис базыдтон, ӕмӕ цалдӕр боны фӕстӕ китайаг ӕмбырдмӕ бацыд.
«Тынг зӕрдиагӕй мыл бацин кӕнынц,– дзырдта мын фӕстӕдӕр Шери.–
Мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый сын мӕ бон у ӕргом дзурын». Уый мын ӕхсызгон куыннӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Шерийӕн кинобизнесы кусгӕйӕ ӕмбӕлттӕ никуы уыди. Шери ӕмбырдтӕм цӕуын нӕ ныууагъта. Фӕлӕ 2005 азы дыууӕ историон кинойы сисыны тыххӕй контракт бафыста, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Гонконгмӕ ацӕуын бахъуыд. Тынг фӕцин кодтон, 2006 азы Шери йӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессы Гонконгы донаргъуыд кӕй райста, ууыл. Шерийы фӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын, фӕлӕ кинобизнесы кӕй куыста, уый йӕ тынг къуылымпы кодта, ӕмӕ йын уый ӕнцой нӕ лӕвӕрдта.ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН – СТЫР ЦИНЫ ХОС
2009 азы Шерийӕн йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ бон фылдӕр рӕстӕг лӕггад кӕнын уыдаид, уый тыххӕй кинобизнес ныууагъта. Ӕмбырды йын ног ӕмбӕлттӕ фӕзынди. Шери Хуыцауы Паддзахады тыххӕй йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай хорз хабар хъусын кӕнын райдыдта ӕмӕ йын стыр циндзинад хӕссы, адӕмӕн царды хуыздӕр фӕндаг ссарынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый (Матфейы 24:14).
Уый фӕстӕ Шери райдыдта непайлаг ӕвзаг ахуыр кӕнын, цӕмӕй, Гонконгы уыцы ӕвзагыл цы ног къорд фӕзынд, уымӕн ӕххуыс кодтаид. Гонконгы цӕрӕг непайлӕгтӕ англисагау ӕмӕ китайагау ӕвзӕр дзурынц ӕмӕ се ’гъдӕуттӕ бынӕттон ӕгъдӕуттӕй хицӕн кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕм бынӕттон цӕрджытӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсынц. Шери мын радзырдта, уыцы адӕмӕн Библи ӕмбарын кӕнын йӕ зӕрдӕмӕ куыд тынг цӕуы, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, иухатт хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодта, уӕд ныхас кодта иу непайлаг сылгоймагимӕ. Сылгоймаг цыдӕртӕ зыдта Йесойы тыххӕй, фӕлӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй ӕппындӕр ницы зыдта. Шери йын Библийӕ равдыста, Йесо йӕ уӕларвон Фыдмӕ кӕй куывта. Сылгоймаг куы бамбӕрста, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы ӕцӕг Хуыцаумӕ йӕ бон кувын кӕй у, уӕд хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айста. Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ йӕ цардӕмбал дӕр ӕмӕ йӕ чызг дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтой (Псалом 83:18; Лукайы 22:41, 42).
Шери йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай хорз хабар кӕй хъусын кӕны, уый йын цы циндзинад хӕссы, уый куы федтон, уӕд ахъуыды кодтон: «Ӕмӕ мӕн та цы хъыгдары?» Уыцы рӕстӕг та ӕз дӕр цардтӕн Гонконгы. Мӕ царды цыдӕртӕ аивтон, цӕмӕй мын фылдӕр рӕстӕг уыдаид адӕмӕн Библийы рӕстдзинады тыххӕй дзурынӕн. Адӕммӕ лӕмбынӕг кӕй байхъусын ӕмӕ сын Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн кӕй ӕххуыс кӕнын, уый фӕрцы ныр ӕцӕг амондджын дӕн.
Адӕмӕн Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн кӕй ӕххуыс кӕнын, уый фӕрцы ныр ӕцӕг амондджын дӕн
Зӕгъӕм, Библи ахуыр кодтон иу вьетнаймаг сылгоймагимӕ. Ӕдзух-иу уыди ӕнкъард ӕмӕ-иу арӕх йӕ цӕстытӕ доны разылдысты. Фӕлӕ ныр йӕ цӕстӕнгас у райдзаст ӕмӕ йын ӕмбырдтӕ стыр циндзинад хӕссынц.
Шери дӕр ӕмӕ ӕз дӕр ссардтам, рӕсугъд цардӕй бирӕ хуыздӕр цы у, уый. Киноиндустрияйы кӕй куыстам, уый кӕд нӕ зӕрдӕмӕ цыд ӕмӕ нӕ нӕмттӕ дардыл айхъуыстысты, уӕддӕр адӕмӕн Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй дзурын нӕ зӕрдӕмӕ бирӕ тынгдӕр цӕуы, уымӕн ӕмӕ йын уый йӕ номӕн кад хӕссы. Нӕхиуыл бавзӕрстам, Йесойы ныхӕстӕ куыд раст сты, уый: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).