Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ДЕВОРӔ

«Израилӕн мадау ӕххуысмӕ... сыстадтӕн»

«Израилӕн мадау ӕххуысмӕ... сыстадтӕн»

ДЕВОРӔ йӕ цӕст ахаста, йӕ алыварс Фаворы хохыл цы ӕфсӕддонтӕ ӕрӕмбырд, уыдоныл. Сӕ уындӕй йӕ зӕрдӕ барухс. Хур бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кодта. Деворӕ хъуыды кодта уыцы ӕфсӕддонты хъӕбатырдзинадыл ӕмӕ сӕ разамонӕг Варакы фидар уырнындзинадыл. Израилаг ӕфсӕддонтӕ 10 000 йеддӕмӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ фӕлвӕрд ӕрцыдаид сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ хъӕбатырдзинад. Уыдон рацыдысты ӕгъатыр знаджы ныхмӕ. Се знӕгтӕ уыдысты сӕхицӕй фылдӕр ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй дӕр уыдысты хуыздӕр ифтонг. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр хӕцынмӕ рацыдысты – сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ сӕ уыцы сылгоймаг ныфс уагъта.

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Деворӕ, рог дымгӕ йын йӕ уӕлӕдарӕс фӕйлауы, афтӕмӕй Варакимӕ хохыл лӕууы ӕмӕ уӕрӕх хурсыгъд дӕлвӕзмӕ кӕсы. Фавор у тъӕпӕнсӕр хох, ӕмӕ куыд уӕлӕмӕ, афтӕ нарӕгдӕр кӕны. Йӕ сӕрӕй хорз зыны, иу-400 метры бындӕр чи ис ӕмӕ хуссар-ныгуылӕнырдӕм уӕрӕхдӕргӕнгӕ чи цӕуы, уыцы дӕлвӕз. Уый у Ездрилоны дӕлвӕз. Киссоны донвӕд къӕдз-мӕдзытӕгӕнгӕ цӕуы дӕлвӕзы уылты, дарддӕр та йӕ фӕндаг у Кармилы хохы фӕрсты Стыр денджызмӕ. Фӕлӕ уыцы райсом Киссоны цӕугӕдон, ӕвӕццӕгӕн, уыд хус. Ӕмӕ дзы кӕд дон нӕ уыд, уӕд цымӕ уыцы уӕрӕх быдыры цы ӕрттывта? Сисарӕйы ӕфсад хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, ӕмӕ ӕфсӕйнаг хурмӕ ӕрттывдтытӕ куыд калдта, уый адӕймаджы уӕнгты тас уагъта. Уый цӕхӕр калдтой, Сисарӕ хъал кӕмӕй уыд, уыцы бӕхуӕрдӕттӕ – уыдысты иу-900 бӕрц ӕмӕ сӕ цӕлхытыл, ӕвӕццӕгӕн, уыд ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ. Израилӕгтӕм та хӕцӕнгарз рӕстмӕ дӕр нӕ уыд, ӕмӕ Сисарӕйы фӕндыд, цӕмӕй сӕ ныккарстаид, цыма кӕрдинаг хуым уыдысты, уыйау!

Деворӕ зыдта, Варак ӕмӕ йӕ адӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, цы сын зӕгъдзӕн кӕнӕ сын цы ацамондзӕн, уымӕ. Цымӕ дзы уый йеддӕмӕ сылгоймаг нӕ уыди? Цымӕ йын ахӕм стыр хӕс йӕхимӕ райсын ӕнцон уыд? Цымӕ нӕ хъуыды кодта, ам цы кусын, зӕгъгӕ? Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ! Йӕ Хуыцау Йегъовӕ йын загъта, цӕмӕй уыцы хӕст райдыдтаид. Стӕй йын раргом кодта, хӕстӕн кӕрон дӕр сылгоймаг кӕй скӕндзӕн (Тӕрхонгӕнджыты 4:9). Уырнындзинады хъуыддаджы Деворӕ ӕмӕ уыцы хъӕбатыр хӕстонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

«АЦУ ӔМӔ ФАВОРЫ ХОХЫЛ ӔРБЫНАТ КӔН»

Библийы Деворӕйы кой фыццаг хатт кӕм ӕмбӕлы, уым фыст ис, зӕгъгӕ, уыд «пехуымпар». Ахӕм номӕй Библи сылгоймӕгтӕй бирӕты нӕ хоны *. Фӕлӕ ма Деворӕйӕн уыд ӕндӕр хӕс дӕр. Адӕммӕ-иу исты дзырддаг фарста куы фӕзынд, уӕд-иу сын Йегъовӕйы дзуапп фехъусын кодта, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй бафидауын кодта (Тӕрхонгӕнджыты 4:4, 5).

Деворӕ цард Ефремы хӕхбӕсты, горӕттӕ Вефил ӕмӕ Рамӕйы ’хсӕн. Ацы ус-пехуымпар-иу бадт пальмӕбӕласы бын ӕмӕ адӕмӕн лӕггад кодта – Йегъовӕ цы дзырдта, уый сын хъусын кодта. Уый ӕнцон хӕс нӕ уыд, фӕлӕ Деворӕ йӕ ныфс сӕттын нӕ уагъта. Йе ’ххуыс адӕмы тынг хъуыди. Фӕстӕдӕр ма Хуыцауы фӕндӕй Варакимӕ зарӕг дӕр ӕрхъуыды кодтой. Йӕ адӕмӕй йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл чи сивта, уыдоны тыххӕй дзы ис мӕнӕ ахӕм ныхӕстӕ: «Ног хуыцӕуттӕ равзӕрстой сӕхицӕн. Ӕмӕ уӕд кулдуӕртты раз хӕст бацайдагъ» (Тӕрхонгӕнджыты 5:8). Израилы адӕм Йегъовӕйы кӕй ныууагътой, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй сӕ се знӕгты къухмӕ радта. Ханаайнаг паддзах Иавин израилӕгты ӕфсады хистӕр Сисарӕйы бар бакодта, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ туг дойныйӕн нуӕзта.

Сисарӕ! Ӕрмӕст уыцы ном фехъусгӕйӕ дӕр-иу израилӕгты тас бацыд ӕмӕ-иу сӕ сӕр сӕ кой сси. Ханаайнӕгты дин ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ уыдысты тынг ӕгъатыр ӕмӕ ӕлгъаг – сывӕллӕтты нывондӕн хастой ӕмӕ кувӕндӕтты хӕтыдысты. Уӕдӕ израилӕгтӕн сӕ цард ханаайнаг ӕфсады хистӕр ӕмӕ йӕ адӕмы ӕфсондзы бын куыд уыд? Деворӕйы зарӕгӕй бӕрӕг у, фӕндаггон адӕймаг стӕм кӕй уыд ӕмӕ хъӕуты цӕрӕг кӕй нал баззад (Тӕрхонгӕнджыты 5:6, 7). Адӕм хъӕдты ӕмӕ хӕхты ӕмбӕхстысты, нал уӕндыдысты фос дарын, ӕмӕ йӕ алыварс къултӕ кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хъӕуты цӕрын, стӕй, амбӕхсӕн кӕм нӕ уыд, ахӕм фӕндӕгтыл цӕуын, уымӕн ӕмӕ тарстысты, се знӕгтӕ сыл сӕхи куы ныццӕвой, ӕмӕ сын сӕ сывӕллӕтты куы акӕной, сӕ сылгоймӕгтӕн та сын тыхми куы бакӕной, уымӕй *.

Ханаайнӕгтӕ израилӕгты тухӕнӕй мардтой 20 азы бӕрц, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ федта, йӕ хивӕнд адӕм ивынмӕ цӕттӕ кӕй сты, кӕнӕ, Деворӕ ӕмӕ Варакы зарӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «цалынмӕ ӕз, Деворӕ... Израилӕн мадау ӕххуысмӕ нӕ сыстадтӕн, уӕдмӕ». Мах ӕй нӕ зонӕм, Деворӕ, Лапидофы ус, ӕцӕгдӕр мад уыди, ома йын сывӕллӕттӕ уыди ӕви нӕ, фӕлӕ ацы дзырдӕн ам, ӕвӕццӕгӕн, ис ахӕсгӕ нысаниуӕг. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ Деворӕйӕн бахӕс кодта, цӕмӕй адӕмы ныййарӕг мадау бахъахъхъӕдтаид. Загъта йын, цӕмӕй тӕрхонгӕнӕг Варакмӕ фӕдзырдтаид, ӕмӕ йӕ Сисарӕйы ныхмӕ рацӕуын кодтаид. Варак уыди хъӕбатыр адӕймаг ӕмӕ уыд фидар уырнындзинады хицау (Тӕрхонгӕнджыты 4:3, 6, 7; 5:7).

Деворӕ Варакы ныфс бауагъта, ӕмӕ Варак Хуыцауы адӕмы фервӕзын кӕныныл сразы

Йегъовӕ Деворӕйӕн Варакмӕ ахӕм ныхӕстӕ арвыста: «Ацу ӕмӕ Фаворы хохыл ӕрбынат кӕн». Варак хъуамӕ Израилы дыууӕ мыггагӕй ӕрӕмбырд кодтаид 10 000 адӕймаджы. Йегъовӕйы номӕй Деворӕ уыдонӕн ныфс бавӕрдта, Сисарӕйы хъомысджын ӕфсадыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты ӕмӕ йын йӕ 900 бӕхуӕрдоны кӕй ныппырх кӕндзысты! Уый Варакмӕ тынг диссаг куыннӕ фӕкастаид. Израилы ӕфсад нымӕцӕй бирӕ нӕ уыдысты, стӕй сӕм хӕцӕнгарз дӕр фаг нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр Варак сразы знаджы ныхмӕ рацӕуын – ӕцӕг, кӕд Деворӕ дӕр йемӕ Фаворы хохмӕ рацыдаид, уӕд (Тӕрхонгӕнджыты 4:6–8; 5:6–8).

Варак Деворӕйы йемӕ кӕй цӕуын кодта, уый тыххӕй дзы фӕзӕгъынц, уырнындзинад ын нӕ фаг кодта, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Варак Хуыцауӕй хӕцӕнгарз нӕ ракуырдта. Уый уыд фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕйы минӕвар семӕ куы уа, уӕд йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ адӕмӕн дӕр сӕ ныфс фидар кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:32, 33). Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ фӕндоныл сразы – Деворӕйы Варакимӕ арвыста. Фӕлӕ ма Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн уый дӕр зӕгъын кодта, ӕмӕ хӕстӕн кӕрон скӕныны кад нӕлгоймагмӕ кӕй не ’рхаудзӕн (Тӕрхонгӕнджыты 4:9). Хуыцауы фӕнд уыд, цӕмӕй уыцы фыдгӕнӕг, Сисарӕ, йӕ мӕлӕт ссардтаид сылгоймаджы къухӕй!

Абоны дунейы бирӕ сылгоймӕгтӕ сӕ хъуырмӕ сты тыхмийӕ, рӕхуыст ныхасӕй ӕмӕ сӕ кӕй ӕфхӕрынц, уымӕй. Хуыцауы цӕсты цы кады аккаг сты, ахӕм кад сын арӕх нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ Хуыцау сылгоймагӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕн иухуызон аргъ кӕны ӕмӕ сӕ никӕй хъулон кӕны (Ромӕгтӕм 2:11; Галатӕгтӕм 3:28). Деворӕйы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ сылгоймӕгты дӕр кадджын хӕстӕй кӕй схайджын кӕны, стӕй сыл кӕй ӕууӕнды ӕмӕ сӕ кӕй уарзы. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, ацы дунейы сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсынц, мах дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсын ма райдайӕм.

«ЗӔХХ ӔНКЪУЫСЫД, АРВ ФЕМӔХСТ»

Варак ацыд ӕфсад ӕмбырд кӕнынмӕ, ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта 10 000 адӕймаджы. Уыдонмӕ уыйбӕрц хъӕбатырдзинад разынд, ӕмӕ Сисарӕйы стыр ӕмӕ гӕрзифтонг ӕфсады ныхмӕ рацӕуынмӕ цӕттӕ уыдысты. Варак йӕ адӕмы Фаворы хохмӕ куы фӕцӕйкодта, уӕд цин кодта, уымӕн ӕмӕ, сӕ ныфс кӕй асӕтдзӕн, уымӕй нал тарст. Цӕуылнӕ? Библийы кӕсӕм: «Деворӕ дӕр йемӕ ацыди» (Тӕрхонгӕнджыты 4:10). Уыцы хъӕбатыр сылгоймаг семӕ Фаворы хохмӕ ацыд ӕмӕ, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыди. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, уый уыцы ӕфсӕддонты цы стыр ныфс бауагътаид!

Сисарӕ куы базыдта, израилӕгтӕ йӕ ныхмӕ рацӕуынмӕ сӕ ныфс кӕй бахастой, уӕд уый дӕр уайтагъд архайын райдыдта. Цалдӕр ханаайнаг паддзахы се ’фсӕдтимӕ паддзах Иавинмӕ ӕххуысмӕ фӕзындысты. Иавин, ӕвӕццӕгӕн, уыдонӕй хъомысджындӕр уыд. Ӕмӕ Сисарӕйы бӕхуӕрдӕттӕ гыбар-гыбургӕнгӕ дӕлвӕзмӕ куы ныййарц сты, уӕд сӕ быны зӕхх змӕлын байдыдта. Ханаайнӕгтӕ ӕнхъӕлдтой, израилӕгты гыццыл ӕмӕ ӕвӕлтӕрд ӕфсад цӕстыфӕныкъуылдмӕ кӕй ныццӕгъддзысты (Тӕрхонгӕнджыты 4:12, 13; 5:19).

Цымӕ Варак ӕмӕ Деворӕ куыд бакодтой, знаг куы ’рбаввахс, уӕд? Фаворы хохы фӕхстыл куы баззадаиккой, уӕд сӕ уавӕр се знӕгты уавӕримӕ абаргӕйӕ хуыздӕр уыдаид, уымӕн ӕмӕ Сисарӕйӕн йӕ бӕхуӕрдӕттӕй ӕрмӕстдӕр тыгъд быдыры уыд пайда. Фӕлӕ Варакы фӕндыд Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ каст, Деворӕ цы зӕгъдзӕн, уымӕ. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг ӕрхӕццӕ. Деворӕ загъта: «Сыст, уымӕн ӕмӕ абон Йегъовӕ Сисарӕйы дӕ къухмӕ ратдзӕн. Йегъовӕ йӕхӕдӕг нӕ цӕуы дӕ разӕй?» Дарддӕр та кӕсӕм: «Гъемӕ Варак ӕрцыд Фаворы хохӕй, йӕ фӕдыл дӕс мин лӕджы, афтӕмӕй» (Тӕрхонгӕнджыты 4:14) *.

Израилӕгтӕ хохӕй дӕлӕмӕ ӕрхызтысты ӕмӕ сӕ ных тыгъд быдырмӕ сарӕзтой – комкоммӕ уыцы стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсады ныхмӕ рацыдысты. Цымӕ, Деворӕ куыд загъта, афтӕмӕй Йегъовӕ ӕцӕгдӕр сӕ разӕй цыд? Дзуапмӕ сӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бахъуыд. Библийы кӕсӕм: «Уӕд зӕхх ӕнкъуысыд, арв фемӕхст». Сисарӕ йӕ сӕр бӕрзӕндты кӕмӕй хаста, уыцы ӕфсад сдзӕгъӕлтӕ. Къӕвда ныккалдта! Ӕмӕ ахӕм уард кодта, ӕмӕ зӕхх уайтагъд цъыф-цъымара фестад. Ханаайнӕгтӕн сӕ уӕззау бӕхуӕрдӕттӕ ӕфсӕйнаг кӕрдтимӕ хъыгдарыны хос йеддӕмӕ ницыуал уыдысты. Иууылдӕр сын цъыфы ныссагъдысты ӕмӕ сӕ бон нал размӕ цӕуын уыд, нал – фӕстӕмӕ (Тӕрхонгӕнджыты 4:14, 15; 5:4).

Варак ӕмӕ йӕ адӕм къӕвдайӕ нӕ фӕтарстысты. Уыдон зыдтой, уыцы къӕвда чи рауагъта, уый, ӕмӕ комкоммӕ, ханаайнӕгты ӕфсад кӕм уыд, уырдӕм ныййарц сты. Израилӕгтӕ ӕххӕст кодтой Хуыцауы тӕрхон, ӕмӕ Сисарӕйы ӕфсадӕй иу дӕр нал ныууагътой. Киссоны цӕугӕдон раивылд ӕмӕ мӕрдты иууылдӕр Стыр денджызмӕ фӕласта (Тӕрхонгӕнджыты 4:16; 5:21).

Деворӕ куыд загъта, афтӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕрыл тох кодта ӕмӕ Сисарӕйы ӕфсад ныппырх кодта

Абон Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнӕуи хӕстмӕ нал ӕрвиты, фӕлӕ сын дзуры, цӕмӕй тох кӕной уырнындзинады сӕрыл (Матфейы 26:52; 2 Коринфӕгтӕм 10:4). Кӕд Хуыцауы коммӕ кӕсыныл архайӕм, уӕд уымӕй ӕвдисӕм, уыцы хӕсты кӕй фарс стӕм, уый. Мах хъӕуы хъӕбатырдзинад, уымӕн ӕмӕ абон Хуыцауы фарс чи у, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ карз ӕфхӕрд дӕр баййафой. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ аивта. Уый абон дӕр ӕххуысмӕ фӕзыны, Деворӕ, Варак ӕмӕ йыл рагон Израилы хъӕбатыр ӕфсӕддонтау чи ӕууӕнды ӕмӕ йыл йӕ ныфс чи дары, уыдонмӕ.

«СЫЛГОЙМӔГТӔЙ СЕ ’ППӔТӔЙ АРФӔГОНДДӔР»

Фӕлӕ уӕддӕр ханаайнӕгтӕй иу алыгъд – се знӕгтӕй ӕппӕты фыддӕр! Сисарӕ, Хуыцауы адӕмы тухӕнӕй чи мардта, уый, хӕсты быдырӕй фистӕгӕй лидзинаг фӕци. Йӕ адӕмы цъыфы сӕ уд исгӕйӕ ныууагъта, йӕхӕдӕг та израилӕгты фӕрсты рахъуызыд, цъыфдзастӕй рабырыд ӕмӕ, се ’мцӕдисонтӕй уырдӕм хӕстӕгдӕр чи цард, уыдоны ’рдӕм йӕ ных сарӕзта. Цалдӕр километры тыгъд быдыры фӕлыгъд, израилаг ӕфсӕддонтӕ йӕ куы раййафой, уымӕй тӕрсгӕйӕ, ӕмӕ ӕппынфӕстаг кенейаг Хеверы цатыртӕм бахӕццӕ. Хевер цы адӕмӕй уыди, уыдон цардысты хуссарырдыгӕй ӕмӕ кодтой цӕугӕ цард. Фӕлӕ сӕ Хевер кӕддӕр фӕхицӕн ӕмӕ паддзах Иавинимӕ цавӕрдӕр бадзырд скодта, кӕд ӕй ӕцӕг бадзырд схонӕн нӕ уыд, уӕддӕр (Тӕрхонгӕнджыты 4:11, 17).

Сисарӕ Хеверы цатыртӕм бацыд, фырфӕлладӕй йӕ къӕхтыл дӕр нал лӕууыд, афтӕмӕй. Фӕлӕ Хеверы уым нӕ баййӕфта, уыдис дзы ӕрмӕстдӕр йӕ ус Иаил. Сисарӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ Иаил аргъ кӕндзӕн, йӕ лӕг паддзах Иавинимӕ цы бадзырд скодта, уымӕн. Сылгоймаг йӕ лӕджы фӕндоны ныхмӕ исты сараздзӕн кӕнӕ ууыл суанг хъуыды дӕр акӕндзӕн, уый, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ Сисарӕ Иаилы нӕ зыдта! Иаил куыннӕ уыдта, ханаайнӕгтӕ уыцы зӕххыл цы фыдмитӕ кодтой, уый. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныр хъуыды кодта, цы бакӕна, ууыл: уыцы ӕгъатыр адӕймагӕн баххуыс кӕна ӕви Йегъовӕйыл йӕ ныфс сӕвӕра ӕмӕ йын йӕ адӕмы знаджы амара. Цымӕ цы равзардзӕн? Сылгоймаг куыд хъуамӕ фӕтых уа, хӕсты чи бахсыст, ахӕм хъаруджын ӕфсӕддоныл?

Иаилӕн рахъуыды-бахъуыды кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг нӕ уыд. Сисарӕйы мидӕмӕ йӕ фӕллад суадзынмӕ бахуыдта. Уазӕг ӕй бафӕдзӕхста, куы йӕ агурой, уӕд ӕй цӕмӕй макӕмӕн схъӕр кӕна. Иаил ӕй хъӕццулӕй ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ дзы Сисарӕ дон куы ракуырдта, уӕд ын ӕхсырысӕртӕ радта. Лӕг уайтагъд тарф фынӕй баци. Уӕд Иаил райста, цатырты цӕрӕг сылгоймӕгтӕ арӕх ӕмӕ арӕхстджынӕй кӕмӕй пайда кодтой, дыууӕ ахӕм мигӕнӕны – цатыры къӕбӕл ӕмӕ дзӕбуг. Стӕй Сисарӕйы сӕрмӕ ’ввахс ӕрбадт. Ныр хъуамӕ сарӕзтаид, фыртӕссӕй кӕмӕнфӕнды дӕр йе уӕнгтӕ кӕмӕй адон уыдаиккой, ахӕм хъуыддаг – Йегъовӕйы тӕрхон сӕххӕст кодтаид. Ӕмӕ зӕгъгӕ гыццылдӕр йӕ ныфс фӕцудыдта, уӕд йӕхиуыл мӕгуыры бон акодтаид. Цымӕ цӕуыл хъуыды кодта Иаил? Мыййаг, Хуыцауы адӕмыл ӕмӕ сын уыцы фыдлӕг дӕсгай азты дӕргъы цы фыдмитӕ кодта, ууыл? Ӕви йӕм Йегъовӕйы фарс слӕууыны кад кӕй ӕрхаудта, ууыл? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Зонӕм ӕрмӕстдӕр уый, ӕмӕ Иаил фӕстӕ кӕй нал фӕкодта. Сисарӕ уыд мард! (Тӕрхонгӕнджыты 4:18–21; 5:24–27).

Фӕстӕдӕр уырдӕм йе знаджы агурӕг бацыд Варак. Иаил ын Сисарӕйы равдыста – лӕг мардӕй хуыссыд, йӕ къӕмисӕнты къӕбӕл, афтӕмӕй. Варакы ма цы базонын хъуыд, Деворӕйы пехуымпар-ныхас кӕй сӕххӕст, уый. Тыхджын хӕстон лӕг Сисарӕ йӕ мӕлӕт ссардта сылгоймаджы къухӕй! Библи иртасыны куыст чи кӕны, уыдон Иаилы цынӕ ӕфхӕрӕн номӕй хонынц, ахӕм нӕй. Фӕлӕ Варак ӕмӕ Деворӕ хуыздӕр зыдтой, Иаил ӕцӕгдӕр цы номы аккаг уыд, уый. Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй йӕ сӕ зарӕджы Хуыцауы фӕндӕй схуыдтой «сылгоймӕгтӕй се ’ппӕтӕй арфӕгонддӕр» (Тӕрхонгӕнджыты 4:22; 5:24). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Деворӕ уыди диссаджы удыхъӕды хицау. Иаил ахӕм кады аккаг кӕй сси, уымӕ нӕ бахӕлӕг кодта. Деворӕйӕн сӕйрагдӕр уыд, Йегъовӕйы ныхас кӕй сӕххӕст, уый.

Сисарӕйы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгты паддзах Иавинӕн йӕ хӕстон хъомыс басаст. Израилы адӕм ханаайнӕгтӕй сулӕфыдысты. Ӕмӕ сӕ зӕххыл цыппор азы уыди сабырдзинад (Тӕрхонгӕнджыты 4:24; 5:31). Деворӕ, Варак ӕмӕ Иаил арфӕгонд ӕрцыдысты, сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардтой, уый тыххӕй! Деворӕйы уырнындзинад куы фӕзмӕм ӕмӕ Йегъовӕйы рӕстдзинады сӕрыл фидарӕй куы дзурӕм ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ куы разӕнгард кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ не знӕгтыл уӕлахиз кӕндзыстӕм, стӕй ӕнӕкӕрон фарнӕй хайджын уыдзыстӕм.

^ 7 абз. Иннӕ ус-пехуымпартӕ та уыдысты Мариам, Олдамӕ ӕмӕ Исайы ус (Рацыд 15:20; 2 Паддзӕхты 22:14; Исай 8:3).

^ 9 абз. Деворӕйы зарӕгӕй бӕрӕг у, Сисарӕ-иу йӕ хӕстон балцытӕй арӕх кӕй ӕрыздӕхт бирӕ фӕллӕйттимӕ, стӕй бирӕ сылгоймӕгтимӕ. Хатт-иу дзы иу ӕфсӕддонмӕ ӕрхауд иу сылгоймагӕй фылдӕр (Тӕрхонгӕнджыты 5:30). Ацы стихы дзырд «сылгоймаг»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмацгонд, уый комкоммӕ нысан кӕны «хуылф». Уымӕй бамбарӕн ис, уыцы сылгоймӕгтӕн сӕйраджыдӕр сӕ цоткӕнӕн уӕнгты тыххӕй кӕй аргъ кодтой. Ӕвӕццӕгӕн сӕм сылгоймагӕн тыхми бакӕнын ӕппындӕр ницы каст.

^ 17 абз. Уый фӕстӕ цы тох уыд, уый Библийы, Тӕрхонгӕнджыты чиныджы, фыст ис дыууӕ хатты – хабар куыд уыд, уый фыст ис 4 сӕры, стӕй 5 сӕры Деворӕ ӕмӕ Варакы зарӕджы, ӕмӕ дзы иу сӕры цы лыстӕг хабӕрттӕ нӕй фыст, уыдон фыст сты иннӕйы.