«Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы»
Скъолайы физкультурӕйы ахуыргӕнӕджы куыстӕй рарвыстой, уымӕн ӕмӕ йӕ маст уромын нӕ зоны.
Сывӕллонӕн цыдӕр саразыны бар нӕ радтой, ӕмӕ йӕхи зӕххытыл фӕхоста.
Мад йӕ фырты хъӕры бын фӕкодта, йӕ къомнӕт ын ӕнӕфснайдӕй кӕй ӕрбаййӕфта, уый тыххӕй.
АЛЧИДӔР нӕ федта мӕсты адӕймаджы. Ӕмӕ йыл дзырд дӕр нӕй, иуӕй-иу хатт нӕхӕдӕг дӕр кӕй смӕсты вӕййӕм. Чи зоны йӕ ӕмбарӕм, мӕсты кӕнын ӕвзӕр миниуӕг кӕй у ӕмӕ адӕймаг йӕ маст уромын кӕй хъуамӕ зона. Фӕлӕ арӕх афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын мӕсты кӕнынӕн ӕфсон ис, уӕлдайдӕр та нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ чидӕр цыдӕр раст нӕ бакодта, уӕд. Америкӕйы психологты ассоциаци иу статьяйы ныффыста, зӕгъгӕ, «адӕймаг кӕй смӕсты вӕййы, уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ афтӕ конд у».
Ацы хъуыды, чи зоны, искӕмӕ раст фӕкӕса, уӕлдайдӕр, апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон кӕсгӕйӕ. Павел зыдта, адӕймаг хатт кӕй смӕсты вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд» (Ефесӕгтӕм 4:26). Уӕдӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн: мӕсты кӕнын раст у ӕви хъуамӕ нӕ маст уромын зонӕм?
МӔСТЫ КӔНЫН РАСТ У?
Павел мӕсты кӕныны тыххӕй уынаффӕ куы лӕвӕрдта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъуыдыйы уыдысты псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр-иу тӕригъӕд ма саразут» (Псалом 4:4). Уӕдӕ Павелы бӕлвырдӕй цы зӕгъын фӕндыди? Дарддӕр йӕ хъуыды бамбарын кодта: «Ныууадзут алы фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас, стӕй, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый» (Ефесӕгтӕм 4:31). Уӕдӕ Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ маст уромын зыдтаиккой. Цымыдисаг уый у, ӕмӕ, Америкӕйы психологты ассоциаци цы статья ныффыста, уым дарддӕр ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, адӕймаг йӕ маст куы нӕ бауромы, уӕд ноджы тынгдӕр смӕсты вӕйы, ӕмӕ йын уый йӕ уавӕр фыддӕр цы фӕкӕны, ӕндӕр ын ницы ӕххуыс фӕвӕййы».
Уӕдӕ нӕ бон куыд у маст ӕмӕ, уый цы расайы, уыдӕттӕ «ныууадзын»? Рагон Израилы паддзах Соломон ныффыста: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы, ӕмӕ иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 19:11). Цымӕ адӕймаг куы смӕсты вӕййы, уӕд ын «ӕмбаргӕдзинад» куыд баххуыс кӕны?
ӔМБАРГӔДЗИНАД МАСТ КУЫД УРОМЫ
Ӕмбаргӕдзинад у, адӕймаг арфуынӕг куы вӕййы ӕмӕ, цавӕрдӕр хабар афтӕ цӕмӕн рауад, уый куы фембары. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна йе та нӕ куы смӕсты кӕна, уӕд нын ӕмбаргӕдзинад куыд баххуыс кӕндзӕн?
Адӕймаг хӕрам хъуыддӕгтӕ куы фӕуыны, уӕд смӕсты вӕййы. Фӕлӕ йӕ маст куы нӕ бауромы, уӕд арӕх зиан ӕрхӕссы йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Хӕдзарыл зынг куы сирвӕза ӕмӕ йӕ куы нӕ ахуыссын кӕнай, уӕд саусыгъд бакӕндзӕн. Раст афтӕ, нӕ масты зынг куы ссудза ӕмӕ йӕ куы нӕ бауромӕм, уӕд нын хорз ном нал уыдзӕн, стӕй иннӕтимӕ дӕр ӕмӕ суанг Хуыцауимӕ дӕр хӕларӕй нал цӕрдзыстӕм. Уӕдӕ мӕсты кӕнын куы райдайӕм, уӕд-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, хабар афтӕ цӕмӕн рауад, ууыл. Уый фӕрцы-иу нӕ бон уыдзӕн нӕ маст бауромын.
Соломоны фыдыл, паддзах Давидыл, ахӕм хабар ӕрцыд, ӕмӕ, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ туг ныккалдтаид. Фӕлӕ йын уынаффӕ кӕй радтой, уый фӕрцы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй ракаст. Давид ӕмӕ йӕ адӕм Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдыры иу лӕгӕн, Навалӕн, йӕ фыстӕ хъахъхъӕдтой. Фыстӕ ӕлвыныны афон куы ’рцыд, уӕд Давид Навалмӕ йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй сын иугыццыл хойраг радтаид. Фӕлӕ сын Навал загъта: «Ныр хъуамӕ мӕ дзул, мӕ дон ӕмӕ, мӕ фысӕлвынджытӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтон, уыцы дзидза райсон ӕмӕ, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнын, уыдонӕн сӕ раттон?» Уый стыр ӕфхӕрд куыннӕ уыд! Давид уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд 400 адӕймаджы бӕрц йемӕ акодта, цӕмӕй Навалы ӕмӕ, йӕ хӕдзары чи уыд, уыдоны ныццагътаид (1 Самуилы 25:4–13).
Навалы бинойнаг Авигейӕ хабар куы базыдта, уӕд Давиды размӕ ацыд. Куы сыл сӕмбӕлд, уӕд Давиды къӕхтӕм ӕрхауд ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъарӕн демӕ дзурыны бар ратт ӕмӕ байхъус, дӕ цагъар цы зӕгъдзӕн, уымӕ». Стӕй Давидӕн бамбарын кодта, Навал ӕнӕзонд адӕймаг кӕй у ӕмӕ дзы йӕ маст куы райса ӕмӕ туг куы ныккала, уӕд фӕсмойнаг кӕй фӕуыдзӕн (1 Самуилы 25:24–31).
Давид Авигейӕйы ныхӕстыл ахъуыды кодта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ маст ссыд. Давид бамбӕрста, Навал ӕнӕзонд адӕймаг кӕй у, стӕй, йӕ масты фӕдыл куы ацӕуа, уӕд туг кӕй ныккалдзӕн. Давидау ды дӕр, чи зоны, истӕуыл смӕсты уай. Ахӕм уавӕры куыд хъуамӕ бакӕнай? Зӕгъӕм, маст уромыны тыххӕй клиникӕ Мейо цы статья ныффыста, уым уыд ахӕм уынаффӕ: «Арф-иу сулӕф ӕмӕ-иу дӕсмӕ банымай». Уӕдӕ-иу ахъуыды кӕн, хабар афтӕ цӕмӕн рауад ӕмӕ, цы бакӕнынмӕ хъавыс, уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Ӕмбаргӕдзинад дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕ маст бауромай (1 Самуилы 25:32–35).
Давидау йӕ маст уромын чи сахуыр, ахӕм адӕм абон дӕр бирӕ ис. Зӕгъӕм, иу лӕппу, Себастьян, зӕгъгӕ, Польшӕйы ахӕстоны куы уыд, уӕд райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы сахуыр йӕ маст уромын. Уӕд ыл цыди 23 азы. Уый загъта: «Фыццаг уал ахъуыды кӕнын, хабар афтӕ цӕмӕн рауади. Уый фӕстӕ фӕархайын, цӕмӕй, Библийы куыд фыст ис, афтӕ бакӕнон. Бамбӕрстон ӕй, Библийӕ хуыздӕр уынаффӕтӕ кӕй никуы ис ссарӕн».
Сецуо дӕр архайы Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ. Уый загъта: «Куысты-иу искӕмӕ куы смӕсты дӕн, уӕд-иу ӕй хъӕры бын фӕкодтон. Фӕлӕ, Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтон, уый фӕрцы аивтон. Хъӕр кӕныны бӕсты уал ахъуыды кӕнын: „Чи у аххосджын? Мыййаг, мӕхӕдӕг нӕ дӕн?“» Сецуо ахӕм фарстатыл кӕй ахъуыды кӕны, уый фӕрцы сахуыр йӕ маст уромын.
Кӕд мӕсты кӕнын тыхджын ӕнкъарӕн у, уӕддӕр Хуыцауы Ныхасы уынаффӕты ис стырдӕр тых. Уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай ӕмӕ Хуыцауӕй ӕххуыс куы курай, уӕд ды дӕр сахуыр уыдзынӕ дӕ маст уромын.