СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХОРЗ АДӔМЫЛ ӔВЗӔР ХАБӔРТТӔ ЦӔМӔН ЦӔУЫ?
Хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы?
Хуыцау Йегъовӕ * алцыдӕр кӕй сфӕлдыста ӕмӕ ӕнӕкӕрон тыхы хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ алцыдӕр Хуыцауы аххос кӕнынц, суанг ӕвзӕр хабӕрттӕ дӕр. Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм, Библийы ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ:
«Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй» (Псалом 145:17).
«[Хуыцауы] фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ» (Дыккаг закъон 32:4).
«Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ... у» (Иаковы 5:11).
Ӕвзӕр хабӕрттӕ Хуыцауӕй не сты. Уӕд та, чи зоны, адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыныл уый ардауы? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Библийы фыст ис: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“». Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13). Хуыцау ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕныныл никӕй ардауы, ӕмӕ афтӕмӕй никӕй фӕлвары. Уӕдӕ кӕд ӕвзӕр хабӕртты Хуыцау нӕу аххосджын, стӕй иннӕтӕн дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ аразын кӕны, уӕд цымӕ кӕй кӕнӕ цӕй аххосӕй ӕрцӕуынц?
КӔД КӔУЫЛ ЦЫ ’РЦӔУДЗӔН...
Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уымӕн йӕ иу аххосаджы тыххӕй Библийы фыст ис: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Бӕллӕхы рӕстӕг адӕймагыл исты ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ, уый фылдӕр кӕнгӕ уыдзӕн, уыцы рӕстӕг кӕм уа, уымӕй. Иу-2 000 азы размӕ Йесо Чырысти радзырдта, 18 адӕймаджы кӕм фӕмард, иу ахӕм бӕллӕхы тыххӕй. Уыцы адӕмыл мӕсыг ныккалд ӕмӕ йӕ быны фӕмард сты (Лукайы 13:1–5). Ахӕм хабар сыл, тӕригъӕдджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй не ’рцыд, фӕлӕ уыцы рӕстӕг мӕсыджы фарсмӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Нӕ рӕстӕджы та, 2010 азы январы, Гаитийы уыд стыр зӕххӕнкъуыст. Уыцы бӕстӕйы хицауад куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй уыцы зӕххӕнкъуысты фӕмард 300 000 адӕймагӕй фылдӕр. Мӕлӕт не ’взӕрста, чи дзы чи уыд, уый. Низ дӕр цыфӕнды афон дӕр кӕйфӕнды уӕлхъус дӕр ӕрбалӕууы.
Хуыцау хорз адӕмы бӕллӕхтӕй цӕуылнӕ ирвӕзын кӕны?
Чи зоны, исчи зӕгъа: «Ау, Хуыцауӕн йӕ бон нӕ вӕййы ахӕм бӕллӕхтӕ бауромын? Хорз адӕмы цӕуылнӕ бахизы?» Цӕмӕй-иу Хуыцау бӕллӕхтӕ ’рцӕуын ма бауадза, уый тыххӕй хъуамӕ рагацау зона, кӕй ӕрцӕудзысты, уый. Кӕд Хуыцауӕн алцыдӕр рагацау базонын йӕ бон у, уӕд раиртасын хъӕуы ахӕм фарста: цымӕ уыцы курдиатӕй алкӕддӕр фӕпайда кӕны? (Исай 42:9).
Библийы фыст ис: «Хуыцау ис уӕлӕрвты. Цыдӕриддӕр ӕй фӕндыд, уый сарӕзта» (Псалом 115:3). Йегъовӕ алы хатт дӕр фӕаразы, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый нӕ, фӕлӕ ӕнӕмӕнг хъуыддагыл цы нымайы, уый. Афтӕ зӕгъӕн ис, фидӕны хабӕрттӕй йӕ цы фӕнды зонын, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, рагон горӕттӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы фыддзинад тынг куы сарӕх, уӕд Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамӕн загъта: «Ныццӕуон ӕмӕ йӕ фенон, цымӕ сӕ куыд хъаст кӕнынц, ӕцӕгдӕр ахӕм митӕ кӕнынц ӕви нӕ. Хъуамӕ йӕ базонон» (Райдиан 18:20, 21). Цасдӕр рӕстӕг Йегъовӕйы нӕ фӕндыд зонын, уыцы горӕтты фыддзинад куыд тынг сарӕх ис, уый. Уӕдӕ Йегъовӕйы алы хатт алцы зонын нӕ фӕфӕнды (Райдиан 22:12). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕххӕст у кӕнӕ йӕ бон алцы нӕу. Хуыцауӕн «йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау». Уымӕ гӕсгӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый зоныны курдиатӕй фӕпайда кӕны, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн ӕй исты базонын куы фӕхъӕуы, уӕд. Хуыцау адӕмӕн тыхӕй никуы ницы фӕаразын кӕны (Дыккаг закъон 32:4). Цыбырдзырдӕй, Хуыцауӕн йӕхи бар у ӕмӕ йӕхӕдӕг ӕвзары, фидӕны цы уыдзӕн, уый зона ӕви нӕ.
АДӔМ СӔХӔДӔГ СТЫ АХХОСДЖЫН?
Фыддзинад кӕй ис, уый адӕмы аххос дӕр у. Ӕркӕсӕм-ма, фыдхъуыддӕгтӕм цы ’ркӕны, уый Библи куыд ӕмбарын кӕны: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ, ӕмӕ тӕригъӕд та, иугӕр ӕрцыд, уӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ» (Иаковы 1:14, 15). Адӕймаг йе ’взӕр фӕндты фӕдыл куы ацӕуы, уӕд ӕй уый хорзмӕ не ’ркӕны, ӕмӕ йӕхи хъизӕмӕртты хай бакӕны (Ромӕгтӕм 7:21–23). Историйӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй адӕм тынг ӕвирхъау хабӕрттӕ фӕкодтой, ӕмӕ бирӕтӕн стыр хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой. Уымӕй уӕлдай ма фыдгӕнджытӕ иннӕты дӕр сӕхи хуызӕн скӕнынц, ӕмӕ афтӕмӕй фыддзинад фылдӕр кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 1:10–16).
Адӕм тынг ӕвирхъау хъуыддӕгтӕ фӕкодтой ӕмӕ бирӕтӕн стыр хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой
Цымӕ Хуыцау хӕсджын у, цӕмӕй адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын ма уадза? Ахъуыды-ма кӕнӕм, адӕймаг куыд конд у, ууыл. Библийы фыст ис, Хуыцау адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста. Уымӕ гӕсгӕ махӕн нӕ бон у, Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ ис, уыцы миниуджытӕ ӕвдисын (Райдиан 1:26). Адӕмӕн сӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ сӕхицӕй кӕнгӕ у, Хуыцауы уарздзысты ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый араздзысты ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕндзысты ӕви нӕ (Дыккаг закъон 30:19, 20). Хуыцау сын тыхӕй исты куы аразын кӕнид, уӕд цымӕ афтӕ зӕгъӕн уаид, ӕмӕ уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг хӕссынц? Уӕд роботтӕй уӕлдай нӕ уаиккам – нӕ мидӕг нын цы программӕ сӕвӕрдтаид, ӕрмӕстдӕр уымӕ гӕсгӕ архайдтаиккам. Афтӕ у йӕ хабар хъысмӕтӕн дӕр – чи йыл ӕууӕнды, уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг цыдӕриддӕр аразы ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ӕрцӕуы, уыдӕттӕ иууылдӕр йӕ ныхыл фыст вӕййынц. Уӕдӕ Хуыцауӕй стыр бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм, ахӕм кады аккаг нӕ кӕй скодта, цӕмӕй нӕ цард аразӕм, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ! Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, адӕймаджы рӕдыдтытӕ ӕмӕ ӕнӕраст уынаффӕтӕ цы зиан хӕссынц, уыдоны аххосӕй адӕм ӕнустӕм хъизӕмар кӕндзысты.
АДӔМ КӔЙ ХЪИЗӔМАР КӔНЫНЦ, УЫЙ КАРМӔЙЫ АХХОС У?
Индуизмыл кӕнӕ буддизмыл хӕст бинонты ’хсӕн чи схъомыл, уыдонӕй бирӕтӕ ӕууӕндынц реинкарнацийыл кӕнӕ кармӕйыл. Цы у кармӕ? Кармӕйыл чи ӕууӕнды, уыдоны уырны, адӕймаг йӕ раздӕры царды цы арӕзта, уымӕй кӕнгӕ кӕй у, ныр куыд цӕры, уый. Уымӕ гӕсгӕ, индуизмыл кӕнӕ буддизмыл хӕст адӕмӕй искӕмӕ, ацы журналы фыццаг фарсыл цы фарста ис, уый куы раттай, уӕд дын зӕгъдзӕн: «Хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуы кармӕйы закъоны тыххӕй. Сӕ раздӕры царды цы байтыдтой, уый ныр кӕрдынц» *.
Кармӕйы ахуырад раст у ӕви нӕ, уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзӕн, Библийы мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис, уый. Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны, адӕмы кӕм сфӕлдыста, уым, фыццаг нӕлгоймаг Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:16, 17). Адам Хуыцауы ныхасы сӕрты куы нӕ ахызтаид ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд куы нӕ ракодтаид, уӕд ӕнустӕм цардаид. Адам амардаид, Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакастаид, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Уымӕ гӕсгӕ, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн цот куы фӕзынд, уӕд «мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр» (Ромӕгтӕм 5:12). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ «тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» (Ромӕгтӕм 6:23). Библи ма ӕмбарын кӕны: «Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар» (Ромӕгтӕм 6:7). Ӕндӕр ныхасӕй, адӕймаджы йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидын нал хъӕуы.
Милуангай адӕм зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый кармӕйы аххос у. Уырнӕг адӕймаг йӕ хъизӕмӕрттӕм, стӕй иннӕты хъизӕмӕрттӕм дӕр ахӕм цӕстӕй фӕкӕсы, цыма афтӕ хъуамӕ уа. Фӕлӕ уӕд, ӕвзӕр хабӕрттӕн искуы кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй нӕ ницы ныфс уаид. Уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ, адӕймаг йӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕздзӕн, йӕ уд иу буарӕй иннӕмӕ куы нал хиза, уӕд. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн ис хорз уагахаст ӕмӕ цавӕрдӕр зонындзинады фӕрцы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ахуырадӕн Библиимӕ иумӕйагӕй ницы ис.
СӔЙРАДЖЫДӔР АХХОСДЖЫН ЧИ У?
Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ, фыддзинад кӕй ис, уым сӕйраджыдӕр адӕймаг у аххосджын. Сайтан Хӕйрӕг, райдианы Хуыцауы иузӕрдион зӕд, «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд», ӕмӕ дуне тӕригъӕды баппӕрста (Иоанны 8:44). Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕйы Хуыцауы ныхмӕ Хӕйрӕг рацӕуын кодта (Райдиан 3:1–5). Йесо Чырысти йӕ схуыдта «Фыдбылыз» ӕмӕ «ацы дунейы хицау» (Матфейы 6:13; Иоанны 14:30). Адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы раст закъӕттӕ ницӕмӕ дарынц, ӕмӕ афтӕмӕй Хӕйрӕджы фӕдыл цӕуынц (1 Иоанны 2:15, 16). «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы»,– фыст ис 1 Иоанны 5:19. Зӕдтӕй дӕр кӕцыдӕртӕ Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайынц», ӕмӕ зӕхх абон додойаг уавӕры уый тыххӕй ис (Раргомад 12:9, 12). Уӕдӕ фыддзинад кӕй ис, уый сӕйраджыдӕр у Хӕйрӕджы аххос.
Куыд федтам, афтӕмӕй адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй цӕуы, стӕй кӕй хъизӕмар кӕнынц, уым Хуыцау нӕу аххосджын. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, фыддзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. Куыд, уый та базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.
^ 3 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.
^ 16 абз. Кармӕйы закъон, зӕгъгӕ, кӕцӕй равзӕрд, уый базонын дӕ кӕд фӕнды, уӕд кӕс брошюрӕ «Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?», 8–12 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.