СӔЙРАГ ТЕМӔ
Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?
Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Кӕд Хуыцау алцыдӕр зоны, суанг мӕ хъуыдытӕ дӕр, уӕд ма йӕм кувын та цӕмӕн хъӕуы?» Ӕмӕ уый, ӕцӕгдӕр, ахсджиаг фарста у. Стӕй Чырысти дӕр нӕ загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕй «кургӕ дӕр... ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый»? (Матфейы 6:8). Уый зыдта рагон Израилы паддзах Давид дӕр, ӕмӕ ныффыста: «Нырма зӕгъгӕ дӕр ницы фӕкӕнын, афтӕ йӕ ды фӕзоныс, о Йегъовӕ, цы зӕгъинаг дӕн, уый» (Псалом 139:4). Уӕдӕ ма уӕд Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Библийы Хуыцауы лӕггадгӕнджыты куывдтыты тыххӕй цы фыст ис, уымӕ *.
«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8)
КУЫВДЫ ФӔРЦЫ ХУЫЦАУМӔ БАВВАХС ВӔЙЙӔМ
Библийы фыст ис, Йегъовӕ * Хуыцау алцыдӕр кӕй зоны. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕрмӕстдӕр сӕ хабӕрттӕ зонын фӕнды (Псалом 139:6; Ромӕгтӕм 11:33). Кӕд Йегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр бахъуыды кӕнын у, уӕддӕр ӕй, тынг бирӕ информаци кӕм ис, ахӕм компьютеримӕ абарӕн нӕй. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауӕн ахсджиаг сты нӕ хъуыдытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм (Псалом 139:23, 24; Иаковы 4:8). Уый тыххӕй дзырдта Чырысти дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой, кӕд, цы хъуаг уыдысты, уый йӕ Фыд ӕнӕуи дӕр зыдта, уӕддӕр (Матфейы 6:6–8). Не Сфӕлдисӕгмӕ цас арӕхдӕр кувӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.
Хатт, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕзонӕм, цӕй тыххӕй кувӕм, уый. Фӕлӕ нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕтӕ кӕй уыны ӕмӕ нын нӕ уавӕртӕ хорз кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ нын ратты, ӕцӕгдӕр нӕ цы хъӕуы, уый (Ромӕгтӕм 8:26, 27; Ефесӕгтӕм 3:20). Хуыцау нын гыццыл хъуыддӕгты дӕр кӕй ӕххуыс кӕны, уый куы фӕуынӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм.
ХУЫЦАУ АЛЫ КУЫВД ДӔР ХЪУСЫ?
Библи зӕгъы, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ кӕй хъусы. Стӕй ма нын ӕмбарын кӕны, иуӕй-иу куывдтытӕ цӕуылнӕ хъусы, уый дӕр. Зӕгъӕм, рагон Израилы фыддзинад куы сарӕх, уӕд Йегъовӕ йӕ пехуымпар Исайӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн загътаид: «Цасфӕнды мӕм ма куват – нӕ уӕм хъусын. Сымахӕн уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты» (Исай 1:15). Куыд зыны, афтӕмӕй, Хуыцауы закъӕттӕн чи нӕ аргъ кӕны кӕнӕ йӕм раст фӕндтимӕ чи нӕ кувы, уыдоны куывдтытӕ Хуыцау нӕ хъусы (Ӕмбисӕндтӕ 28:9; Иаковы 4:3).
Библийы ма афтӕ дӕр ис фыст: «Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоанны 5:14). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ алы курдиат дӕр сӕххӕст кӕны? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Зӕгъӕм, апостол Павел Хуыцауӕн ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ фервӕзын кодтаид, йӕ буары цы «сындз» уыд, уымӕй (2 Коринфӕгтӕм 12:7, 8). Ӕвӕццӕгӕн, Павел цӕстӕй ӕвзӕр уыдта. Уӕдӕ куыннӕ тыхстаид! Хуыцауы хъаруйы фӕрцы Павелӕн йӕ бон уыд рынчынты дзӕбӕх кӕнын, стӕй ма суанг мӕрдты дӕр ӕгас кӕнын, фӕлӕ йӕхи низӕн та йӕ бон ницы уыд бакӕнын (Хъуыддӕгтӕ 19:11, 12; 20:9, 10). Ӕмӕ кӕд Павел йӕ низӕй нӕ фервӕзт, уӕддӕр Хуыцауӕй бузныг уыд, цы дзуапп ын радта, уый тыххӕй (2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10).
«Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоанны 5:14)
Библийы фыст ис цалдӕр хабары, Хуыцау-иу диссаг кӕй сарӕзта, йӕ лӕггадгӕнджытӕ-иу ӕм куы скуывтой, уӕд (2 Паддзӕхты 20:1–7). Фӕлӕ ахӕм диссӕгтӕ суанг рагзаманты дӕр арӕх нӕ уыдысты. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй-иу иуӕй-иутӕн сӕ ныфс асаст, афтӕ-иу сӕм куы каст, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ куывдтытӕ нӕ хъусы, уӕд. Паддзах Давид загъта: «О Йегъовӕ, кӕдмӕ дӕ уыдзынӕн рох? Ӕнустӕм?» (Псалом 13:1). Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ куыд арӕх ирвӕзын кодта, ууыл куы ахъуыды кодта, уӕд та йыл йӕ зӕрдӕ дарын райдыдта. Давиды куывды ма ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын де ’нувыд уарзтыл» (Псалом 13:5). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр абон Давидау Хуыцаумӕ фӕкувынц, цалынмӕ йӕ нӕ бамбарынц, сӕ куывдӕн сын дзуапп кӕй радта, уӕдмӕ (Ромӕгтӕм 12:12).
ХУЫЦАУ НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНЫ?
Хуыцау нын ратты, ӕцӕгдӕр нӕ цы хъӕуы, уый.
Уарзӕгой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн алы хатт уайтагъд нӕ раттынц, цы сӕ фӕкурынц, уый. Уӕдӕ махӕн дӕр Хуыцау нӕ курдиӕттӕ алы хатт, мах кӕд фӕфӕнды, уӕд, стӕй мах куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, афтӕ нӕ сӕххӕст кӕны. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, не Сфӕлдисӕг нын уарзӕгой фыдау, ӕцӕгдӕр нӕ цы хъӕуы, уый йӕ афоныл кӕй ратдзӕн (Лукайы 11:11–13).
Хуыцауы ӕххуыс алы хатт нӕ бафиппайӕм.
Зӕгъӕм, Хуыцаумӕ бирӕ рӕстӕг кувӕм, цӕмӕй нӕ цавӕрдӕр зындзинадӕй фервӕзын кӕна. Фӕлӕ Йегъовӕ диссаг куы нӕ сараза, уӕд цымӕ хъуамӕ афтӕ ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын ӕппындӕр не ’ххуыс кӕны? Нӕ. Хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Мыййаг мын Йегъовӕ нӕ баххуыс кодта, кӕд ӕй ӕз нӕ бафиппайдтон, уӕддӕр?» Зӕгъӕм, нӕ хорз ӕмбал нӕ фарсмӕ балӕууыд, ӕххуыс нӕ куы хъуыд, раст уыцы рӕстӕг (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Мыййаг ӕй Йегъовӕ не ’рбарвыста? Уымӕй уӕлдай ма нын Хуыцау баххуыс кӕны Библийы фӕрцы дӕр. Библи кӕсгӕйӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ бамбарӕм, зын уавӕры нӕ куыд бакӕнын хъӕуы, уый (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
Арӕх вӕййы афтӕ, ӕмӕ нын Хуыцау нӕ зындзинӕдтӕ нӕ аиуварс кӕны, фӕлӕ нын хъарутӕ ратты, цӕмӕй-иу сӕ нӕ бон сфӕразын уа (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Зӕгъӕм, Чырысти йӕ Фыдӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ йӕ фӕлварӕнӕй фервӕзын кодтаид, уымӕн ӕмӕ тарст Хуыцауы ном фӕхудинаг кӕнынӕй. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ зӕды ӕрӕрвыста, цӕмӕй йын йӕ Фырты бафидар кодтаид (Лукайы 22:42, 43). Афтӕ мах дӕр зын сахат Йегъовӕ, чи зоны, не ’ввахс ӕмбалы уылты ныфсы ныхӕстӕй бафидар кӕна (Ӕмбисӕндтӕ 12:25). Ахӕм ӕххуыс адӕймаг иуӕй-иу хатт фиппайгӕ дӕр нӕ бакӕны. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, лӕмбынӕгдӕр куы уаиккам ӕмӕ-иу куы уыниккам, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый.
Хатт фӕхъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын.
Библи зӕгъы, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау сӕрныллӕг адӕмӕн «йӕ рӕстӕджы» кӕй баххуыс кӕны (1 Петры 5:6). Уӕдӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ нӕ хъусы, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕм нымады дӕр не стӕм? Нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг махӕй хуыздӕр зоны, кӕд нын хъӕуы баххуыс кӕнын, уый.
«Уӕхи хъомысджын Хуыцауы раз ӕрныллӕг кӕнут, ӕмӕ уӕ уый йӕ рӕстӕджы сбӕрзонд кӕндзӕн» (1 Петры 5:6)
Зӕгъӕм, дӕ гыццыл лӕппу дӕ куры, цӕмӕй йын велосипед балхӕнай. Цымӕ йын ӕй уайтагъд балхӕндзынӕ? Куы йӕ зонай, ӕмӕ йыл нырма нӕ сарӕхсдзӕн, уӕд ын ӕй нӕ балхӕндзынӕ. Фӕлӕ гыццыл куы фестырдӕр уа, уӕд ын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, балхӕндзынӕ. Уӕдӕ мах дӕр Хуыцаумӕ ӕдзух куы кувӕм, уӕд нын нӕ «зӕрдӕйы фӕндтӕ» сӕххӕст кӕндзӕн, махӕн хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уӕд (Псалом 37:4).
ЙЕГЪОВӔ ДӔ КӔЙ ХЪУСЫ, УУЫЛ МА ДЫЗӔРДЫГ КӔН
Библи чырыстӕттӕн дзуры, цӕмӕй алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дарой, кувын ахсджиаг кӕй у. Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа, йӕ зӕгъын куыд ӕнцон у, йӕ аразын дӕр афтӕ ӕнцон куы уаид, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, зын уавӕры куы вӕййӕм кӕнӕ хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын Хуыцауы ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнцон нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, куы нӕ рох кӕниккам, Чырысти афтӕ кӕй дзырдта, ӕдзух кувут, зӕгъгӕ.
Чырысти радзырдта фӕсномыг ныхас иу мӕгуыр идӕдз сылгоймаджы тыххӕй. Уыцы сылгоймаг бацыд, Хуыцауӕй чи нӕ тарст, ахӕм тӕрхонгӕнӕгмӕ, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрстаид (Лукайы 18:1–3). Ӕмӕ кӕд тӕрхонгӕнӕджы райдианы уыцы сылгоймагӕн баххуыс кӕнын нӕ фӕндыд, уӕддӕр ӕппынфӕстаг йӕхицӕн загъта: «Йӕ хъуыддаг [ын] рӕстӕй равзарон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа ӕмӕ мӕ тухӕнӕй мауал мара» (Лукайы 18:4, 5). Ацы текст фыццаг фыст ӕрцыд грекъаг ӕвзагыл, ӕмӕ йӕ комкоммӕ куы ратӕлмац кӕнӕм, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг идӕдз усӕн йӕ хъуыддаг уый тыххӕй равзӕрста, цӕмӕй йын «йӕ цӕсты бын [ма] цавтаид», ома йын йӕ «ном [ма] ӕгад кодтаид» *. Уӕдӕ кӕд уыцы ӕнӕхуыцау тӕрхонгӕнӕг йӕ номӕн фӕтарст, ӕмӕ загъта, ацы идӕдз усӕн баххуыс кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд нӕ уарзӕгой Фыд, «ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, уыдонӕн» нӕ баххуыс кӕндзӕн? Чырысти загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау уый «ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй» (Лукайы 18:6–8).
«Курут, ӕмӕ уын ратдзысты» (Лукайы 11:9)
Кӕд нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕм Хуыцауӕй ӕххуыс курынӕн тыхтӕ нал ис, уӕддӕр-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. Ӕдзух ӕм куы кувӕм, уӕд равдисдзыстӕм, йе ’ххуыс нӕ зӕрдиагӕй кӕй хъӕуы. Афтӕмӕй ма хуыздӕр ӕмбарын райдайӕм, Хуыцау нын нӕ лӕгъстӕтӕ кӕй хъусы, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсдӕр кӕнӕм. Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕмӕ нын ӕнӕмӕнгӕй кӕй баххуыс кӕндзӕн, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕм куы кувӕм ӕмӕ нӕ кӕй хъусы, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд (Лукайы 11:9).
^ 3 абз. Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм. Уӕд, ацы статьяйы куыд фыст ис, афтӕмӕй бамбардзыстӕм, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 17 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
^ 5 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.
^ 22 абз. Рагзаманты Хуыцау Израилы тӕрхонгӕнджытӕй домдта, цӕмӕй идӕдзты ӕмӕ сидзӕрты хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ уӕлдай лӕмбынӕг уыдаиккой (Дыккаг закъон 1:16, 17; 24:17; Псалом 68:5).