Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

«Мах ссардтам Мессийӕйы»!

«Мах ссардтам Мессийӕйы»!

Рагон дзуттаг ӕвзагыл кӕй ныффыстой, Библийы уыцы хай, ома Рагон Фӕдзӕхст, фыст куы фӕци, уымӕй иу-4 ӕнусы фӕстӕдӕр сӕххӕст, пехуымпар Михей Мессийӕйы тыххӕй цы загъта, уый – Йесо Чырысти райгуырд Вифлеемы. Йӕ райгуырдӕй иу-30 азы фӕстӕ, нӕ эрӕйы 29 азы, сӕххӕст Данелы пехуымпарады фыццаг хай, Мессийӕ кӕй фӕзындзӕн, уый тыххӕй. Чырысти донаргъуыд райста ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста. Рагӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы «байзӕддаг» йӕ афоныл фӕзынд!

Чырысти уайтагъд райдыдта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын» (Лукайы 8:1). Ӕмӕ пехуымпартӕ куыд дзырдтой, афтӕ уыд хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕн ӕмӕ иннӕты рыст ӕмбӕрста. Цӕуыл ахуыр кодта, уый стыр пайда уыд, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн, ӕмӕ бӕрӕг уыд, кӕй сӕ уарзта. Стӕй ма «нӕфӕразгӕ чи уыд, уыдоны» дзӕбӕх кодта, ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ Хуыцау йемӕ уыд (Матфейы 4:23). Адӕм ӕм стырӕй-чысылӕй цыдысты ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ бон уыд зӕгъын, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй иу куыд загъта, афтӕ: «Мах ссардтам Мессийӕйы»! (Иоанны 1:41).

Чырысти загъта, йӕ паддзахад зӕххыл бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уый размӕ кӕй уыдзӕн хӕстытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ кӕй цӕудзӕн бирӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕ. Ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фӕдзӕхста, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ (Марчы 13:37).

Чырысти уыд ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ алкӕддӕр Хуыцаумӕ хъуыста. Фӕлӕ йын уӕддӕр знӕгтӕ уыд ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ амардтой. Афтӕмӕй йе ’ххӕст цард нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй адӕм ногӕй схайджын уой, Адам ӕмӕ сӕ Евӕ ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодтой, уымӕй – ӕнусон цардӕй дзӕнӕты.

Чырысти кӕй амард ӕмӕ йӕ Хуыцау ӕртӕ боны фӕстӕ уӕларвон цардмӕ кӕй райгас кодта, уымӕй сӕххӕст сты пехуымпарты ныхӕстӕ. Чырысти, куы райгас, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй 500-йӕ фылдӕрмӕ. Цалынмӕ уӕларвмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ йӕ Паддзахы тыххӕй хорз хабар «ӕппӕт адӕмтӕн» хъусын кӕной (Матфейы 28:19). Цымӕ хорз хабар бӕстон хъусын кодтой?

(Ацы хабӕрттӕ фыст сты Матфейы, Марчы, Лукайы, Иоанны ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм.)