Алыхуызон хуызтӕ ӕмӕ адӕймаг
Дӕ алыварс куы фӕкӕсыс, уӕд уыцы иу рӕстӕг фӕкусынц дӕ цӕстытӕ дӕр ӕмӕ дӕ магъз дӕр. Исты дыргъ феныс, ӕмӕ ахъуыды кӕныс, хъӕуы дӕ ӕви нӕ. Арвмӕ скӕсыс, ӕмӕ фӕзӕгъыс, абон къӕвда нӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ. Ныр ацы дзырдтӕ уыныс, кӕсыс сӕ ӕмӕ сын сӕ хъуыды ӕмбарыс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алыхуызон хуызтӕ куы нӕ уаид, уӕд адӕймаджы цард афтӕ хъӕздыг нӕ уаид. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у?
Дыргъӕн йӕ хуызмӕ куы бакӕсыс, уӕд бамбарыс, рӕгъӕд ӕмӕ адджын у ӕви нӕ. Арвы ӕмӕ мигъты хуызы фӕрцы та бамбарыс, боныхъӕд цавӕр уыдзӕн, уый. Ацы статья кӕсгӕйӕ дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон у урс гӕххӕттыл сау дамгъӕтӕ уынын. Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕныс, ӕдзух хуызтӕ кӕй уыныс, уый фӕрцы хуыздӕр кӕй ӕмбарыс, дӕ алыварс дунейы цы ис, уыдӕттӕ. Уымӕй уӕлдай ма хуызтӕ ӕндавынц адӕймаджы зӕрдӕйы уагыл дӕр.
ХУЫЗТӔ ӔНДАВЫНЦ АДӔЙМАДЖЫ ЗӔРДӔЙЫ УАГЫЛ
Чи зоны йӕ ды ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕныс, рекламӕтӕ чи аразы, уыдон хуызтӕ ӕвзаргӕйӕ цас фӕхъуыды кӕнынц, цӕмӕй сӕ дзауматӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуой – цыфӕнды дӕ ма хъӕуа, сылгоймаг уай ӕви нӕлгоймаг ӕмӕ цыфӕнды кары ма уай, уӕддӕр. Архитектортӕ, модельертӕ ӕмӕ нывгӕнджытӕ дӕр хорз зонынц, хуызтӕ адӕймаджы зӕрдӕйы уагыл кӕй фӕзынынц.
Адӕмӕн хуызтӕ цӕимӕ баст вӕййынц, уый кӕнгӕ вӕййы сӕ культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй. Зӕгъӕм, Азийы иуӕй-иу адӕмтӕм сырх хуыз баст у амонд ӕмӕ бӕрӕгбӕттимӕ, Африкӕйы та иуӕй-иу рӕтты – мастимӕ. Фӕлӕ адӕм кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр сыл цавӕрдӕр хуызтӕ ӕндавынц иухуызон. Аныхас дзы кӕнӕм ӕртӕ хуызыл.
СЫРХ хуыз тынг ирд хуыз у. Адӕймаг сырх хуыз бӕтты хъаруимӕ, хӕстимӕ ӕмӕ тасдзинадимӕ. Сырх хуыз адӕймаджы зӕрдӕйы уагыл тынг ӕндавы, ӕмӕ, гӕнӕн ис, организмы куыст фӕтагъддӕр кӕна, йӕ улӕфт сарӕх уа ӕмӕ йӕ туджы ӕлхъывдад хӕрдмӕ схиза.
Дзуттаг ӕвзаджы дзырд «сырх» цы дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «туг». Хӕтаг сылгоймаджы ирд хуыз равдисынӕн Библи пайда кӕны дзырдтӕй тарсырх ӕмӕ сӕнтсырх. Сылгоймаг тарсырх ӕмӕ сӕнтсырх дарӕсы бадт «сырх-сырхид сырдыл». «Сырд йедзаг уыди Хуыцауы фауӕн нӕмттӕй» (Раргомад 17:1–6).
ЦЪӔХ хуыз та адӕймагмӕ сӕвзӕрын кӕны бынтон ӕндӕр ӕнкъарӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ организмы куыст фӕсындӕгдӕр кӕны ӕмӕ адӕймаг ӕрсабыр вӕййы. Цъӕх хуызмӕ кӕсгӕйӕ адӕймагӕн фенцондӕр вӕййы ӕмӕ йӕ цӕстытыл, арӕхдӕр, ауайы ӕнӕмаст цард. Ӕвӕдза, куыд ӕхсызгон вӕййы цъӕх дыргъдӕттӕм ӕмӕ къуылдымтӕм акӕсын! Библийы Райдианы чиныджы фыст ис, Хуыцау цъӕх кӕрдӕг ӕмӕ зайӕгойтӕ адӕймаджы тыххӕй кӕй сфӕлдыста (Райдиан 1:11, 12, 29, 30).
УРС хуыз арӕхдӕр дзурӕг вӕййы рухсыл, ӕдасдзинадыл ӕмӕ сыгъдӕгдзинадыл. Стӕй ма ууыл дӕр, ӕмӕ адӕймаг кӕй фӕуарзы хорздзинад аразын, кӕй вӕййы ӕнаххос ӕмӕ ӕнаипп. Библийы урс хуызы кой ӕмбӕлы ӕппӕты арӕхдӕр. Цӕстылуайӕнты адӕм ӕмӕ зӕдтӕ ӕвдыст цӕуынц урс дарӕсты. Уый дзурӕг у, рӕстаг кӕй сты ӕмӕ мӕнг динӕй сӕхи кӕй нӕ фӕчъизи кодтой, Иоанны 20:12; Раргомад 3:4; 7:9, 13, 14). Урс бӕхтыл чи бады, уыцы барджытӕ урс кӕттаг уӕлӕдарӕсы амонынц рӕстаг хӕстмӕ (Раргомад 19:14). Хуыцау урс хуызӕй фӕпайда кӕны, цӕмӕй равдиса, нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнынмӕ нын цӕттӕ кӕй у: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты» (Исай 1:18).
ууыл (ХУЫЗТЫ ФӔРЦЫ ЦЫДӔРТӔ ХУЫЗДӔР БАХЪУЫДЫ КӔНӔМ
Библийы алыхуызон хуызты кой кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау кӕй ӕмбары, хуызтӕн сӕ бон кӕй у адӕймаджы зӕрдӕйы уагыл ӕндавын. Зӕгъӕм, Раргомады чиныджы рагацау фыст ӕрцыд, абон адӕм цытӕ ӕвзарынц, зӕгъӕм, хӕстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ хӕринагцухӕй ӕмӕ низтӕй кӕй мӕлынц. Цӕмӕй уый хуыздӕр бахъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй цӕстылуайӕнты ӕвдыст цӕуынц барджытӕ бӕхтыл – ӕрмӕст ӕнӕуи бӕхтыл нӕ, фӕлӕ алыхуызӕттыл.
Фыццаг бӕх у урс-урсид ӕмӕ амоны Йесо Чырыстийы рӕстаг хӕстмӕ. Иннӕ та у сырх-сырхид бӕх. Уый та амоны хӕстытӕм адӕмты ’хсӕн. Йӕ фӕстӕ та ис сау бӕх, ӕмӕ амоны ӕххормагдзинадмӕ. Дарддӕр уынӕм «фӕлурс бӕх». «Чи йыл бадт, уымӕн йӕ ном уыди Мӕлӕт» (Раргомад 6:1–8). Алы бӕхы хуыз дӕр нӕм цавӕрдӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕны, ӕмӕ баст у, бӕхтӕ цӕмӕ амонынц, уыдӕттимӕ. Уӕдӕ уыцы алыхуызон бӕхты ӕмӕ, цӕмӕ амонынц, уый зын бахъуыды кӕнӕн нӕу.
Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ, алыхуызон хуызтӕ аив ӕвзагӕй ирд нывтӕ равдисынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕн. Не Сфӕлдисӕг, рухс, алыхуызон хуызтӕ ӕмӕ адӕймаджы цӕст чи скодта, уый, дӕсны пайда кӕны алыхуызон хуызтӕй, цӕмӕй нӕ цы цӕвиттонты фӕрцы ахуыр кӕны, уыдон хорз ӕмбарӕм ӕмӕ-иу сӕ нӕ зӕрдыл бадарӕм. Хуызтӕ нын ӕххуыс кӕнынц информаци ӕмбырд кӕнынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн. Хуызтӕ ӕндавынц нӕ зӕрдӕйы уагыл. Хуызтӕ нын ӕххуыс кӕнынц цавӕрдӕр ахсджиаг хабӕрттӕ нӕ зӕрдыл бадарынӕн. Хуызтӕ сты не Сфӕлдисӕджы стыр лӕвар, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы цардӕй фылдӕр циндзинад исӕм.