Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Хуыцау алкӕй куывд дӕр хъусы?

Хуыцау алы адӕймаджы куывд дӕр хъусы, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр (Псалом 145:18, 19). Библийы уылты нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ йын иууылдӕр ӕргом дзурӕм (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Фӕлӕ иуӕй-иу куывдтытӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ цавӕрдӕр куывдтытӕ сахуыр кӕнынц ӕмӕ ӕдзух уыцы куывдтытӕ фӕдзурынц, фӕлӕ уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. (Бакӕс Матфейы 6:7.)

Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ ма нӕ цӕуынц, йӕ закъонмӕ йын чи нӕ хъусы, уыцы адӕмы куывдтытӕ дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 28:9). Зӕгъӕм, рагзаманты-иу израилӕгтӕй исчи искӕй куы амардта, уӕд-иу ын Хуыцау йӕ куывдтытӕ нӕ хъуыста. Уӕдӕ нын цӕмӕй нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй мах дӕр цыдӕр хъуамӕ аразӕм. (Бакӕс Исайы 1:15.)

Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

Хуыцаумӕ куы кувӕм, фӕлӕ нӕм уырнындзинад куы нӕ уа, уӕд ӕм никуы баввахс уыдзыстӕм (Иаковы 1:5, 6). Хъуамӕ нӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ ныл кӕй тыхсы. Нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн, Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕн йӕ бындур сты, йӕ Ныхасы цы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕмӕ нын ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:1, 6.)

Уымӕй уӕлдай хъуамӕ кувӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ ӕмӕ сӕрныллӕгӕй. Хуыцауы Фырт, Йесо Чырысти дӕр-иу куывта сӕрныллӕгӕй (Лукайы 22:41, 42). Хуыцауӕн уынаффӕтӕ дӕттыны бӕсты хъуамӕ Библи кӕсӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ цы домы, уый бамбарӕм. Уӕд Хуыцаумӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ кувдзыстӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 5:14.)