Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау ӕгъатыр у?

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау ӕгъатыр у?

ИУӔЙ-ИУТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ? «Дуне Хуыцауы къухы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ дӕр уымӕй цӕуынц, ӕмӕ уӕд ӕгъатыр куыннӕ у!»

БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ? «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19)». Уыцы «Фыдбылыз» чи у? Хуыцауы Ныхасы фыст ис, уый Хӕйрӕг кӕй у (Матфейы 13:19; Марчы 4:15). Уый цӕуыл дзурӕг у? Дуне Хӕйрӕджы къухы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ адӕм дӕр сты сӕ хицауы хуызӕн хиуарзон ӕмӕ зыд, сомбоныл нӕ хъуыды кӕнынц. Уӕдӕ цымӕ ӕрдз дӕр ахӕм уавӕрмӕ уый тыххӕй не ’рцыд? Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ ӕргом зӕгъынц, адӕм зӕххӕн хорз хицӕуттӕ кӕй не сты, ӕрдзон бӕллӕхтӕ хатт уый тыххӕй кӕй ӕрцӕуынц, кӕнӕ фыддӕр кӕй фӕвӕййынц, йе та дзы фылдӕр адӕм кӕй бабын вӕййы.

Уӕдӕ уӕд Хуыцау Хӕйрӕгӕн уыйбӕрц бартӕ цӕмӕн радта? Цӕмӕй дзуапп базонӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, зӕххыл фыццаг адӕм куы фӕзынд, уӕд цы ’рцыд, уый. Ӕппӕт адӕм дӕр кӕмӕй равзӕрдысты, уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг рацыдысты Хуыцауы, ома, дунейы хицауы, ныхмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуынц Хуыцауы ныхмӕ. Хуыцауы сӕ хицауыл кӕй нал нымадтой, уымӕ гӕсгӕ абон дуне ис Хуыцауы знаг Хӕйрӕджы къухы. Чырысти дӕр Хӕйрӕджы уый тыххӕй схуыдта «ацы дунейы хицау» (Иоанны 14:30). Цымӕ Хӕйрӕг ӕнустӕм уыдзӕн хицау? Нӕ уыдзӕн!

Хӕйрӕг адӕмӕн цытӕ ’взарын кӕны, уымӕ Йегъовӕ * куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, сӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсын ын тынг зын у. Зӕгъӕм, израилӕгтыл-иу исты бӕллӕх куы ’рцыд, уӕд-иу Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр» (Исай 63:9). Хуыцау фӕнд кӕны, цӕмӕй адӕмы уыцы ӕгъатыр хицауы къухӕй фервӕзын кӕна, ӕмӕ уый уыдзӕн тынг тагъд. Хуыцау йӕ Фырт Чырыстийы сӕвӕрдта паддзахӕй. Чырысти паддзах уыдзӕн ӕнустӕм ӕмӕ рӕстӕй архайдзӕн.

АЦЫ ХЪУЫДДАГ ДӔУМӔ КУЫД ХАУЫ? Дуне Хӕйрӕджы къухы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ адӕм ӕрдзон бӕллӕхтӕй хызт не сты, фӕлӕ Чырысти паддзах куы уа, уӕд уавӕр аивдзӕн. Иухатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты тыхдымгӕйӕ бахъахъхъӕдта. Библийы кӕсӕм: «Дымгӕйӕн бауайдзӕф кодта, стӕй денджызӕн дӕр загъта: „Банцай! Ныссабыр у!“ Дымгӕ банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай чи у, дымгӕ дӕр ӕмӕ денджыз дӕр йӕ коммӕ куы кӕсынц?» (Марчы 4:37–41). Уӕдӕ Чырысти зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд коммӕгӕс адӕмӕн тас ницӕмӕй уыдзӕн (Данел 7:13, 14).

^ 5 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.