СӔЙРАГ ТЕМӔ: ДӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД УАЙ, УЫМӔН ГӔНӔН ИС
Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уай?
«Нӕ царды бонтӕ сты ӕвдай азы. Ӕмӕ кӕд, уӕлдай фидар чи у, уымӕн ӕстай азы сты, уӕддӕр иууылдӕр сты маст ӕмӕ фыдӕбон» (Псалом 90:10).
КУЫД раст сты ацы ныхӕстӕ! Ӕцӕгдӕр, адӕмӕн сӕ фылдӕр «маст ӕмӕ фыдӕбон» йеддӕмӕ ницы уынынц. Чи зоны искуы хъуыды кодтай: «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ абон адӕймаг йӕ цардӕй райгонд уа?»
Зӕгъӕм, Марийӕ цӕрӕнбонты иу ран бадын нӕ зыдта, фӕлӕ йыл ныр цӕуы 84 азы, ӕмӕ хӕдзарӕй ӕддӕмӕ йӕ бон цӕуын нал у. Йӕ сӕрымагъз ныр дӕр хорз кусы, фӕлӕ йӕ буар йӕ коммӕ нал кӕсы. Куыд хъуамӕ зӕгъа, мӕ цардӕй райгонд дӕн, зӕгъгӕ?
Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй та? Ӕвӕццӕгӕн ды дӕр хъуыды кодтай, цымӕ искуы мӕ цардӕй райгонд уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Чи зоны, дӕ куыстӕй дӕ зӕрдӕ нӕ райы ӕмӕ дзы фӕллайыс. Куыд фыдӕбон кӕныс, уый бирӕтӕ уынгӕ дӕр нӕ кӕнынц кӕнӕ сӕм уый нымады дӕр нӕу. Кӕнӕ кӕд абон ницӕмӕй хъаст кӕныс, уӕддӕр дӕ сомбоныл мӕт кӕныс. Хатт та, чи зоны, дӕ ныфс дӕр асӕтты ӕмӕ дӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕ ничи ӕмбары. Кӕнӕ дӕ бинонтимӕ кӕрӕдзи не ’мбарут ӕмӕ арӕх фӕбыцӕу вӕййут. Йе та, бирӕ кӕй уарзтай, уыдонӕй исчи амард. Иу нӕлгоймаг, Андре, йӕ фыды тынг уарзта, фӕлӕ йын ӕвиппайды ӕрбарынчын, ӕмӕ амард. Андрейӕн йӕ хъару асаст, афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йын йӕ фыды мӕлӕт йӕ зӕрдӕйы цы арф хъӕдгом ныууагъта, уый никуы байгас уыдзӕн.
Цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр не ’ппӕты дӕр хъӕуы базонын дзуапп иу ахсджиаг фарстайӕн: уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мӕ цардӕй райгонд уон? Уый базондзыстӕм, 2 мин азы размӕ чи цард, уыцы адӕймаг Йесо Чырыстийы цардмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Чырысти кӕд бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр йӕ цардӕй райгонд уыд. Ӕмӕ мах дӕр нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм, уый куыд цард, афтӕ куы цӕрӕм, уӕд.