Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕххуыс кӕнын мӕгуыртӕн

Ӕххуыс кӕнын мӕгуыртӕн

«Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуырӕн хай кӕны» (ӔМБИСӔНДТӔ 22:9).

Иуӕй-иутӕ Рождество цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц?

Чырысти мӕгуыртӕн, рынчынтӕн ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта, уымӕ гӕсгӕ бирӕты фӕнды Йесойы фӕзмын. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ уымӕн ӕппӕты хуыздӕр фадат у Рождество, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг, мӕгуыртӕн чи феххуыс кӕны, уыцы организацитӕ ӕхца уӕлдай зӕрдиагдӕрӕй фембырд кӕнынц.

Уый зын бамбарӕн цӕмӕн у?

Бӕрӕгбоны рӕстӕг бирӕтӕ фӕмӕт кӕнынц, цы балхӕной, сӕ рӕстӕг куыд хуыздӕр арвитой, сӕ бинонты ӕмӕ се ’мбӕлтты куыд бабӕрӕг кӕной, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ сын нал дӕр рӕстӕг вӕййы, нал дӕр сӕм тыхтӕ ӕмӕ ’хца баззайы, цӕмӕй мӕгуыртӕм ӕмӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ истӕмӕй фӕкӕсой кӕнӕ сын ӕхцайӕ баххуыс кӕной.

Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

«Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:27). Мӕгуыр, ӕххормаг ӕмӕ ӕфхӕрд адӕм ӕрмӕст Рождествойы рӕстӕг нӕ вӕййынц ӕххуысхъуаг. Искӕй ӕххуыс куы хъӕуа ӕмӕ «дӕ къух куы амона», уӕд бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын цӕмӕн хъӕуы? Дӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ дын дӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй Хуыцау раарфӕ кӕндзӕн.

«Алчидӕр-иу уӕ къуырийӕн йӕ фыццаг бон, цы йӕм ис, уымӕй хицӕнӕй сӕвӕрӕд, йӕ къух цас амоны, уыйбӕрц» (1 Коринфӕгтӕм 16:2). Ацы уынаффӕ апостол Павел радта, фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы чырыстӕттӕй мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Цымӕ дӕуӕн дӕ бон нӕ уаид иу цасдӕр ӕхца «хицӕнӕй сӕвӕрын», ӕмӕ-иу сӕ стӕй раттын, мӕгуыртӕн баххуыс кӕнынӕн сӕ чи спайда кӕндзӕн, ахӕм адӕмӕн кӕнӕ организацийӕн? Афтӕмӕй фидарӕй зондзынӕ, мӕгуыртӕн кӕй ӕххуыс кӕныс, дӕ бон цас у, уыйбӕрц сын кӕй дӕттыс, уымӕй.

«Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты» (Дзуттӕгтӕм 13:16). Уӕдӕ нӕм цы ис, «уымӕй иннӕтӕн хай кӕнынӕй» уӕлдай хъуамӕ рох ма кӕнӕм иннӕтӕн «хорздзинад аразын», ома сын истӕмӕй ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй хистӕртӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ-иу рынчынты бафидар кӕной: цалдӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхасы сӕм афыссой, абӕрӕг-иу сӕ кӕной кӕнӕ-иу сӕм телефонӕй бадзурой. Стӕй се ’мгӕрттӕй мӕгуыр кӕнӕ рынчын чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕной. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл ахуыр кӕнынц ӕмӕ рӕдау вӕййынц, стӕй иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййынц афӕдз кӕцыдӕр бонты нӕ, фӕлӕ алы бон дӕр.

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй хистӕртӕн, рынчынтӕн ӕмӕ, се ’мгӕрттӕй мӕгуыр кӕнӕ рынчын чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕной. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл ахуыр кӕнынц ӕмӕ рӕдау вӕййынц, стӕй иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййынц афӕдз кӕцыдӕр бонты нӕ, фӕлӕ алы бон дӕр