Кӕддӕр ма кӕй цардтӕ, уый дӕ уырны?
«Ӕцӕгдӕр, мӕрдтӕ дӕр райгас вӕййынц ӕмӕ удӕгӕстӕ дӕр амӕлынц, ӕмӕ ногӕй райгуырынц. Ис ӕнӕмӕлгӕ уд дӕр» (ПЛАТОН, РАГОН ГРЕКЪАГ ФИЛОСОФ, Н. Э. РАЗМӔ 5-ӔМ ӔНУС, ДЗУРЫ СОКРАТЫ НЫХӔСТӔ).
«Кӕд удӕн йӕ бон у ӕнӕ буарӕй цӕрын ӕмӕ йӕ бон у, цӕмӕй иу буары уа, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ ацы буары куыд ис, афтӕ уа ӕндӕр буары дӕр, ӕмӕ иу буарӕй иннӕ буармӕ хиза» (ДЖОРДАНО БРУНО, ИТАЛИАГ ФИЛОСОФ, 16-ӔМ ӔНУС).
«Ӕппындӕр ницы мӕлы; адӕм сӕхи мардӕфсон скӕнынц... ӕмӕ мӕнӕ лӕууынц ӕмӕ рудзынгӕй кӕсынц, сты удӕгас ӕмӕ ӕнӕниз, сты цавӕрдӕр ног удӕгас ӕмӕ ӕнахуыр маскӕйы» (РАЛФ УОЛДО ЭМЕРСОН, АМЕРИКАГ ФЫССӔГ ӔМӔ ПОЭТ, 19-ӔМ ӔНУС).
ИСКУЫ хъуыды кодтай, цымӕ ӕцӕгӕй чи дӕн, зӕгъгӕ? Мыййаг дӕм искуы афтӕ каст, ӕмӕ ма кӕддӕр цардтӕ? Кӕд о, уӕд ма дӕу хуызӕн адӕм уыдис ӕмӕ ис. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр алы ӕгъдӕуттыл хӕст адӕмы дӕр уырныдта реинкарнаци, ома адӕймаг куы амӕлы, уӕд йе ’нӕуынгӕ «уд» йӕ буарӕй рацӕуы ӕмӕ стӕй райгуыры ӕндӕр буары – ӕндӕр адӕймаджы, цӕрӕгойы кӕнӕ та суанг зайӕгойы дӕр, ӕмӕ афтӕ бакӕны иу хатт кӕнӕ бирӕ хӕттыты.
Иуӕй-иутӕ уыцы хъуыдыимӕ разы сты. Фӕлӕ уӕддӕр куыд ис базонӕн, ӕцӕгдӕр
афтӕ у ӕви нӕ? Цымӕ Библийы уый тыххӕй цы фыст ис? Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, адӕм реинкарнацийыл ӕууӕндын куыд райдыдтой, уый.Реинкарнацийыл ӕууӕндын куыд райдыдтой?
Историктӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй рагон Вавилоны цӕрджыты, н. э. размӕ 3-аг миназы кӕрон аразын кӕй райдыдтой, уыцы горӕты цӕрджыты, уырныдта, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уый. Йӕ чингуытӕй иуы Моррис Ястров ныффыста, зӕгъгӕ, фарста ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй «тынг ахсджиаг уыд Вавилоны динамонджытӕн». Ястров куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй вавилойнӕгтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, «чи амӕлы, уый дарддӕр фӕцӕры ӕндӕр буары». Йӕ чиныджы ма фыст ис: «Дызӕрдыггаг нӕу, иу кӕнӕ иннӕ буары ӕнустӕм цӕрӕн кӕй ис, уыцы хъуыды уый тыххӕй кӕй фӕзынд, ӕмӕ адӕймаджы бон бамбарын нӕу, иу бон кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ кӕй никуыуал уыдзӕн» (The Religion of Babylonia and Assyria).
Фӕстӕдӕр иннӕ рагон бӕстӕты дӕр адӕмы уырнын райдыдта, уд иу буарӕй иннӕмӕ кӕй ахизы. Индиаг философтӕ ӕрхъуыды кодтой кармӕйы закъон, ома адӕймаг куы амӕла, уӕд ногӕй цавӕр буары райгуырдзӕн, уый кӕнгӕ у, йӕ мӕлӕты онг куыд цард, уымӕй. Зындгонд грекъаг философтӕ дӕр реинкарнацийыл ӕууӕндын райдыдтой ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ дӕр бирӕтӕ уыцы зондыл ныххӕцыдысты.
Фӕстаг рӕстӕг дӕр Ныгуылӕн бӕстӕты бирӕты реинкарнаци тынг цымыдис кӕнын райдыдта. Зындгонд адӕм ӕмӕ ӕрыгӕттӕ Скӕсӕн бӕстӕты динтӕм ӕмӕ дины ӕгъдӕуттӕм се ’ргом тынгдӕр здахын райдыдтой. Алыхуызон чингуыты ӕмӕ Интернеты бирӕ дзурынц, адӕймаг йӕ «раздӕры царды» цы арӕзта, уый ахсджиаг у ӕви нӕ, уый тыххӕй. Бирӕ бӕстӕты фылдӕр кӕнынц, адӕймагӕн йӕ низтӕ йӕ раздӕры цардмӕ гӕсгӕ дзӕбӕх кӕнӕн ис, зӕгъгӕ, чи дзуры, ахӕм адӕм. Гипнозы фӕрцы иуӕй-иу дохтыртӕ адӕймагӕн йӕ «раздӕры цард» ӕрымысын кӕнынц, цӕмӕй базоной, иу кӕнӕ иннӕ низӕй цӕмӕн фӕрынчын, кӕнӕ йӕхи афтӕ кӕнӕ ӕндӕрхуызон цӕмӕн дары.
Реинкарнаци ис ӕви нӕй?
Кӕд реинкарнацийыл адӕм тынг рагӕй ӕууӕндынц, уӕддӕр нӕ базонын хъӕуы дзуапп ахӕм ахсджиаг фарстайӕн: реинкарнаци ис ӕви нӕй? Чырыстӕтты, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды базонын, реинкарнаци Библимӕ гӕсгӕ ӕмӕ чырыстон динмӕ гӕсгӕ раст у ӕви нӕу (Иоанны 17:17). Цард нын Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ кӕй радта ӕмӕ Йегъовӕ «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын уый йеддӕмӕ никӕй бон у радзурын, адӕм цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы нӕ зонынц, уыдӕттӕ. Уӕдӕ ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис Библийӕ – фидарӕй ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы чиныгӕй (Данел 2:28; Хъуыддӕгтӕ 17:28).
Библи лӕмбынӕг куы кӕсӕм ӕмӕ йыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, Хуыцау нын нӕ фарстатӕн цавӕр дзуапп дӕтты, уый. Зӕгъӕм, Райдианы 3:19 стихӕй нӕ бон у базонын, Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакастысты, уӕд сын цы загъта уый. Зӕгъгӕ та сын кодта афтӕ: «Дӕ хид калгӕйӕ амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ зӕхмӕ нӕ аздӕхай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ». Хуыцау Адамы скодта сыджытӕй. Ӕмӕ Адам куы амарди, уӕд фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхт. Хуыцау ын уый загъта ӕргом ӕмӕ бӕлвырдӕй. Уӕдӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд ӕндӕр буары нӕ райгуыры, фӕлӕ ӕппындӕр нал вӕййы *. Тӕвд ӕмӕ уазал, хус ӕмӕ хуылыдз, рухс ӕмӕ талынг куыд ныхмӕвӕрд сты, афтӕ ныхмӕвӕрд сты мӕлӕт ӕмӕ цард дӕр. Мӕрдтӕ ӕцӕгдӕр сты мӕрдтӕ! Ам зынӕй ӕмӕ зынбамбарӕнӕй исты ис?
Ӕмӕ уӕд куыд бамбарын кӕнӕн ис, чидӕртӕ сӕ «раздӕры царды» хабӕрттӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый? Адӕймаджы зонд, ӕмӕ, зӕгъӕм, йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ куыд кусынц, уый ахуыргӕндтӕ нырма кӕронмӕ нӕ раиртӕстой. Уый зӕгъӕн ис, адӕймаг йӕхи куы ныццӕвы кӕнӕ хостӕ куы фӕкӕны, уӕд уый йӕ зондыл куыд фӕзыны, уымӕй дӕр. Адӕймаг фынтӕ фӕуыны ӕмӕ йӕ цӕстытыл цыдӕр хабӕрттӕ ауайы, йӕ зонды тынг бирӕ информаци кӕй ис, уый тыххӕй. 1 Самуилы 28:7–19).
Иуӕй-иу хатт адӕймагӕн йӕ зонды ахӕм арф фӕд ныууадзынц, ӕмӕ ӕцӕг уыдысты ӕви нӕ, уый нал фембары. Иуӕй-иу хатт та фыдгӕнӕг тыхтӕ адӕмӕн равдисынц, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм цыдӕртӕ (Алкӕй дӕр фӕнды цӕрын ӕмӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый базонын. Фӕлӕ афтӕ цӕмӕн у? Библийы Сфӕлдисӕг Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард» (Екклесиаст 3:11). Растдӕр нӕ уый тыххӕй фӕнды ӕнустӕм цӕрын.
Кӕд нын нӕ зӕрдӕты ӕнустӕм цӕрыны фӕндон не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ сӕвӕрдта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы, уыцы фӕндон куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый дӕр нын кӕй радзурдзӕн. Библи нын ӕмбарын кӕны не Сфӕлдисӕджы диссаджы фӕнд – йӕ коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕмы схайджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй зӕххыл. Хуыцауы фӕндӕй псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Хуыцаумӕ цы диссаджы фӕнд ис, уыимӕ ӕнгом баст у Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу – мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый (Хъуыддӕгтӕ 24:15; 1 Коринфӕгтӕм 15:16–19).
Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн ис
Библийы фыст ис, мӕрдтӕй чи райгас, аст ахӕм адӕймаджы хабары *. Дзургӕ та сӕ ракодтой, йӕхи цӕстӕй сӕ чи федта, уыцы адӕм. Мӕрдтӕн-иу сӕ удтӕ ӕндӕр буары нӕ райгуырдысты, фӕлӕ-иу ӕцӕгдӕр райгас сты. Сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ-иу сӕ се ’мбӕлттӕ уайтагъд базыдтой. Иу хатт дӕр афтӕ нӕ уыд, цӕмӕй сӕ ноггуырд сывӕллӕтты ’хсӕн агуырдтаиккой, цымӕ дзы йӕ уд кӕцыйы мидӕг бацыд, зӕгъгӕ (Иоанны 11:43–45).
Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Хуыцауы ног дуне кӕй ралӕудзӕн (2 Петры 3:13, 14). Уӕд, чи амард, уыдонӕй тынг бирӕтӕ райгас уыдзысты. Фӕлӕ нырма мӕрдон фынӕй чи кӕны, уыцы миллиардгай адӕм сты Йегъовӕйы хъуыдыйы – суанг ӕппӕт стъалыты нӕмттӕ дӕр чи хъуыды кӕны, уыцы Хуыцауы хъуыдыйы (Псалом 147:4; Раргомад 20:13). Чи амард, уыдоны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ куы райгас кӕна, уӕд иууылдӕр базондзысты, кӕмӕй рацыдысты, уый ӕмӕ сӕ рагфыдӕлтимӕ базонгӕ уыдзысты. Ӕвӕдза нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы!
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 13 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 6 сӕр, «Чи амард, уыдон кӕм сты?». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
^ 18 абз. Уыцы аст хабары фыст сты 1 Паддзӕхты 17:17–24; 2 Паддзӕхты 4:32–37; 13:20, 21; Лукайы 7:11–17; 8:40–56; Иоанны 11:38–44; Хъуыддӕгтӕ 9:36–42; 20:7–12. Куы сӕ кӕсай, уӕд ма-иу дӕ хъус ӕрдар, мард-иу куы райгас, уӕд-иу уый бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, уымӕ. Фарӕстӕм хабар у, Чырысти куыд райгас, уый (Иоанны 20:1–18).
[Рамкӕ 20 фарсыл]
Фидар ныфс
Иуӕй-иутӕ, раздӕры цард, зӕгъгӕ, кӕй хонынц, уымӕй цыдӕр ӕнахуыр хабӕрттӕ мысыныл ӕмӕ стӕй уыцы хабӕрттӕ бамбарыныл фӕархайынц. Фӕлӕ уый бӕсты хуыздӕр нӕ уаид, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый базонын? Библи нын ӕмбарын кӕны, мӕрдты исты ис ӕви нӕ, уый, стӕй нын удӕнцой ратты, искӕй зианыл куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд.
Зӕгъӕм, Теодор йӕ ус Розмариимӕ фӕцард 44 азы, ӕмӕ йын куы амард, уӕд тынг хъыг кодта. Теодор загъта: «Ӕз ӕй зонын, Розмари ныр кӕй ис ӕппӕты ӕдасдӕр бынаты – Йегъовӕйы хъуыдыйы. Библийы фыст ис, мӕрдтӕ-иу кӕй райгас сты ӕмӕ-иу уый бирӕ адӕм сӕхи цӕстӕй кӕй федтой. Уый мын фидар ныфс дӕтты, Чырысти Лазӕрмӕ куыд бадзырдта, афтӕ Розмаримӕ дӕр кӕй бадзурдзӕн: „Розмари, ӕддӕмӕ рацу!“».
Костас ӕмӕ Марийӕйыл дуне баталынг, сӕ гыццыл чызг иу аз ӕмӕ аст мӕйдзыдӕй куы амарди, уӕд. Мӕлгӕ та акодта, йӕ туджы цавӕрдӕр низ кӕй рахаста, уый аххосӕй. Марийӕ дзуры: «Еви куы амард, уӕд афтӕ тынг маст кодтам, ӕмӕ нӕ сӕрра кӕнынмӕ бирӕ нал хъуыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам, адӕймагӕн исчи куы амӕлы, уӕд уый куыд зын вӕййы ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый стыр ныфсы хос кӕй у. Ныр нӕм ноджы хуыздӕр бахъардта, Исайы 33:24 стихы ӕмӕ 35:5, 6 стихты, стӕй Раргомады 21:4, 5 стихты цы фыст ис, уый. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕй нын Йегъовӕ фидар ныфс кӕй дӕтты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ тынг уарзы».
Нӕ фарстатӕн цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй Библийы цы дзуаппытӕ ис, уыдон сты Сфӕлдисӕгӕн йӕхи дзуаппытӕ. Теодор, Костас ӕмӕ Марийӕйау ды дӕр фидӕнмӕ фидар ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, дӕ уырнындзинад куы аразай фидар бындурыл – Хуыцауы Ныхасыл, Библийыл. Хуыцауӕн та йӕ бон сайын нӕу! (Титмӕ 1:2).