Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...
Хуыцау кӕй уырны, уый йӕхи сайы?
Иуӕй-иутӕ исты зын уавӕры куы бахауынц, уӕд сӕ зондӕй архайын нал фӕфӕнды ӕмӕ бафтынц, рӕстӕгмӕ сӕ сӕ зындзинӕдтӕ кӕй фӕрцы айрох вӕййынц, ахӕм хъуыддӕгтыл. Зӕгъӕм, нуазын райдайынц. Фӕлӕ афтӕмӕй сӕхи цы сайынц, ӕндӕр ницы. Райдианты сӕ, ӕцӕгдӕр, нозты фӕрцы цыдӕр ныфс бацӕуы ӕмӕ сӕм царды зындзинӕдтимӕ тох кӕнын ӕнцондӕр фӕкӕсы. Фӕлӕ нозтыл чи бафты, уыдон, ӕппынфӕстаг, бабын вӕййынц. Цымӕ, Хуыцау кӕй уырны, уыдонӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн ис?
Хуыцауыл чи ’ууӕнды, уыдоны иуӕй-иутӕ хонынц ӕнцонсайӕн адӕм. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон сӕхи сӕрӕй нӕ фӕхъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар бӕлвырдгӕнӕнтыл арӕзт нӕ вӕййы. Уымӕй сӕ уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ, йӕ дины ахуырӕдтыл фидар чи хӕцы, уыдон цардӕн ницы ӕмбарынц.
Уырнындзинады тыххӕй Библийы бирӕ ис фыст. Фӕлӕ дзы никуы ис афтӕ загъд, зӕгъгӕ-иу алцӕуылдӕр хъуамӕ ӕнцонтӕй баууӕндӕм. Библи нын дзуры, цӕмӕй хъуыды кӕнынмӕ зивӕг ма кӕнӕм. Алы ныхасыл дӕр чи ӕууӕнды, уыдоны та хоны ӕвӕлтӕрд ӕмӕ суанг ӕнӕзонд дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 14:15, 18). Ӕцӕгдӕр, куыд ӕнӕзонд ми уаид, бӕлвырдгӕнӕнтӕм-иу куы не ’ркӕсиккам, афтӕмӕй-иу алцӕуылдӕр куы баууӕндиккам! Афтӕ куы кӕниккам, уӕд нӕ абарӕн уаид, машинӕтӕ дыууӕрдӕм кӕм кӕнынц, ахӕм фӕндаджы сӕрты кӕйдӕр ныхасмӕ гӕсгӕ цъынд цӕстӕй ахизынмӕ чи хъавы, ахӕм адӕймагимӕ.
Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ развӕндагмӕ кӕсӕм ӕмӕ сайын макӕмӕн бакомӕм (Матфейы 16:6). Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ «арф хъуыды кӕнӕм» (Ромӕгтӕм 12:1). Библи нӕ ахуыр кӕны бӕлвырдгӕнӕнтыл хъуыды кӕнын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ раст хатдзӕгтӕ кӕнын. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ апостол Павелы фыстӕджытӕй.
Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ иу ныхас дӕр фаг уыд, цӕмӕй Хуыцауыл ӕууӕндыдаиккой. Павел сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй, Хуыцау ӕцӕгдӕр кӕй ис, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ ӕркастаиккой. Уый ныффыста: «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты. Уӕдӕ уыдон [Хуыцау нымады дӕр кӕмӕ нӕу, уыцы адӕм] сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты» (Ромӕгтӕм 1:20). Афтӕ хъуыды кӕнынмӕ ма разӕнгард кодта дзуттӕгты дӕр. Йӕ фыстӕджы сӕм ныффыста: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттӕгтӕм 3:4). Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн та фӕдзӕхста, цӕмӕй алцӕуыл дӕр ма ӕууӕндыдаиккой. Загъта сын: «Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21).
Уырнындзинад фидар бӕлвырдгӕнӕнтыл куы нӕ лӕууа, уӕд у хисайӕн. Ахӕм уырнындзинад адӕймаджы кӕны рӕдыд фӕндагыл ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы. Павел йӕ рӕстӕджы цӕрӕг уырнӕг адӕймӕгтӕй кӕйдӕрты тыххӕй загъта: «Уыдоны тыххӕй мӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц» (Ромӕгтӕм 10:2). Уӕдӕ цӕмӕй махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, Павел Ромы ӕмбырдӕн цы уынаффӕ радта, уый. Ныффыста сӕм: «Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2). Хуыцау чи у, уый бӕлвырдӕй куы базонӕм, уӕд нын уырнындзинад хисайӕн нӕ уыдзӕн, фӕлӕ нӕ «стыр уартау» хъахъхъӕндзӕн – хӕсдзӕн нын ӕцӕг удӕнцой ӕмӕ нӕ рӕдыд фӕндагӕй бахиздзӕн (Ефесӕгтӕм 6:16).