Хӕларзӕрдӕдзинад – Хуыцауы цӕсты ахсджиаг миниуӕг
ЯПОНИЙЫ иу ӕрыгон лӕппуйы зӕрдӕ тынг бацагайдта иу ацӕргӕ лӕджы хӕларзӕрдӕдзинад. Уыцы лӕг уыд миссионер, фӕлӕ Японийы рагӕй кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕвзаг хорз нал зыдта. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы лӕппумӕ алы къуыри дӕр хӕдзармӕ цыди ӕмӕ йемӕ Библийы тыххӕй ныхас кодта. Кӕд лӕппумӕ бирӕ фарстатӕ уыд, уӕддӕр ӕм миссионер никуы смӕсты, йӕ алы фарстайӕн дӕр-иу ын мидбылхудгӕйӕ ӕмӕ уӕзданӕй дзуапп радта.
Уыцы ацӕргӕ миссионер куыд хӕларзӕрдӕ уыди, уый ӕрыгон лӕппуйӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох уыдзӕн. «Ацы нӕлгоймаг афтӕ хӕларзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ адӕмы афтӕ тынг кӕй уарзы, уый кӕд Библийы фӕрцы у, уӕд хъуамӕ ӕз дӕр уыцы чиныг сахуыр кӕнон»,– загъта йӕхицӕн лӕппу. Ӕмӕ уыйадыл, ныронг зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодта, уыцы чиныг ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕцӕгдӕр, адӕймаджы зӕрдӕ арӕх хӕларзӕрдӕдзинад куыд бацагайы, афтӕ йын ӕй ныхӕстӕ нӕ бацагайынц.
Хӕларзӕрдӕдзинад – Хуыцауы миниуӕг
Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ, кӕй фӕуарзы, уымӕ хӕларзӕрдӕ вӕййы. Фӕлӕ хӕларзӕрдӕдзинад фыццаджыдӕр Хуыцауы миниуӕг у. Йесо Чырысти загъта, йӕ уӕларвон Фыд, чи йӕ уарзы, ӕрмӕст уыдонмӕ кӕй нӕу хӕларзӕрдӕ, фӕлӕ, «хорздзинад чи не ’мбары», уыдонмӕ дӕр. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы Хуыцауы бафӕзмыдтаиккой. Уый загъта: «Ут ӕххӕст, уӕ уӕларвон Фыд куыд ӕххӕст у, афтӕ» (Лукайы 6:35; Матфейы 5:48; Рацыд 34:6).
Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисын (Райдиан 1:27). Нӕ бон у Хуыцауы фӕзмын ӕмӕ архайын, цӕмӕй ӕрмӕст нӕ хиуӕттӕм нӕ, фӕлӕ иннӕтӕм дӕр уӕм хӕларзӕрдӕ. Библи нын куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй хӕларзӕрдӕдзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы, ома йӕ архайгӕ тыхы фӕрцы, адӕймагмӕ цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдонӕй иу (Галатӕгтӕм 5:22). Уӕдӕ цӕмӕй адӕймаг уыцы хорз миниуӕг хуыздӕр ӕвдиса, уый тыххӕй хъуамӕ йе Сфӕлдисӕг Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базона ӕмӕ йӕ хӕлар суа.
Адӕймагӕн хӕларзӕрдӕдзинад йӕ туджы кӕй ис, стӕй уыцы миниуӕг Хуыцауы цӕсты тынг ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ Хуыцау разӕнгард кӕны, цӕмӕй «кӕрӕдзимӕ уӕм хӕларзӕрдӕ» (Ефесӕгтӕм 4:32). Библи ма дзуры: «Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый». Дзырд «уазӕгуарзон»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый бӕлвырдӕй амоны, адӕймаг хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уа ӕцӕгӕлӕттӕм, ома, кӕй нӕ зоны, уыдонмӕ (1 Тимофеймӕ 3:2, фиппаинаг; Дзуттӕгтӕм 13:2).
Фӕлӕ фыдзӕрдӕ ӕмӕ, хорздзинадӕн аргъ кӕнын чи нӕ зоны, ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ, искӕмӕн йӕ бон у, цӕмӕй иннӕтӕм, суанг кӕй нӕ зоны, уыдонмӕ дӕр, хӕларзӕрдӕ уа? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы миниуӕг ӕвдисӕм? Уӕвгӕ, ууыл хъуыды кӕнын хъӕуы?
Хуыцауы цӕсты у тынг ахсджиаг
Апостол Павел, адӕймаг ӕцӕгӕлӕттӕм хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уа, уый кой куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Уый фӕрцы чидӕртӕ, зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой, афтӕмӕй зӕдты суазӕг кодтой». Дӕуӕн дӕр ахӕм диссаджы фадат куы фӕзындаид, цӕмӕй зӕдты суазӕг кодтаис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фырцинӕй зӕххыл дӕр нал хӕцыдаис. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар Павелы ныхӕстӕм, «зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕймаг иннӕтӕн, суанг ӕнӕзонгӕтӕн дӕр, ӕдзух хорздзинад куы араза, уӕд, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕу, афтӕ арфӕгонд уыдзӕн.
Иуӕй-иу Библиты Павелы ныхӕстӕм цы уӕлӕмхасӕн стихтӕ ис, уыдон амонынц, Райдианы чиныджы 18 ӕмӕ 19 сӕрты цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонмӕ. Дзырд дзы цӕуы Авраамы ӕмӕ Лоты тыххӕй. Сӕ дыууӕмӕ дӕр зӕдтӕ фӕзындысты ӕнӕзонгӕ лӕгты хуызы ӕмӕ сын ахсджиаг хабӕрттӕ фехъусын кодтой. Авраамӕн фехъусын кодтой, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ома йын фырт кӕй райгуырдзӕн. Лотӕн та загътой, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕ куы сафа, уӕд ӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Райдиан 18:1–10; 19:1–3, 15–17).
Ацы стихтӕй базонӕн ис, Авраам ӕмӕ Лот хӕларзӕрдӕдзинад кӕй равдыстой, кӕй нӕ зыдтой, уыдонмӕ. Раджы заманты бӕлццоны суазӕг кӕнын – фӕнды ӕмбал уыдаид, фӕнды хион, фӕнды ӕцӕгӕлон – адӕмӕн се ’гъдау амыдта, стӕй уый нымадтой сӕ хӕсыл дӕр. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу израилӕгтӕ хъуамӕ хорзы цыдаиккой, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй сӕ зӕххыл чи цард, уыдонӕн (Дыккаг закъон 10:17–19). Фӕлӕ Авраам ӕмӕ Лот сарӕзтой, фӕстӕдӕр Закъон израилӕгтӕй цы домдта, уымӕй бирӕ фылдӕр. Уыдон сӕ удӕй бацыдысты, цӕмӕй ӕцӕгӕлӕттӕн балӕггад кодтаиккой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Хуыцау стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.
Авраам ахӕм хӕларзӕрдӕ кӕй разынд, уый тыххӕй йын Хуыцау раарфӕ кодта, ӕмӕ йын фырт райгуырд. Ӕмӕ уый фӕрцы мах дӕр арфӕгонд ӕрцыдыстӕм. Куыд? Хуыцау йӕ фӕнд кӕй уылты ӕххӕст кӕны, уыдонӕй фыццӕгтӕ уыдысты Авраам ӕмӕ йӕ фырт Исахъ. Уыдоны хӕдзарвӕндагӕй рацыд Мессийӕ, ома Йесо Чырысти. Стӕй сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый амыдта, Хуыцау йӕ уарзондзинадӕй ӕмӕ йӕ хӕларзӕрдӕдзинадӕй адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы саразинаг уыд, уымӕ (Райдиан 22:1–18; Матфейы 1:1, 2; Иоанны 3:16).
Ацы хабӕрттӕ хорз ӕвдисынц, Хуыцау кӕй уарзы, уыдонмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, стӕй куыд ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг хӕларзӕрдӕ уа. Хуыцау афтӕ нӕ зӕгъы, кӕд дӕ фӕнды, уӕд у хӕларзӕрдӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ нын ӕмбарын кӕны, уыцы миниуӕг кӕмӕ ис, ӕрмӕстдӕр ын уыдон кӕй ссардзысты йӕ хорзӕх.
Хорздзинад куы аразӕм, уӕд Хуыцауы хуыздӕр базондзыстӕм
Библийы раджы ӕрцыд фыст, нӕ рӕстӕджы адӕм цавӕр уыдзысты, уый тыххӕй, зӕгъӕм, «хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн» (2 Тимофеймӕ 3:1–3). Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, алы бон дӕр сӕмбӕлыс ахӕм адӕмыл. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ды дӕр хъуамӕ уыдоны хуызӕн суай. Хуыцау нын дзуры: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут. Аразут, алкӕй цӕсты дӕр хорз цы у, уый» (Ромӕгтӕм 12:17).
Хъуамӕ алкӕддӕр фадӕттӕ агурӕм, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразӕм. Библийы фыст ис: «Чидӕриддӕр уарзы, уый... Хуыцауы зоны». Нӕ уарзондзинад та бӕрӕг уыдзӕн, хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уымӕй (1 Иоанны 4:7; 1 Коринфӕгтӕм 13:4). Ӕцӕгдӕр, иннӕтӕм ахӕм зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд Хуыцауы хуыздӕр базондзыстӕм ӕмӕ амондджындӕр уыдзыстӕм. Чырысти хохыл адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд загъта: «Хорзы цӕут... Ӕмӕ уӕд райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг ӕмӕ уыдзыстут Иунӕг Стыр Хуыцауы фырттӕ» (Лукайы 6:35).
Цы зӕгъай кӕнӕ куыд бакӕнай, уый куы нӕ зонай, уӕд-иу фӕлмӕн ныхас зӕгъ кӕнӕ-иу исты хорздзинад сараз
Ӕркӕсӕм, Японийы чи цӕры, иу ахӕм ӕрыгон сылгоймаджы хабармӕ. Йӕ ном хуыйны Аки ӕмӕ йын ис дыууӕ лӕппуйы. Иуафон Акийӕн йӕ мад фӕзиан, ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста, цард ын ад нал кодта. Хатт-иу ахӕм ӕвзӕр уыди, ӕмӕ-иу ӕй дохтыртӕм ацӕуын бахъуыд. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ, Аки кӕм цӕры, уырдӕм цӕрынмӕ ӕрцыд иу идӕдз сылгоймаг йӕ сывӕллӕттимӕ. Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау ӕрӕджы аварийы фӕмард, ӕмӕ фондз гыццыл сывӕллонимӕ иунӕгӕй баззад. Акимӕ уыцы бинонтӕ ахӕм тӕригъӕд кастысты, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй семӕ балымӕн уыдаид. Йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй сын ӕххуыс кодта – хӕринаг-иу сын ӕрбахаста, стӕй-иу сын, йӕхи сывӕллӕттӕн чи ныггыццыл, уыцы дзаумӕттӕ радта. Уыцы бинонтӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы йӕм ногӕй цӕрын ӕрцыд. Аки йӕхиуыл бавзӕрста, Библийы цы фыст ис, уый: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Уӕдӕ ныфссаст куы уӕм, уӕд уымӕн ӕппӕты хуыздӕр хос у иннӕтӕн хорздзинад аразын.
«Ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн»
Цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй дӕм бирӕ ӕхца уа. Стӕй дӕ кӕд курдиатджын ӕмӕ хъаруджын адӕймаг схонӕн нӕй, уӕддӕр дӕ бон у иннӕтӕн хорздзинад аразын. Адӕймагмӕ дӕ мидбылты куы бахудай, фӕлмӕн ныхас ын куы зӕгъай, истӕмӕй йӕм куы фӕкӕсай кӕнӕ йӕ гыццыл истӕмӕй куы барӕвдауай йе та йӕ, зӕгъӕм, дӕ разӕй куы ауадзай, уӕд дӕр дӕ тынг фӕбузныг уыдзӕн. Цавӕрдӕр уавӕры цы зӕгъай кӕнӕ куыд бакӕнай, уый куы нӕ зонай, уӕд-иу фӕлмӕн ныхас зӕгъ кӕнӕ-иу исты хорздзинад сараз, ӕмӕ нӕ фӕрӕдидзынӕ. Ацы статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы ацӕргӕ миссионер ӕрыгон лӕппуйы зӕрдӕ бацагайдта йӕ фӕлмӕн ныхасӕй, кӕд ын йе ’взаг хорз нӕ зыдта, уӕддӕр. Уӕдӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, «хӕларзӕрдӕ ут», зӕгъгӕ (Михей 6:8).
Иу ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: «Хорз ныхас къӕдзӕх бадон кӕны». Ацы ныхӕстӕ ӕвдисынц, гыццыл хорздзинадӕн дӕр йӕ бон бирӕ саразын кӕй у. Адӕймаг иннӕтӕн хорздзинад сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы саразы, уӕлдайдӕр та, Хуыцауы кӕй уарзы, уый тыххӕй, уӕд уый се ’ппӕты зӕрдӕтӕ дӕр батавы. Кӕд чидӕр дӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ базоны, уӕддӕр фӕсмон макуы фӕкӕн. Иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ кӕй дӕ, уый Хуыцауӕй рох нӕу. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, хорздзинад чи аразы, уый «ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 19:17). Цӕй уӕдӕ фадӕттӕ агур, цӕмӕй, дӕ алыварс чи ис, уыдонӕн хорздзинад аразай.