Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...
Тамако дымын ӕви нӕ, уый Хуыцауӕн исты уӕлдай у?
▪ Ахӕм фарста, чи зоны, радта, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, тамако дымӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы бӕлвырдӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ, цымӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцауы хъуыды базонӕн нӕй? Уый афтӕ нӕу.
Библи зӕгъы: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Библийы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй базонӕн ис, Хуыцау нын не ’нӕниздзинад хъахъхъӕныны тыххӕй цы амоны, уый. Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, тамако адӕймаджы ’нӕниздзинадыл куыд фӕзыны, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕ цы раиртӕстой, ууыл. Уый фӕстӕ та ӕркӕсдзыстӕм, цы сбӕрӕг кодтой, уымӕн Библийы уагӕвӕрдтимӕ иумӕйагӕй цы ис, уымӕ.
Тамако ӕнӕниздзинадӕн хӕссы зиан ӕмӕ ’ркӕны мӕлӕтмӕ. Зӕгъӕм, Америкӕйы, чи амӕлы, уыдонӕй алы 5-ӕм адӕймаг дӕр амӕлы, тамако дымын цы низтӕ расайы, уыдонӕй. Наркотиктӕ адӕймаджы буарӕн цы зиан хӕссынц, уый чи иртасы, иу ахӕм институт Америкӕйы сбӕрӕг кодта, сӕ бӕстӕйы тамакойы аххосӕй чи амӕлы, уыдон, «нозтӕй, наркотиктӕй, авариты, СПИД-ӕй, лӕгмарты къухӕй чи амӕлы, стӕй йӕхи чи амары, ӕппӕт уыдонӕй» фылдӕр кӕй сты.
Тамако чи дымы, уыдон зиан хӕссынц иннӕтӕн дӕр. Тамакойы фӕздӕгӕн йӕ гыццыл дӕр зиан хӕссы. Йӕхӕдӕг чи нӕ дымы, фӕлӕ ӕдзух тамакойы фӕздӕг чи улӕфы, уыдонӕн тӕссаг у рӕуджыты ракӕй ӕмӕ зӕрдӕйы низтӕй. Ӕмӕ иннӕтимӕ абаргӕйӕ уыдоны ’хсӕн ахӕмтӕ ис 30 проценты фылдӕр. Фӕстаг азты ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой, ӕрмӕст тамако дымын ӕмӕ йын йӕ фӕздӕг улӕфын кӕй нӕу тӕссаг, фӕлӕ уӕлӕдарӕсы, гауызты ӕмӕ ӕндӕр дзауматы йӕ тӕф кӕй баззайы, уый дӕр. Уыцы тӕф уӕлдай тӕссаг у сывӕллӕттӕн – сӕ сӕры магъзы куыстыл ӕвзӕрырдӕм фӕзыны.
Тамако дымын у, ӕнцонтӕй фервӕзӕн кӕмӕй нӕй, ахӕм низ. Тамако чи дымы, уыцы адӕймаг свӕййы тамакойы цагъар. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ӕвзӕр ахуыртӕй ӕппӕты зындӕр фервӕзӕн кӕмӕй вӕййы, уыдонӕй сӕ иу у тамако дымын.
Цы хабӕрттыл аныхас кодтам, уыдонӕн Библийы уагӕвӕрдтимӕ иумӕйагӕй цы ис? Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм ахӕм хъуыдытӕм:
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй цардӕн аргъ кӕнӕм. Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ, йӕ зӕрдӕхудты бацӕуын кӕй нӕ фӕндыд, уыцы адӕймаг хъуамӕ цардӕн аргъ кодтаид (Дыккаг закъон 5:17). Израилӕгтӕ-иу хъуамӕ сӕ хӕдзӕртты сӕртӕн сӕ кӕрӕтты ныллӕг систӕ амадтаиккой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты сӕртӕ уыдысты тъӕпӕн ӕмӕ-иу уым цӕргӕ дӕр кодтой. Уыцы систӕ уый тыххӕй арӕзтой, цӕмӕй бинонтӕй ӕмӕ уазджытӕй хӕдзары сӕрӕй мачи рахаудаид ӕмӕ ма амардаид (Дыккаг закъон 22:8). Уымӕй уӕлдай ма израилӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус дардтаиккой, цӕмӕй-иу сӕ фос макӕмӕн мацы знаггад ракодтаиккой (Рацыд 21:28, 29). Уӕдӕ тамако чи дымы, уыцы адӕймаг халы, ацы закъӕттӕн сӕ бындуры цы уагӕвӕрд ис, уый. Уыцы адӕймаг барвӕндонӕй зиан хӕссы йӕхи ӕнӕниздзинадӕн дӕр ӕмӕ, йӕ алыварс чи ис, уыдоны ӕнӕниздзинадӕн дӕр.
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр уарзӕм. Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй ӕххӕст кӕной дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты. Хъуамӕ Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй уарзой, стӕй иннӕты дӕр уарзой, сӕхи куыд уарзынц, афтӕ (Марчы 12:28–31). Цард у Хуыцауы лӕвар. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, тамако чи дымы, уыцы адӕймаг уыцы лӕварӕн нӕ аргъ кӕны ӕмӕ уымӕй та ӕвдисы, Хуыцауы дӕр кӕй нӕ уарзы, уый (Хъуыддӕгтӕ 17:26–28). Ахӕм адӕймаг иннӕтӕн зиан кӕй хӕссы, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон сыгъдӕг цӕсгомӕй зӕгъын нӕу, ӕз иннӕты уарзын, зӕгъгӕ.
Хуыцау фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи чъизи хъуыддӕгтӕй хизӕм. Библи Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фӕдзӕхсы, цӕмӕй «сӕхи ссыгъдӕг кӕной, сӕ буар ӕмӕ сын сӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй» (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Тамако чи дымы, уыцы адӕймаг дӕр йӕхи «чъизи кӕны». Уыцы хъуыддаг ныууадзын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ Хуыцауы ӕххуысӕй адӕймагӕн уый йӕ бон бауыдзӕн.