Хуыцауӕн дӕр лӕггад кӕнынц ӕмӕ сӕ хӕстӕ дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнынц
ЧЫРЫСТИЙЫ лӕггад цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй хицӕн кодта? Фыццаг: Чырысти адӕмы цард политикӕйы фӕрцы аивынмӕ нӕ хъавыд, фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ зондахаст аивтаиккой ӕмӕ сӕ цард фӕхуыздӕр уыдаид. Нӕ хъус-ма ’рдарӕм, Йесо иухатт адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд цы загъта, уымӕ. Цалынмӕ сын афтӕ нӕ загъта, хъуамӕ уат цӕхх ӕмӕ рухсы хуызӕн, зӕгъгӕ, уӕдмӕ сын загъта, ӕцӕг амондджын кӕй сты, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары». Уымӕй уӕлдай ма амондджын схуыдта, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, сыгъдӕгзӕрдӕ чи у ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдоны (Матфейы 5:1–11). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, ӕнӕмӕнг кӕй у, цӕмӕй, Хуыцау хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый ӕмбарой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ивой, стӕй Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕной.
Дыккаг: Чырысти-иу куы федта, чидӕр хъизӕмар кӕны, уӕд-иу ын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ-иу ын баххуыс кодта. Фӕлӕ йӕ нысан уый нӕ уыд, цӕмӕй ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон скодтаид (Матфейы 20:30–34). Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты, фӕлӕ адӕм уӕддӕр рынчын кодтой (Лукайы 6:17–19). Ӕххуыс кодта ӕфхӕрд адӕмӕн, фӕлӕ хӕрамдзинад уӕддӕр уыд. Ӕфсӕста ӕххормӕгты, фӕлӕ ӕххормагдзинад нӕ фесӕфт (Марчы 6:41–44).
Адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ зондахаст аивой ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕ фӕрогдӕр уой
Чырысти адӕмы цард политикӕйы руаджы аивынмӕ ӕмӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнынмӕ нӕ хъавыд, фӕлӕ адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ зондахаст аивтаиккой ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕ фӕрогдӕр уыдаиккой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцау фидӕны йӕ Паддзахады фӕрцы зӕххон хицӕутты се ’ппӕты дӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ ӕппӕт хъизӕмӕртты аххосӕгтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн (Лукайы 4:43; 8:1). Уымӕ гӕсгӕ иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгты куы фӕндыд, цӕмӕй ма Чырысти, цы горӕты уыдысты, уым ма афӕстиат уыдаид ӕмӕ иннӕ рынчынты сдзӕбӕх кодтаид, уӕд сын загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕввахс горӕттӕм, цӕмӕй уым дӕр хорз хабар хъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн» (Марчы 1:32–38). Кӕд-иу Чырысти бирӕты фервӕзын кодта сӕ низтӕй, уӕддӕр ын сӕйрагдӕр уыд хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕмӕн амонын.
Абон хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕзмынц Йесо Чырыстийы. Уыдоны фӕнды адӕмы хъизӕмӕрттӕ фӕрогдӕр кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ балӕууынц. Фӕлӕ зӕххыл цы фыдхъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕн кӕрон скӕныныл нӕ архайынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зонынц, ӕппӕт хъизӕмӕртты аххосӕгтӕ Хуыцауы Паддзахад кӕй фесафдзӕн (Матфейы 6:10). Чырыстийау уыдон дӕр цард политикӕйы руаджы фӕивыныл нӕ архайынц, фӕлӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ зондахаст аивой ӕмӕ уый фӕрцы сӕ цард фӕхуыздӕр уа. Ӕмӕ уый раст у, уымӕн ӕмӕ адӕм цы зындзинӕдтӕ ’взарынц, уый сӕйраджыдӕр политикӕимӕ баст нӕу, фӕлӕ адӕмӕн сӕ зондахастыл.
Сӕ хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнынц
Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зонынц, цы ахсджиаг хӕстӕ сыл ис, уыдон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хицауады коммӕ кӕсынц. Сӕ литературӕйы фӕрцы, стӕй адӕмимӕ Библийы тыххӕй кӕй фӕныхас кӕнынц, уый фӕрцы адӕмы ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй хицауады закъӕтты коммӕ кӕсой. Фӕлӕ сӕ хицауад, Хуыцауы закъоны ныхмӕ цы у, ахӕм исты бакӕнын куы фӕдомы, уӕд Хуыцауы ныхасы сӕрты нӕ ахизынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фыццаджыдӕр Хъуыддӕгтӕ 5:29; Ромӕгтӕм 13:1–7).
хъусынц Хуыцаумӕ, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи фӕахуыр кӕнынц, кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр. Уый фӕрцы милуангай адӕм сӕ зондахаст аивтой ӕмӕ сӕ цард фӕхуыздӕр. Алы аз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕдӕгай минтӕн баххуыс кӕнынц се ’взӕр хъуыддӕгтӕй фервӕзынӕн, зӕгъӕм, тамакойӕ, нозтӕй, наркотиктӕй, ӕхцайыл хъазынӕй ӕмӕ хӕтындзинадӕй. Уыдон свӕййынц ӕгъдауджындӕр ӕмӕ сӕ хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй феххӕст кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сахуыр вӕййынц сӕ цард Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ аразын. (Кӕс ацы журналы статья «Библи ивы адӕймаджы цард», 18 фарс.)
Уымӕй уӕлдай ма бинонтӕ Библи куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд лӕг ӕмӕ ус дӕр, ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр, стӕй сывӕллӕттӕ дӕр сӕ кӕрӕдзийӕн тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи хуыздӕр фембарынц. Уый фӕрцы та бинонтӕ кӕнынц ӕнгомдӕр. Бинонты ’хсӕн та фарн куы уа, уӕд ӕппӕт адӕмы ’хсӕн дӕр фарн уыдзӕн.
Ацы статьятӕй цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ цавӕр дзуапп раттис ахӕм фарстайӕн: афтӕ чи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, дин ӕмӕ политикӕ ӕмвӕндӕй хъуамӕ архайой, уыдон Библимӕ гӕсгӕ раст сты? Дзуапп бӕлвырд у: не сты. Фӕлӕ, цымӕ, Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы сӕ хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнын? О. Ӕмӕ уый сӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Чырыстийы фӕдзӕхст, ацы дунейӕн ут цӕхх ӕмӕ рухс, зӕгъгӕ, куы ӕххӕст кӕной, уый фӕрцы.
Адӕймаг ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыныл куы архайа, уӕд уый пайда уыдзӕн йӕхицӕн дӕр, йӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ, йӕ алыварс чи цӕры, уыцы адӕмӕн дӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнынц, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд сӕ бафӕрс, ӕмӕ дын уыдон ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты *.
[Фиппаинаг]
^ 12 абз. Кӕнӕ та кӕс сайт www.watchtower.org
[Хицӕнгонд текст 10 фарсыл]
Чырысти адӕмы цард политикӕйы фӕрцы аивынмӕ нӕ хъавыд, фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ зондахаст аивтаиккой
[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнынц