2 Хуыцау адӕмыл нӕ тыхсы. Уый ӕцӕг у?
2 Хуыцау адӕмыл нӕ тыхсы. Уый ӕцӕг у?
Арӕх фӕзӕгъынц: «Хуыцау адӕмыл ӕцӕгдӕр куы тыхсид, уӕд сын сӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнид. Кӕд сыл тыхсы, уӕд та сыл тыхсы иумӕйагӕй, алкӕуыл хицӕнӕй нӕ, фӕлӕ».
Библийы фыст ис: Зӕххыл фыддзинад кӕй ис, уым Хуыцау Йегъовӕ ницы аххосджын у (Иаковы 1:13). Хуыцауӕн зын нӕу фыддзинадӕн кӕрон скӕнын. Фӕлӕ адӕмы историйы райдианы цы ахсджиаг фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдонӕн дзуапп лӕвӕрд кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа, уый тыххӕй Хуыцау нырма ницы ивы. Бӕллӕхтӕ цӕуынц, йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдоны аххосӕй, ӕмӕ сын ӕппынфӕстаг Хуыцау кӕрон скӕндзӕн (Райдиан 3:1–6; Исай 65:17) *.
Хуыцау адӕмыл ӕрмӕст иумӕйагӕй нӕ тыхсы, фӕлӕ алы адӕймагыл дӕр хицӕнӕй. Матфейы 10:29–31 стихтӕй бӕрӕг у, Хуыцау кӕй зоны, суанг нӕхӕдӕг нӕхи тыххӕй цы нӕ зонӕм, уый дӕр: «Дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут».
Хабар ӕцӕг куыд у, уый зонын цы пайда у? Тызмӕг ӕмӕ дурзӕрдӕ адӕймаг никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы. Уӕдӕ Хуыцауы тыххӕй дӕр ахӕм мӕнг ныхас кӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕмыл нӕ тыхсы, ома дурзӕрдӕ у, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, бирӕты кӕй нӕ фӕнды Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын, стӕй йӕм кувгӕ дӕр фӕкӕнынц, ныфс сӕ ӕппындӕр куы ницӕмӕйуал вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Фӕлӕ йӕ куы базонай, Йегъовӕ ныл ӕцӕгдӕр кӕй тыхсы, уӕд дӕ, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай ӕмӕ йе ’мбал суай.
Ӕвӕццӕгӕн Хуыцаумӕ кувгӕйӕ искуы ахъуыды кодтай, цымӕ мын мӕ куывдтытӕ хъусы кӕнӕ мын баххуыс кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Библийы фыст ис, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» алкӕддӕр кӕй хъусы, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ (Псалом 65:2).
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй «не ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр... [йӕ] бар бакӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы махыл» (1 Петры 5:7). Цыфӕнды зын уавӕры куы уӕм, уӕд дӕр ыл нӕ бон у нӕ ныфс дарын, уымӕн ӕмӕ йӕ Ныхасы фыст ис: «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:18).
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 11 сӕр.
[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]
Кӕд ныл Хуыцау нӕ тыхсы, уӕд нын цӕмӕн дзуры, цӕмӕй йӕм кувӕм?