Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сӕ фидардзинады тыххӕй сты кады аккаг»

«Сӕ фидардзинады тыххӕй сты кады аккаг»

АДОЛЬФ ГИТЛЕР Германийы канцлер куы уыд, уӕд ӕм ныффыстой дӕсгай мин писмойы. 1945 азы Советон ӕфсад, Берлины алыварс цы зӕххытӕ уыд, уыдон куы бацахста, уӕд уыцы писмотӕй бирӕтӕ Мӕскуыйы архивтӕм аластой. Историк Генрик Эберлейы фӕндыд базонын, Гитлермӕ чи ӕмӕ цӕмӕн фыста, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы писмотӕй цалдӕр мины бакаст. Цы сбӕрӕг кодта, уый тыххӕй ныффыста йӕ чиныджы «Писмотӕ Гитлермӕ» (Briefe an Hitler).

Эберле загъта: «Гитлермӕ фыстой ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ, сылгоймӕгты аргъуанты чи цард, уыдон ӕмӕ сауджынтӕ, куыст кӕмӕн нӕ уыд, ахӕмтӕ ӕмӕ амалхъом адӕм, адмиралтӕ ӕмӕ хуымӕтӕг салдӕттӕ. Иутӕ йӕ хуыдтой, ногӕй зӕхмӕ чи ӕрцыд, уыцы Мессийӕ, иннӕтӕ та – фыдбылыз адӕймаджы хуызы». Цымӕ нацисттӕ цы фыдмитӕ кодтой, уый тыххӕй Гитлермӕ чырыстон динты разамонджытӕй исчи ныффыста? Ахӕм писмотӕ дӕр дзы уыди, фӕлӕ бирӕ нӕ.

Фӕлӕ дзы бирӕ писмотӕ уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй. Уыцы писмотӕ ӕрвыст уыдысты Германийы алы рӕттӕй ӕмӕ иууылдӕр уыдысты нацистты фыдхъуыддӕгты ныхмӕ. Ӕрмӕст Германийӕ нӕ, фӕлӕ ӕдӕппӕтӕй 50 бӕстӕйӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Гитлермӕ арвыстой иу-20 000 писмойы ӕмӕ телеграммӕйы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй ӕфхӕрдтой, уый фӕдыл. Мингай Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ахсгӕ ӕркодтой, цалдӕр сӕдӕйы та дзы маргӕ акодтой кӕнӕ сын фыдмитӕ кӕй фӕкодтой, уый аххосӕй амардысты. Эберле загъта: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нацистты къухӕй цал милуан адӕймаджы бабын, уыдонимӕ абаргӕйӕ ацы нымӕц [Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чи фӕхъуыд, уыдоны нымӕц] стыр нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый тыххӕй амардысты, ӕмӕ нацисттӕн сӕттын нӕ бакуымдтой ӕмӕ сӕ уырнындзинады сӕрты нӕ ахызтысты, ӕмӕ уый тыххӕй сты кады аккаг».