Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд хъӕуы ахуыр кӕнын сывӕллӕтты Хуыцауы тыххӕй? Цавӕр мадзӕлттӕ сты хуыздӕр?

Куыд хъӕуы ахуыр кӕнын сывӕллӕтты Хуыцауы тыххӕй? Цавӕр мадзӕлттӕ сты хуыздӕр?

Куыд хъӕуы ахуыр кӕнын сывӕллӕтты Хуыцауы тыххӕй? Цавӕр мадзӕлттӕ сты хуыздӕр?

«Абон дын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы. Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы, дзур сыл, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай ӕмӕ-иу куы сыстай, уӕд» (ДЫККАГ ЗАКЪОН 6:6, 7).

НЫЙЙАРДЖЫТӔ хатт нӕ фӕзонынц, сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕной, уый. Уынаффӕ агурын куы райдайынц, уӕд уыйбӕрц уынаффӕтӕ фехъусынц кӕнӕ бакӕсынц, ӕмӕ ноджы тынгдӕр стыхсынц. Зӕгъӕм, хӕстӕджытӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ цӕттӕ вӕййынц уынаффӕ раттынмӕ. Чингуыты, журналты ӕмӕ Интернеты дӕр ссарӕн ис тынг бирӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ хатт уыцы хъуыддаджы фӕдыл иу ран иухуызон уынаффӕ вӕййы, иннӕ ран та – бынтон ӕндӕрхуызон.

Фӕлӕ Библи ныййарджытӕн дӕтты хорз уынаффӕтӕ. Ӕмӕ ӕрмӕст уый фӕдыл нӕ, сӕ сывӕллӕттӕн цы амоной, фӕлӕ сын куыд амоной, уый фӕдыл дӕр. Статьяйы райдианы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы тыххӕй кӕй хъуамӕ дзурой алы бон дӕр. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр цыппар уынаффӕйыл Библийӕ. Уыцы уынаффӕтӕ бирӕ ныййарджытӕн баххуыс кодтой сӕ сывӕллӕттимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнынӕн.

1. Амонут сын, Хуыцауы сфӕлдыстадӕй цы базонӕн ис, уый. Апостол Павел ныффыста: «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (Ромӕгтӕм 1:20). Ныййарджытӕй бирӕ кӕнгӕ у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ бамбарой, сӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы ӕмбӕлттӕ суой. Сӕ бон сын у се ’ргом здахын, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнын, Сфӕлдисӕджы миниуджытӕй кӕцытыл дзурӕг сты, уый.

Афтӕ ахуыр кодта Йесо Чырысти дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты. Зӕгъӕм, иухатт сын загъта: «Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ ӕмӕ нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, фӕлӕ сӕ уӕ уӕларвон Фыд ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут?» (Матфейы 6:26). Ацы ныхӕстӕй Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, Йегъовӕ уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у. Уымӕй уӕлдай ма сын баххуыс кодта, цӕмӕй ахъуыды кодтаиккой, Хуыцау уыцы миниуджытӕ йӕ хъӕбултӕм куыд равдыста, ууыл.

Зондджын паддзах Соломон ракодта мӕлдзыджы кой, Хуыцауӕй ратгӕ зонд кӕмӕ ис, уыцы гыццыл цӕрӕгойы кой, ӕмӕ бамбарын кодта, зондӕн дзы цы райсӕн ис, уый: «Зивӕггӕнаг, ацу мӕлдзыгмӕ. Бакӕс, куыд кусы, уымӕ, ӕмӕ дзы дӕхицӕн зонд райс. Уымӕн нӕдӕр хицау ис, нӕдӕр уынаффӕгӕнӕг, нӕдӕр цӕстдарӕг, фӕлӕ сӕрдыгон фӕцӕттӕ кӕны йӕхицӕн хӕринаг, хуымгӕрдӕнты афон фембырд кӕны хойраг» (Ӕмбисӕндтӕ 6:6–8). Ӕрдзы хабӕртты фӕрцы сывӕллӕттӕн хорз бамбарын кӕнӕн ис, цӕмӕ тырнын хъӕуы, уый, стӕй зӕрдиагӕй архайын кӕй хъӕуы, цӕмӕй сӕ нысӕнттӕ сӕ къухы бафтой.

Ныййарджытӕн сӕ бон у Чырысти ӕмӕ Соломонау сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын. Зӕгъӕм: 1) Бафӕрсут уӕ сывӕллӕтты, кӕцы зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ цӕуынц уӕ зӕрдӕмӕ, зӕгъгӕ. 2) Уӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ фылдӕр базонут уыцы зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты тыххӕй. 3) Уыцы зайӕгойтӕй ӕмӕ цӕрӕгойтӕй Хуыцауы тыххӕй цы базонӕн ис, уый сын бамбарын кӕнут.

2. Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ Чырыстийы фӕзмут. Адӕмӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр хабӕрттӕ чи радзырдтаид, уый уыд Йесо Чырысти. Фӕлӕ Чырысти ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта – кӕй ахуыр кодта, уыдонмӕ лӕвӕрдта бирӕ фарстатӕ. Зӕрдиагӕй-иу сӕ фарста, цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй (Матфейы 17:24, 25; Марчы 8:27–29). Ныййарджыты дӕр сӕ сывӕллӕтты бирӕ цӕуылдӕрты хъӕуы ахуыр кӕнын. Фӕлӕ сӕ цӕмӕй хорз ахуыр кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ Чырыстийы фӕзмой ӕмӕ семӕ афтӕ ныхас кӕной, цӕмӕй сывӕллӕттӕ, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом дзурой.

Фӕлӕ, зӕгъӕм, сывӕллӕттӕ афтӕ коммӕгӕс не сты кӕнӕ сын цы амоныс, уый сӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд нӕ айсынц. Ӕркӕсӕм, Чырысти йӕ апостолты куыд ахуыр кодта, уымӕ. Уыдон-иу хатт фӕбыцӕу сты ӕмӕ сын Чырысти сӕрныллӕгдзинады тыххӕй цы дзырдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд нӕ айстой. Фӕлӕ-иу сӕм Чырысти не смӕсты – ногӕй та-иу сын бамбарын кодта, адӕймаг сӕрныллӕг куы уа, уӕд бирӕ амондджындӕр кӕй уыдзӕн (Марчы 9:33, 34; Лукайы 9:46–48; 22:24, 25). Чырыстийы чи фӕзмы, уыцы ныййарджытӕ дӕр сӕ цотмӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сын уыцы иу ахсджиаг хъуыддаг цалдӕр хатты дӕр бамбарын кӕнынц, цалынмӕ сӕм нӕ бахъары, уӕдмӕ *.

3. Фӕзминаг сын ут. Апостол Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ чи хъусы, уыцы ныййарджытӕ сты раппӕлинаг. Павел ныффыста: «Искӕй ахуыргӕнгӕйӕ, дӕхи куыд нӕ ахуыр кӕныс? Иннӕтӕн афтӕ куы дзурыс, ма дав, зӕгъгӕ, уӕд дӕхӕдӕг куыд давыс?» (Ромӕгтӕм 2:21).

Ацы уынаффӕ тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттыл сӕ ныййарджыты ныхӕстӕ афтӕ нӕ фӕзынынц, сӕ хъуыддӕгтӕ сыл куыд фӕзынынц. Сывӕллӕттӕ куы фӕуынынц, сӕ ныййарджытӕ цы дзурынц, кӕнгӕ дӕр уый кӕй кӕнынц, уӕд сын сӕ ныхасмӕ хуыздӕр фӕхъусынц.

4. Райдайут, цалынмӕ гыццыл сты, уӕдмӕ. Апостол Павелимӕ хорз хабар дард рӕтты чи хъусын кодта, уыцы ӕрыгон лӕппу Тимофейӕ иууылдӕр тынг ӕппӕлыдысты (Хъуыддӕгтӕ 16:1, 2). Ахӕм хорз адӕймаг дзы цӕй фӕрцы рауад, уыцы хъуыддӕгтӕй иу уыд, йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ» йын «сыгъдӕг Фыстытӕ» кӕй амыдтой, уый. Йӕ мад ӕмӕ йын йӕ мадымад Фыстад ӕрмӕст кӕсгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ ма йӕ ахуыр кодтой, цӕмӕй сыл арф хъуыды кодтаид (2 Тимофеймӕ 1:5; 3:14, 15).

Цы уын баххуыс кӕндзӕн?

Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнын сӕ бон куыд у, уый фӕдыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ литературӕ уадзынц. Кӕцыдӕртӕ дзы фыст сты сӕрмагондӕй гыццыл сывӕллӕттӕн. Иннӕтӕ та ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй, гыццыл чи нал у, уыцы сывӕллӕттимӕ ӕргом ныхас кӕной *.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй ныййарджытӕн сӕ бон уа сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы тыххӕй исты бацамонын, уый тыххӕй уал сӕхи хъӕуы базонын дзуапп, сывӕллӕттӕ арӕх цы зын фарстатӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн. Уыцы фарстатӕй иуӕй-иутӕ сты: Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны? Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис? Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ацы фарстатӕн, стӕй ӕндӕр фарстатӕн дӕр дзуапп базонай, ӕмӕ ды дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр Хуыцаумӕ баввахс уат (Иаковы 4:8).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 10 абз. Дыккаг закъоны 6:7 стихы «нывӕр»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны, цавӕрдӕр хъуыды искӕй зӕрдыл арӕх лӕууын кӕнын.

^ 15 абз. Гыццыл сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн ныййарджытӕн сӕ бон у пайда кӕнын, Чырыстийы ахуырӕдты кой кӕм цӕуы, уыцы чиныгӕй – «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ», зӕгъгӕ. Кӕнӕ та сӕ бон у иумӕ кӕсын, хуымӕтӕг ӕвзагӕй Библийы арф хъуыдытӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы чиныг, «Мӕ библион радзырдты чиныг», зӕгъгӕ. Фӕсивӕдимӕ ныхас кӕнынӕн та сын баххуыс кӕндзӕн чиныг «Вопросы молодёжи. Практические советы», 1 ӕмӕ 2 томтӕ.