Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дун-дуне цы закъӕтты руаджы лӕууы, уыдон чи ӕрфидар кодта?

Дун-дуне цы закъӕтты руаджы лӕууы, уыдон чи ӕрфидар кодта?

«АРВӔН йӕ закъӕттӕ базыдтай?» (Иов 38:33). Ацы фарста Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕг Иовмӕ уый тыххӕй радта, цӕмӕй йын иу ахсджиаг хъуыды бамбарын кодтаид: йӕ зонд ӕгӕрон кӕмӕн у, уыцы Сфӕлдисӕгимӕ абаргӕйӕ адӕм тынг гыццыл зонынц. Дӕумӕ та куыд кӕсы?

Абон адӕм бирӕ базыдтой, Дун-дуне цы закъӕтты фӕрцы лӕууы, уый тыххӕй. Фӕлӕ ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, нырма кӕй нӕ зонынц, ахӕм хабӕрттӕ ноджы фылдӕр сты. Ног цыдӕртӕ куы базонынц, уӕд та сӕ бахъӕуы сӕ хъуыды фӕивын, Дун-дуне куыд арӕзт у, уый фӕдыл. Цымӕ ахуыргӕндтӕ ногӕй цы базыдтой, уый руаджы сӕ бон дзуапп раттын уаид, Хуыцау Иовӕн цы фарста радта, уымӕн? Сӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Дун-дуне цы закъӕтты фӕрцы лӕууы, уыдон Хуыцау Йегъовӕ кӕй ӕрӕвӕрдта?

Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм, Библийы цы цымыдисаг ныхӕстӕ фыст ӕрцыд, уыдоны фӕрцы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи наукон чиныг нӕу. Фӕлӕ дзы, Дун-дунейы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ наукӕйы цӕстӕй акӕсгӕйӕ ӕппындӕр ницы фау ӕрхӕссӕн ис. Уымӕй уӕлдай уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты, сӕ рӕстдзинад сын ахуыргӕндтӕ куы сбӕлвырд кодтой, уымӕй бирӕ раздӕр.

Иуӕй-иу хабӕрттӕ историйӕ

Н. э. размӕ 4 ӕнусы – рагон дзуттаг ӕвзагыл кӕй ныффыстой, Библийы уыцы хай, ома Рагон Фӕдзӕхст, фыст куы фӕци, уымӕй иу ӕнус фӕстӕдӕр,– грекъаг философ Аристотелы ахуырӕдтӕ Дун-дунейы арӕзты фӕдыл тынг фӕзындысты уӕды рӕстӕджы зындгонд ахуыргӕндтыл. Аристотель суанг абон дӕр нымад у ӕппӕты номдзыддӕр ахуыргӕндтӕй сӕ иуыл. ( Кӕс рамкӕ 25 фарсыл.) Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Аристотель у фыццаг ӕцӕг ахуыргонд... Ахуыргӕндтӕ дзы иууылдӕр хӕсджын сты» («Encyclopædia Britannica»).

Аристотель куыд дзырдта, афтӕмӕй зӕхх лӕууы Дун-дунейы астӕу, зӕххы алыварс та ис 50 сферӕйӕ фылдӕр. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, стъалытӕ фидаргонд сты, зӕххӕй ӕппӕты дарддӕр чи у, уыцы сферӕйыл, планетӕтӕ та – хӕстӕгдӕр ӕм чи у, ууыл. Йӕ теоримӕ гӕсгӕ, зӕххы алыварс цы ис, уыдӕттӕ иууылдӕр сты ӕнусон ӕмӕ ӕнӕфӕивгӕ. Ацы хъуыдытӕ, чи зоны, абон кӕмӕдӕр худӕг кӕнӕ ӕнахуыр фӕкӕсой, фӕлӕ сыл ахуыргӕндтӕ 2 000 азы дӕргъы ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой.

Фӕлӕ-ма Аристотелы хъуыдытӕ, Библийы цы фыст ис, уыимӕ абарӕм. Рӕстӕг цы равдыста, Аристотелы ныхӕстӕ разындысты раст ӕви Библийы фыст ныхӕстӕ? Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, Дун-дуне цы закъӕтты фӕрцы лӕууы, уыимӕ баст ӕртӕ фарстамӕ. Дзуапп сын куы базонӕм, уӕд ноджы тынгдӕр баууӕнддзыстӕм, Библи чи ныффыссын кодта ӕмӕ «арвы закъӕттӕ» чи ӕрӕвӕрдта, ууыл (Иов 38:33).

1. Цымӕ Дун-дуне иу бынаты лӕууы?

Аристотель хъуыды кодта, зӕгъгӕ, зӕххы алыварс цы сферӕтӕ ис, уыдон лӕууынц иу бынаты. Сферӕтӕ иууылдӕр, уыдонимӕ, стъалытӕ цы сферӕйыл фидаргонд сты, уый дӕр, нӕдӕр къаддӕр кӕнынц, нӕдӕр стырдӕр.

Цымӕ Библи дӕр афтӕ зӕгъы? Уый тыххӕй дзы бӕлвырд ницы ис фыст. Фӕлӕ дзы ис мӕнӕ ахӕм цымыдисаг ныхӕстӕ: «Хуыцау цӕры зӕххы къорийы сӕрмӕ, ӕмӕ, зӕххыл чи цӕры, уыдон йӕ разы сты цъырцъырӕгты хуызӕн. Хуыцау арв тӕнӕг хъуымацау айтауы, цӕрӕн цатыр куыд айтындзай, уыйау ӕй айтындзы» (Исай 40:22) *.

Цымӕ наукӕмӕ гӕсгӕ растдӕр Аристотель разынд ӕви Библийы фыст ныхӕстӕ? Космосы хабӕрттӕ чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕ Дун-дунейы тыххӕй цы дзурынц? 20 ӕнусы астрономтӕ куы базыдтой, Дун-дуне уӕрӕхӕй-уӕрӕхдӕр кӕй кӕны, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Куыд сбӕрӕг, афтӕмӕй галактикӕтӕ дардӕй-дарддӕр кӕнынц кӕрӕдзийӕ, ӕмӕ уымӕй дӕр тынг тагъд. Ӕвӕццӕгӕн, раздӕр ууыл ахуыргӕндтӕй хъуыды дӕр ничи акодтаид. Абон та сӕ фылдӕр зӕгъынц, зӕгъгӕ, Дун-дуне куы фӕзынд, уӕд уыд тынг гыццыл, галактикӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ фыццаг кӕрӕдзимӕ уыдысты тынг хӕстӕг, фӕлӕ стӕй кӕрӕдзийӕ дардӕй-дарддӕр кӕнын райдыдтой. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ахуыргӕндтӕ сбӕлвырд кодтой, Аристотелы теори абоны наукӕмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу.

Цымӕ Библийӕ та цы зӕгъӕн ис? Пехуымпар Исай стъалыджын арвмӕ куы скаст, уӕд ӕй абарста, кӕй айтыгътой, ахӕм цатыримӕ, ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, хуымӕтӕджы нӕ уыд *. Чи зоны Исаймӕ Ӕрфӕны фӕд «тӕнӕг хъуымацы» хуызӕн фӕкаст.

Исайы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ цӕстытыл ауайы, раджы заманты-иу цатыр куыд ӕрӕвӕрдтой, уый: фидар хъуымацы тыхтон-иу райхӕлдтой, айтыгътой-иу ӕй ӕмӕ-иу ӕй михтыл бафидар кодтой. Нӕ бон ма у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, базары-иу уӕйгӕнӕг тӕнӕг хъуымацы гыццыл тыхтон куыд систа ӕмӕ-иу ӕй ӕлхӕнӕджы раз куыд айтыгъта. Ацы дыууӕ хабарӕн сӕ хъуыды у иу: гыццыл цыдӕр-иу айтыгътой ӕмӕ-иу дзы стыр цыдӕр рауад.

Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Библи цатыры ӕмӕ тӕнӕг хъуымацы кой уый тыххӕй кӕны, цӕмӕй бамбарын кӕна, Дун-дуне уӕрӕхӕй-уӕрӕхдӕр кӕй кӕны, уый. Фӕлӕ диссаг куыннӕ у, Библийы Дун-дунейы тыххӕй цы фыст ис, уый ӕмӕ нырыккон наукӕ афтӕ ӕнгом баст кӕй сты кӕрӕдзиимӕ! Пехуымпар Исай Аристотелӕй цард иу-цыппар ӕнусы раздӕр, ахуыргӕндтӕ йын йӕ ныхӕсты рӕстдзинад куы сбӕлвырд кодтой, уымӕй та иу-2 000 азы раздӕр. Фӕлӕ Аристотелы зынӕмбарӕн теорийӕ уӕлдай раст разындысты ацы хуымӕтӕг адӕймаджы ныхӕстӕ.

2. Планетӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ сӕ бынаты цӕй фӕрцы лӕууынц?

Аристотель куыд дзырдта, афтӕмӕй Дун-дуне афтид нӕ уыд. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕмӕ атмосферӕ конд уыдысты зӕххӕй, донӕй, уӕлдӕфӕй ӕмӕ зынгӕй. Дун-дунейы иннӕ хай та йедзаг уыд авгау сыгъдӕг сферӕтӕй. Конд уыдысты, эфир кӕй хуыдта, ахӕм цавӕрдӕр ӕнусон буаргъӕдӕй. Планетӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ та уыцы ӕнӕуынгӕ сферӕтыл фидаргонд уыдысты. Бирӕ рӕстӕг ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр разы уыдысты Аристотелы теориимӕ. Йӕ хъуыды сӕм раст каст, зӕгъгӕ, цӕмӕй планетӕтӕ кӕнӕ стъалытӕ ма ӕрхауой, уый тыххӕй хъуамӕ истӕуыл ӕвӕрд кӕнӕ фидаргонд уой.

Цымӕ Библийы та цы фыст ис? Хуыцауыл ӕнувдыд адӕймаг Иов Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Уый... зӕхх ӕрцауыгъта ницӕуыл» (Иов 26:7). Ӕвӕццӕгӕн, Аристотель ацы ныхӕстыл ӕууӕндгӕ дӕр нӕ бакодтаид, уый гӕнӕн куыд ис, зӕгъгӕ.

Н. э. 17 ӕнусы, Иовы замантӕй 3 000 азы бӕрц куы рацыд, уӕд ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Дун-дуне афтид нӕу, ома дзы цы цыдӕр ис. Ӕмӕ дзы цы ис, уыдон авгау сыгъдӕг сферӕтӕ не сты. Уый у доны хуызӕн цавӕрдӕр буаргъӕд. Фӕлӕ уыцы ӕнусы кӕрон физик Исаак Ньютон бынтон ӕндӕр хъуыдымӕ ’рцыд: планетӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ лӕууынц гравитацийы фӕрцы, омӕ сӕ кӕрӕдзимӕ чи ӕлвасы, уыцы тыхы фӕрцы. Ньютон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ бамбӕрста, зӕхх, иннӕ планетӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ цӕуылдӕр фидаргонд кӕй не сты, ома адӕймагмӕ куыд фӕкӕсы, афтӕмӕй «ницӕуыл» ауыгъд сты.

Ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр не сразы сты, Ньютон кӕй ӕрхъуыды кодта, уыцы гравитацийы теориимӕ. Зын сын уыд бамбарын, планетӕтӕн ӕмӕ стъалытӕн бындур кӕй нӕй. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ахӕм уӕззау зӕххӕн ӕмӕ иннӕ планетӕтӕн бындур ма уа? Уый ӕнцон бамбарӕн нӕ уыд. Аристотелы замантӕй фӕстӕмӕ бирӕ ахуыргӕндтӕ хъуыды кодтой, Дун-дуне хъуамӕ цӕмӕйдӕр йедзаг уа, зӕгъгӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иов ницы зыдта, зӕхх хуры алыварс цӕй фӕрцы зилы ӕмӕ цӕуылнӕ хауы, уый. Ӕмӕ уӕдӕ афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, зӕхх «ницӕуыл» лӕууы, ома йын бындур нӕй?

Кӕд зӕхх ницӕуыл лӕууы, уӕд ма ӕвзӕры ӕндӕр фарста дӕр: зӕхх, иннӕ планетӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ сӕ бынаты цы уромы? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Хуыцау Иовӕн цы диссаджы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ: «Дӕ бон у Кимы стъалыгуппары бӕттӕнтӕ бабӕттын кӕнӕ Кесилы стъалыгуппары бостӕ райхалын?» (Иов 38:31). Иов цӕрӕнбонты уыдта, алы ’хсӕв дӕр-иу арвыл ацы стъалыгуппартӕ куыд фӕзындысты ӕмӕ та-иу стӕй райсомӕй куыд ӕрбайсӕфтысты, уый *. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ныр уал азы дӕргъы уыцы иухуызонӕй куыд лӕууынц. Цавӕр бӕттӕнтӕ уромынц уыцы стъалытӕ дӕр, стӕй иннӕ стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ дӕр сӕ бынӕтты? Ацы хъуыдытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иовы стыр дисы ӕфтыдтой.

Стъалытӕ сферӕтыл фидаргонд куы уыдаиккой, уӕд уыцы «бӕттӕнтӕ» хъӕугӕ дӕр ницӕмӕн кодтаиккой. Ахуыргӕндтӕ ӕрмӕст иу-2 000 азы фӕстӕдӕр базыдтой, ӕгӕрон космосы уӕздан рӕсугъд кафт кӕнӕгау цы стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ зилынц, уыдон кӕрӕдзиимӕ кӕмӕй баст сты, уыцы ӕнӕуынгӕ «бӕттӕнтӕ» кӕнӕ «бостӕ» цы сты, уый. Ацы хъуыддаджы фӕдыл Исаак Ньютон, стӕй Альберт Эйнштейн цы раиртӕстой, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр айхъуыстысты. Иов ӕппындӕр ницы зыдта, Хуыцау стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ цавӕр тыхы фӕрцы сбаста кӕрӕдзийыл, уый тыххӕй. Фӕлӕ рӕстӕг равдыста, раст кӕй разындысты Аристотелы ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ, Иовы чиныджы Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, уыдон. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Дун-дуне цы закъӕтты фӕрцы лӕууы, уыдон чи ӕрфидар кодта, уымӕй хуыздӕр уыцы хабӕрттӕ чи хъуамӕ зона?

3. Ӕнусон ӕви рӕстӕгмӕ?

Аристотель куыд дзырдта, афтӕмӕй зӕхх ӕмӕ уӕлӕрвтӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Дзырдта, зӕгъгӕ, зӕхх цӕмӕй конд у, уыдӕттӕ иууылдӕр кӕнынц ивгӕ, баруайынц ӕмӕ стӕй фесӕфынц. Фӕлӕ сферӕтӕ цы эфирӕй конд сты, уый та у ӕнусон. Аристотельмӕ гӕсгӕ уыцы сферӕтӕ ӕмӕ сыл цы стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ фидаргонд сты, уыдон нӕ ивынц, нӕ зӕронд кӕнынц ӕмӕ нӕ сӕфынц.

Цымӕ Библи дӕр афтӕ зӕгъы? Псалом 102:25–27 стихты фыст ис: «Ды раджы сӕвӕрдтай зӕххӕн бындур, ӕмӕ арв дӕр у дӕ къухты фыдӕбон. Уыдон фесӕфдзысты, ды та уыдзынӕ ӕнустӕм. Дарӕсау баихсидзысты, дзаумайау сӕ раивдзынӕ, ӕмӕ ӕрцӕудзысты сӕ кӕронмӕ. Ды та нӕ ивыс, ӕмӕ дӕ азтӕ никуы фӕуыдзысты».

Ацы ныхӕстӕ чи ныффыста, уый, ӕвӕццӕгӕн, Аристотелы заманӕй иу-дыууӕ ӕнусы раздӕр цард. Дӕ хъус-ма ӕрдар, зӕхх ӕмӕ арв кӕрӕдзиимӕ кӕй нӕ бары, ома афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ зӕхх сӕфгӕ кӕны, стъалытӕ та – нӕ. Растдӕр уаид зӕгъӕн, зӕхх ӕмӕ арв кӕй бары, чи сӕ сфӕлдыста, уыцы Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ *. Ацы ныхӕстӕй афтӕ уайы, ӕмӕ стъалытӕ дӕр, зыххыл цы ис, уыдӕттау кӕй баруайынц ӕмӕ кӕй фесӕфынц. Уый фӕдыл ахуыргӕндтӕ та цы дзурынц?

Геологтӕ сбӕлвырд кодтой, зӕхх кӕй «зӕронд кӕны», ӕмӕ уымӕй сбӕрӕг ис Аристотелы хъуыды дӕр ӕмӕ Библийы ныхӕстӕ дӕр раст кӕй сты. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хӕхтӕ «зӕронд» кӕнынц, ома, пырх кӕнынц, зӕгъӕм, дӕттӕ ӕмӕ дымгӕты аххосӕй, стӕй кӕнынц «рӕзгӕ» дӕр, ома хӕрдмӕ ссӕуынц, зӕгъӕм, вулканты фӕрцы.

Ӕмӕ стъалытӕй та цы зӕгъӕн ис? Цымӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сын фесӕфӕн ис, ӕви, Аристотель куыд дзырдта, афтӕ у, ома ӕнусон сты? Аристотелы хъуыдыйыл фыццаг фӕдызӕрдыг сты н. э. 16 ӕнусы, европӕйаг ахуыргӕндтӕ дзыхъхъынног стъалыйы срӕмыгъд куы федтой, уӕд. Уӕдӕй нырмӕ ахуыргӕндтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой, стъалытӕ-иу куыд «амардысты», уый. Уый та вӕййы афтӕ: стъалы ӕвиппайды срӕмудзы, сабыргай басудзы кӕнӕ та ӕвиппайды ӕрбампылы ӕмӕ фесӕфы. Уымӕй уӕлдай ма-иу астрономтӕ федтой, ног стъалытӕ-иу куыд фӕзындысты, уый. Ног стъалытӕ сӕвзӕрынц «стъалыты авдӕнты». Уыцы «авдӕнтӕ» сты, галактикӕты цы газ ӕмӕ рыджы муртӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ Библийы фыссӕг уӕлӕрвтӕ, чи баихсийы ӕмӕ кӕй баивынц, ахӕм уӕлӕдарӕсимӕ дзӕгъӕлы нӕ абарста *. Диссаг куыннӕ у, раджы заманты Библийы фыст кӕй ӕрцыдысты, нырыккон наукӕйы цӕстӕй акӕсгӕйӕ, фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕй, ахӕм ныхӕстӕ!

Фӕлӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна: «Цымӕ Библи ӕцӕгдӕр афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, зӕхх ӕмӕ арв фесӕфдзысты кӕнӕ сӕ ивын бахъӕудзӕн?» Нӕ, Библийы фыст ис, ӕнустӕм кӕй уыдзысты (Псалом 104:5; 119:90). Ӕрмӕст уый руаджы нӕ, ӕмӕ сыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы, фӕлӕ уымӕн, ӕмӕ сӕ чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, фесӕфын сӕ кӕй нӕ бауадздзӕн (Псалом 148:4–6). Куыд, уый бӕлвырдӕй нӕ загъта. Фӕлӕ, цымӕ, дызӕрдыг кӕнӕн ис, Дун-дуне чи сфӕлдыста, уый йӕм йӕ хъус кӕй фӕдардзӕн, цӕмӕй ма фесӕфа? Йӕ бинонтӕн хӕдзар чи сарӕзта, уымӕн йӕ бон уыцы хӕдзармӕ зилын куыд у, цӕмӕй заууатмӕ ма ’рцӕуа, афтӕ Хуыцауӕн дӕр уый йӕ бон у, цы Дун-дуне сфӕлдыста, уымӕ «зилын».

Чи у кад ӕмӕ намысы аккаг?

Дун-дуне цы закъӕтты фӕрцы лӕууы, уыдонӕй ӕрмӕст иу-цалдӕрыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд уый дӕр фаг у, цӕмӕй бамбарӕм, чи у кад ӕмӕ намысы аккаг. Зӕгъӕм, ӕгӕрон космосы утӕппӕт стъалытӕ чи апырх кодта? Чи бакодта афтӕ, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзимӕ цы тых ӕлвасы, уый руаджы сӕ бынаты лӕууой? Чи ӕрфидар кодта, Дун-дунейы алцыдӕр йӕ бынаты чи уромы, уыцы закъӕттӕ? Ӕхсӕвыгон арвмӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы.

Исай 40:26 стихы фыст ис: «Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? Сфӕлдыста сӕ, стъалыты ӕфсад чи ракӕны, уый – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй». Стъалытӕ абарӕн ис стыр ӕфсадимӕ. Ӕфсады сӕргълӕууӕг йе ’фсӕддонтӕн разамынд куы нӕ дӕттид, уӕд ӕфсады пълан нӕ уаид. Йегъовӕ цы закъӕттӕ ӕрфидар кодта, уыдон куы нӕ уаиккой, уӕд планетӕтӕ, стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕй алкӕцыдӕр йӕхи бӕлвырд «фӕндагыл» нӕ цӕуид ӕмӕ космосы алцыдӕр, абон куыд у, афтӕ пъланыл нӕ уаид. Йегъовӕ дӕр у миллиардгай стъалыты ӕфсады Сӕргълӕууӕг, ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕн ӕрмӕст разамынд нӕ дӕтты, фӕлӕ ма дзы алкӕмӕн дӕр зоны йӕ ном дӕр, стӕй, кӕм ис ӕмӕ цы уавӕры ис, уый дӕр.

Дун-дуне цы закъӕтты руаджы лӕууы, уыдоны фӕрцы гыццыл хуыздӕр ӕмбарӕм, уыцы «ӕфсады» Сӕргълӕууӕгӕн йӕ зонд куыд ӕгӕрон у, уый. Ӕндӕр ма кӕмӕн уыд йӕ бон ахӕм закъӕттӕ ӕрфидар кӕнын? Кӕй бон сӕ уыд адӕмӕн афтӕ бӕлвырд ныффыссын кӕнын, ахуыргӕндтӕ сӕ куы бамбӕрстой, уымӕй сӕдӕ кӕнӕ суанг мин азтӕ раздӕр? Уӕдӕ йыл дзырд дӕр нӕй, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй у «кад ӕмӕ намысы» аккаг (Раргомад 4:11).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 11 абз. Цымыдисаг у, Библи зӕхх «къори» кӕй хоны, уый. Раджы заманты Аристотель ӕмӕ иннӕ грекъаг ахуыргӕндтӕ дзырдтой, зӕхх тымбыл кӕй у, фӕлӕ уӕддӕр ацы хъуыдыйы фӕдыл 2 000 азӕй фылдӕр бирӕ ныхас цыди.

^ 13 абз. Библийы ацы абарст арӕх ӕмбӕлы (Иов 9:8; Псалом 104:2; Исай 42:5; 44:24; 51:13; Захари 12:1).

^ 22 абз. Ӕвӕццӕгӕн, «Кимы стъалыгуппар» амоны, Уӕныджы стъалыгуппары цы стъалыты къорд ис, Авд Хойы, зӕгъгӕ, уымӕ. «Кесилы стъалыгуппар» та, ӕвӕццӕгӕн, у, Фыййауы Лӕдзджытӕ кӕй хонынц, уый. Цӕмӕй ахӕм стъалыгуппартӕ афтӕ фӕивой, ӕмӕ йӕ бафиппайӕн уа, уый тыххӕй хъуамӕ рацӕуа дӕсгай миназтӕ.

^ 27 абз. Йегъовӕ алцыдӕр йӕ иунӕг Фырты, «дӕсны кусӕджы», ӕххуысӕй кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ ацы стихтӕ ахӕссӕн ис йӕ Фыртмӕ дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31; Колоссӕгтӕм 1:15–17; Дзуттӕгтӕм 1:10).

^ 29 абз. 19 ӕнусы ахуыргонд Уильям Томсон, зонынц ма йӕ лорд Кельвинӕй дӕр, раргом кодта термодинамикӕйы дыккаг закъон. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ ӕрдзон системӕтӕн, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ сӕ бон у заууатмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ фехӕлын. Ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн ын баххуыс кодта, Псалом 102:25–27 стихты цы фыст ис, уый лӕмбынӕг кӕй раиртӕста, уый дӕр.

[Рамкӕ/Нывтӕ 24, 25 фӕрстыл]

 Историйы арф фӕд ныууагъта

«Раджы заманты Аристотель уыд ӕппӕты зындгонддӕр философ ӕмӕ ахуыргонд»,– фыст ис иу чиныджы («100 великих людей»). Ӕмӕ дзы афтӕ дзӕгъӕлы нӕ загътой. Аристотелы (н. э. размӕ 384–322 аз.) ахуыргӕнӕг уыд зындгонд философ Платон, фӕстӕдӕр та йӕхӕдӕг ахуыр кодта Македойнаг Алыксандры. Аристотель бирӕ чингуытӕ ныффыста. Рагон къухфыстытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы чингуытӕ 170 къаддӕр нӕ уыдысты, нӕ рӕстӕгмӕ та дзы ӕрхӕццӕ ӕрмӕстдӕр 47. Аристотель фыста астрономийы, биологийы, зоологийы, химийы, физикӕйы, геологийы ӕмӕ психологийы тыххӕй. Алыхуызон цӕрӕгойты тыххӕй цы лыстӕг хабӕрттӕ бафиппайдта, уыдӕттӕ ӕндӕр ничи бафиппайдта. Уыцы хабӕрттӕ раиртӕстой ӕрмӕстдӕр бирӕ сӕдӕ азты фӕстӕ. Уӕлдӕр цы чиныджы кой кодтам, уым ма фыст ис: «Аристотелы хъуыдытӕ тынг фӕзындысты ныгуылӕн бӕстӕты ахуыргӕндтыл». Стӕй ма дзы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Аристотелӕн ахӕм кад кодтой, ӕмӕ йын... гыццыл ма бахъӕуа, хуыцаумӕ куыд кувынц, афтӕ куывтаиккой».

[Барлӕвӕрдӕй]

Royal Astronomical Society/​Photo Researchers, Inc.

Чиныгӕй «A General History for Colleges and High Schools», 1900 аз

[Ныв 26, 27 фӕрстыл]

Гравитацийы руаджы стъалытӕ лӕууынц сӕ бынаты

[Барлӕвӕрдӕй]

NASA and The Hubble Heritage Team (AURA/​STScl)

[Ныв 26, 27 фӕрстыл]

Стъалыты къорд Авд хойы

[Ныв 28 фарсыл]

Стъалытӕ куы срӕмудзынц, уӕд сӕ рауайы дзыхъхъынног стъалытӕ

[Барлӕвӕрдӕй]

ESA/​Hubble

[Ныв 28 фарсыл]

Ног стъалытӕ сӕвзӕрынц «стъалыты авдӕны»

[Барлӕвӕрдӕй]

J. Hester and P. Scowen (AZ State Univ.), NASA

[Ныв барлӕвӕрдӕй 24 фарсыл]

© Peter Arnold, Inc./​Alamy