Хуыцауы Паддзахад, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый у?
Католикты хистӕр сауджын (Папа Римский) Бенедикт XVI йӕ чиныджы «Назаретаг Йесо» ныффыста: «Адӕймаг Чырыстийыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы баууӕнда, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцыд». Иуӕй-иутӕ ацы ныхӕстимӕ разы сты. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахад у, адӕймаг Йесо Чырыстийыл кӕй баууӕнды ӕмӕ уый фӕрцы йӕ удыхъӕд кӕй фӕивы, уый. Фӕлӕ, цымӕ, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕгдӕр, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый у?
ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙӔН Хуыцауы Паддзахад тынг ахсджиаг уыд. Бенедикт XVI дӕр загъта: «Чырысти сӕйраджыдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодта». Йесо зӕххыл цы гыццыл рӕстӕг лӕггад кодта, уыцы рӕстӕг алы ран дӕр «хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Матфейы 4:23). Цы амыдта ӕмӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдӕттӕй Чырысти равдыста, Хуыцауы Паддзахад уый кӕй нӕу, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауыл баууӕнда ӕмӕ йӕм хъуса. Хуыцауы Паддзахад баст у хицаудзинад, тӕрхон ӕмӕ ӕнусон хорздзинӕдтимӕ.
Хицаудзинад ӕмӕ тӕрхон
Чырысти ма зӕххыл фӕстаг бонтӕ куы лӕггад кодта, уӕд ӕм иухатт бацыд, уӕлдай ӕнгомдӕр кӕимӕ уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгты мад, Иаков ӕмӕ Иоанны мад, ӕмӕ йын загъта: «Дзырд мын ратт, дӕ паддзахады мӕ дыууӕ фыртӕй иу дӕ рахиз фарс кӕй ӕрбаддзӕн, иннӕ та – дӕ галиу фарс» (Матфейы 20:21). Бӕрӕг у, уыцы сылгоймаг, йӕ фыртты зӕрдӕйы цы уыд, ахӕм цӕйдӕр кой кӕй нӕ кодта. Ӕмбӕрста йӕ, Хуыцауы Паддзахад баст кӕй у Йесойы хицаудзинадимӕ, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фырттӕ дӕр йемӕ хицӕуттӕ уыдаиккой. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Чырысти йӕ иузӕрдион 11 апостолӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ Паддзахады кӕй уыдзысты ӕмӕ «паддзахбадӕнтыл [кӕй] ӕрбаддзысты» ӕмӕ «тӕрхон [кӕй] кӕндзысты» (Лукайы 22:30). Уӕдӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ зыдтой, йӕ Паддзахад кӕй у ӕцӕг хицауад.
Цымӕ иннӕ адӕм та куыд хъуыды кодтой? Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад, адӕймагӕн йӕ удыдхъӕд кӕй фӕивы, уый у, ӕви йӕ ӕндӕрхуызон ӕмбӕрстой? Н. э. 33 азы Куадзӕнӕй гыццыл раздӕр, Йесо Иерусалиммӕ къӕлӕуыл куы бацӕйцыд, уӕд адӕм йӕ размӕ рацыдысты, ӕмӕ дзы чидӕртӕ хъӕр кодтой: «О Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын кӕн Давиды Фырты!» (Матфейы 21:9). Цымӕ афтӕ цӕмӕн хъӕр кодтой? Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрстой, Йесо кӕй у, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ, ома Чырысти, ӕмӕ йын Йегъовӕ кӕй ратдзӕн ӕнусон Паддзахад, «йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн». Уыцы адӕм бӕллыдысты, уыцы Паддзахад цы ирвӕзындзинад, фарн ӕмӕ рӕстдзинад хъуамӕ ӕрхастаид, уымӕ (Лукайы 1:32; Захари 9:9).
Ӕнусон хорздзинӕдтӕ
Йесо Чырысти цы амыдта, уыдӕттӕ базонын кӕй нӕ фӕндыд, суанг уыдон дӕр зыдтой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй дзырдта, уымӕн ӕмӕ сӕйраджыдӕр уыцы хабар хъусын кодта. Йӕ фарсмӕ хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕг ын ныллӕгъстӕ кодта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Цымӕ йын Йесо цы загъта? Ныфс ын бавӕрдта: «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:42, 43).
Уыцы фыдгӕнӕджы, ӕвӕццӕгӕн, уырныдта, ӕмӕ Йесо куы райгас уа, уӕд иуцасдӕры фӕстӕ кӕй хъуамӕ суа Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Чырыстийӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ахӕм тых, цӕмӕй уыцы фыдгӕнӕджы, стӕй бирӕ ӕндӕр адӕмы, райгас кӕна ӕмӕ сын хуыздӕрырдӕм аивынӕн баххуыс кӕна. Ӕмӕ йын уыцы хъуыддаг бакӕнынӕн ӕрмӕст бартӕ нӕ уыдзӕн, фӕлӕ йӕ Иоанны 5:28, 29).
фӕндгӕ дӕр кӕндзӕн. Чырысти, уӕларвон Паддзах уӕвгӕйӕ, йӕ Паддзахады фӕрцы ӕнӕхъӕн дунейы адӕмы схайджын кӕндзӕн, ӕнустӕм кӕуыл цин кӕндзысты, ахӕм хордзинӕдтӕй (Паддзахад уыд се ’хсӕн
Фӕлӕ, чи зоны, исчи бафӕрса, адон Йесо Чырыстийӕн йӕхи ныхӕстӕ не сты, «Хуыцауы паддзахад мӕнӕ уе ’хсӕн ис», зӕгъгӕ? Ацы ныхӕстӕ фыст сты Лукайы 17:21 стихы. Библийы иуӕй-иу тӕлмацты та фыст ис, «уӕ мидӕг ис», зӕгъгӕ, кӕнӕ – «уӕ зӕрдӕйы ис». (Кӕс «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994; «Ног Фӕдзӕхст», 2004.) Ацы ныхӕстӕй Чырысти цы зӕгъынмӕ хъавыд?
Лукайы 17:21 стихы размӕ цы стих ис, уымӕй бӕрӕг у, Йесо ацы ныхӕстӕ кӕй загъта фарисейтӕн – йӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы дзуттаг дины къордӕн. Фарисейтӕн Мессийӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй сӕхи хъуыды уыд. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Мессийӕ хъуамӕ «уӕларвон мигътимӕ» кадджын Паддзахы цыд ӕркодтаид, цӕмӕй дзуттаг адӕмы ромӕгты къухӕй ссӕрибар кодтаид ӕмӕ Израилы паддзахад йӕ къахыл слӕууын кодтаид (Данел 7:13, 14). Фӕлӕ сын Чырысти бамбарын кодта, рӕдийгӕ кӕй кӕнынц, афтӕ сын куы загъта: «Хуыцауы паддзахад афтӕ не ’рцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ цӕстӕй фенӕн уа». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуыцауы паддзахад мӕнӕ уе ’хсӕн ис» (Лукайы 17:20, 21).
Чырысти цы амыдта ӕмӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон ирдӕй ӕвдыстой, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Паддзахады Паддзах кӕй у. Фӕлӕ фарисейтӕ саузӕрдӕ кӕй уыдысты ӕмӕ сӕм уырнындзинад кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй йӕм ноджы тынгдӕр мӕсты кӕнын райдыдтой. Нӕ сӕ уырныдта, Йесо Мессийӕ кӕй уыд. Уымӕ гӕсгӕ сын Чырысти комкоммӕ загъта, зӕгъгӕ, Паддзахад, ома уыцы Паддзахады Паддзах, «уе ’хсӕн ис». Йесо сын уыцы ныхӕстӕ уый тыххӕй нӕ загъта, цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕм ныккастаиккой *. Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ сӕ разы кӕй лӕууыд, уымӕ гӕсгӕ сын загъта: «Хуыцауы Паддзахад мӕнӕ уӕ разы ис» (Лукайы 17:21, «Contemporary English Version»).
Адӕймаджы зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, уыцы Паддзахад
Кӕд Хуыцауы Паддзахад тӕригъӕдджын адӕмы зӕрдӕты мидӕг нӕй, уӕддӕр нӕ зӕрдӕйӕн хъуамӕ уа зынаргъ. Йесо Чырысти адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзта, цӕмӕй адӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ баууӕндыдаиккой, ӕцӕг фарн ӕмӕ сабыр цард чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы рӕстаг хицауадыл. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй сӕм фӕзындаид, сӕ цард сын хуыздӕрырдӕм чи фӕивтаид, ахӕм уырнындзинад. Ӕмӕ сын амыдта, цӕмӕй Хуыцаумӕ афтӕ куывтаиккой: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). Чи йӕм хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕн йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдтой, баууӕндыдысты йыл ӕмӕ сӕ бафӕндыд йӕ фӕдыл цӕуын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хорздзинӕдтӕй схайджын уыдаиккой.
Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕумӕ дӕр ахӕм уырнындзинад уа? Кӕд о, уӕд дӕ цы хъӕуы аразын? Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо Чырысти хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд йӕ ныхас цӕмӕй райдыдта, уый. Йесо загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад» (Матфейы 5:3). Нӕ дӕ фӕндид, ацы брошюрӕ дын чи радта, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын? Уый дын ӕрмӕст дӕ удыхъӕд аивынӕн нӕ баххуыс кӕндзӕн, фӕлӕ ма дӕм фӕзындзӕн ныфс – ӕппӕт адӕмӕн дӕр фарн ӕмӕ сабыр цард чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы рӕстаг Паддзахады дӕлбар кӕй цӕрдзынӕ.
[Фиппаинаг]
^ 13 абз. Чырыстийы ныхӕсты, «уе ’хсӕн», зӕгъгӕ, номивӕг «уӕ» амоны фарисейтӕм, уымӕн ӕмӕ уыдонимӕ ныхас кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо уый кой нӕ кодта, ӕмӕ фарисейтӕ сӕ удыхъӕд аивтой кӕнӕ йыл баууӕндыдысты.
[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]
Цымӕ Хуыцауы Паддзахад Чырыстийы фыдызнӕгты зӕрдӕты уыд?