Писмо Мексикӕйӕ
«Кӕд индейӕгтӕ стӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ уарзы?»
МЕЛЕСИО, о’дамы адӕмыхаттӕй иу нӕлгоймаг, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хохӕй горӕтмӕ куыстагурӕг цыди. Горӕты-иу куы уыд, уӕд-иу бацыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ ӕмӕ-иу уым райста, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ, цӕмӕй дзы йӕ хъӕуы адӕмӕн ахастаид. Мелесио лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сӕм исчи ӕрцыдаид ӕмӕ сын Библийы тыххӕй фылдӕр радзырдтаид.
О’дамы адӕмыхатт цӕрынц хибар ран, иннӕ адӕмӕй дард. Цӕрынц Ныгуылӕйнаг Сьерра-Мадрейы хӕхты, Астӕуккаг Мексикӕйы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕй сӕм хӕстӕгдӕр чи у, уымӕй сӕм цӕуын хъӕуы 240 километры бӕрц. Мах цалдӕрӕй сфӕнд кодтам уыцы адӕмы бабӕрӕг кӕнын.
Самал кодтам гыццыл уӕзласӕн машинӕ, пъалаткӕтӕ, хуыссӕн голджытӕ, райстам ӕртӕ боны фаг хӕринаг ӕмӕ бензин, ӕмӕ райсомӕй цыппар сахатыл рараст стӕм горӕт Дурангойӕ. Аст сахаты фӕцыдыстӕм рыг хӕххон фӕндагыл ӕмӕ бахӕццӕ стӕм, о’дамы адӕмыхатт кӕм цӕрынц, уыцы зӕххытӕм. Дарддӕр нӕ хъуыд арф коммӕ ныццӕуын ӕмӕ ӕндӕр хохмӕ ссӕуын.
Нӕ машинӕ ныууагътам ранчитойы, гыццыл хъӕуы, стӕй нӕ хӕссинӕгтимӕ ӕртӕ сахаты къахӕй фӕцыдыстӕм бынмӕ, коммӕ. Уым нӕ пъалаткӕтӕ сӕвӕрдтам, стӕй сугтӕ ӕрӕмбырд кодтам, цӕмӕй стыр арт скодтаиккам ӕмӕ нӕм хъӕддаг сырдтӕ хӕстӕг ма ӕрбацыдаиккой. Цӕмӕй арт ма ахуыссыдаид, уый тыххӕй фӕйнӕ ӕртӕ сахаты радгай йӕ фарсмӕ бадтыстӕм ӕмӕ дзы сугтӕ ’ппӕрстам.
Дыккаг бон райсомӕй раджы хохмӕ хӕрдмӕ цӕуын райдыдтам. Бирӕ къахвӕндӕгтӕ дзы уыди ӕмӕ цалдӕр хатты фӕдзӕгъӕл стӕм. Нӕ къордӕй иу о’дамы адӕмы ӕвзаг иугыццыл зыдта, ӕмӕ-иу цы хӕдзӕртты рӕзты фӕцӕйцыдыстӕм, уыдоны цӕрджытӕн-иу цыбыртӕй радзырдтам Библийы фыст хорз хабар. Адӕм нын дзырдтой, Лос-Ареналесы, кӕдӕм цыдыстӕм, уым, чидӕртӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй хонынц ӕмӕ сын уым ӕмбырдтӕ дӕр кӕй вӕййы. Уый нӕм диссаг фӕкаст, фӕлӕ цин дӕр куыннӕ бакодтам.
Нӕ къӕхтӕ сдондӕппӕлттӕ сты, афтӕмӕй бахӕццӕ стӕм Лос-Ареналесмӕ. Хъӕуы хӕдзӕрттӕ кӕрӕдзийӕ сты дӕрддзӕфгомау, сты самандурӕй амад, сӕ сӕртӕ та картонӕй ӕмбӕрзт. Лос-Ареналесы нӕдӕр скъола ис, нӕдӕр – рухс. Хъӕу хибар
ран кӕй ис ӕмӕ адӕммӕ ӕндӕр рӕттӕй кӕй ницы ӕфты, уымӕ гӕсгӕ цӕрынц тынг мӕгуыр, сӕ хӕринаг – нартхоры кӕрдзын ӕмӕ ма иугыццыл ӕндӕр цыдӕртӕ. Мах ссардтам Мелесиойы, къӕсхуыртӕ ӕрыгон нӕлгоймаджы. Куы нӕ фӕдта, уӕд йӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Йӕ хуымӕтӕг хӕдзармӕ нӕ бахуыдта ӕмӕ нын загъта, алы бон дӕр Йегъовӕмӕ кӕй куывта, цӕмӕй сӕм йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрбарвыстаид ӕмӕ йын йӕ бинонтӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн Библи хуыздӕр бамбарын кодтаиккой. Сӕ алы фарстайӕн сын йӕхи бон дзуапп раттын нӕ уыд.О’дамы адӕмы дин у шаманизм. Уыдон сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ фӕпайда кӕнынц цӕргӕсы бумбулитӕй ӕмӕ стджытӕй, кувынц ӕрдзы тыхтӕн ӕмӕ тӕрсынц сӕ дзуарылӕгтӕй – сайдӕй сыл чи цӕуы, уыцы шамантӕй. Мелесио нын радзырдта, горӕты-иу куы уыд, уӕд кӕй базыдта, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у, ӕмӕ уӕд, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ цы дзауматӕй пайда кодта, уыдон иууылдӕр кӕй ныппырх кодта. Адӕм ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ йӕ сӕ хуыцӕуттӕ амардзысты. Фӕлӕ йыл куы ницы ’рцыд, уӕд бамбӕрстой, Йегъовӕ сӕ хуыцӕуттӕй бирӕ тыхджындӕр кӕй у. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр сӕ хъуыды аивтой ӕмӕ-иу Мелесиотӕм ӕрбацыдысты, йӕ бинонтимӕ-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕйы фӕрцы Библи куы ахуыр кодта, уӕд.
«Ӕз сын загътон, фыццаг кӕй хъуамӕ басудзой сӕ динимӕ баст дзауматӕ иууылдӕр»,– загъта Мелесио. Кӕд адӕм сӕ хуыцӕуттӕй тарстысты, уӕддӕр сӕ бирӕтӕ сӕхимӕ уыйбӕрц ныфс ссардтой, ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой, уыдысты 80 адӕймагӕй фылдӕр. Уыцы хабар нӕм тынг диссаг фӕкаст ӕмӕ сфӕнд кодтам тӕккӕ уыцы бон фӕссихор ӕмбырд скӕнын. Мелесиотӕм чи ӕмбырд кодта, уыдонмӕ бӕхтыл хонджытӕ арвыстам. Кӕд кусгӕ бон уыди, ӕмӕ сын хъусын та рагацау нӕ фӕкодтам, уӕддӕр ӕрбацыд 25 адӕймаджы, чи къахӕй, чи та – хӕрӕгыл.
Адӕм нӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фарстой, ӕмӕ сын мах Библийӕ дзуапп лӕвӕрдтам. Тӕлмацгӕнӕг нын уыд Мелесио. Сӕ фарстатӕй иуӕй-иутӕ уыдысты: «Кӕд индейӕгтӕ стӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ уарзы? Не ’взагыл ӕм куы скувӕм, уӕд нӕ фехъусы? Горӕттӕй тынг дард цӕрӕм, ӕмӕ Армагеддон куы райдайа, уӕд нӕ Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн?» Махӕн ӕхсызгон уыд уыцы сӕрныллӕг адӕмы ныфс бауадзын ӕмӕ сын Библимӕ гӕсгӕ бамбарын кӕнын, Йегъовӕ сабыр адӕмыл кӕй тыхсы, кӕцыфӕнды ӕвзагыл ма дзурой ӕмӕ цыфӕнды дард ран ма цӕрой. Тынг нын лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм искӕй ӕрӕрвитӕм ӕмӕ сын уыдон фылдӕр бацамоной.
Ӕмбырды фӕстӕ нӕ хӕринӕгтӕ ӕрӕвӕрдтам ӕмӕ нӕ ног ӕмбӕлттимӕ иумӕ бахордтам. Уӕдмӕ баизӕр. Уыцы бӕрзонд ран ӕхсӕвыгон вӕййы тынг уазал, ӕмӕ сӕ тынг фӕбузныг стӕм, иу ӕрдӕгарӕзт хӕдзармӕ нӕ куы бакодтой, цӕмӕй не ’хсӕв уым арвыстаиккам. Райсомӕй нӕ цыбыр фӕндагыл ӕркодтой, нӕ машинӕ кӕм уыд, уырдӕм, ӕмӕ фӕстӕмӕ Дурангомӕ ацыдыстӕм. Уыдыстӕм фӕллад, фӕлӕ райгонд.
Куыд ӕхсызгон нын уыд, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл кӕй фембӕлдыстӕм! Цы ӕвзаг зонынц, ууыл кӕд Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ нӕй, уӕддӕр сӕ тынг фӕнды ӕцӕг Хуыцауы базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Мах фӕстӕ сӕм ӕрцыдысты ӕхсӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕмӕ сӕм фесты ӕртӕ къуырийы. Уыдон Библи хуыздӕр базонынӕн баххуыс кодтой иу-цыппор фондз адӕймагӕн. Се ’ппӕты дӕр фӕнды Йегъовӕйӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ ӕдзух фӕцӕуынц ӕмбырдтӕм.
Ӕмӕ ма фӕстагмӕ иу хабар: Лос-Ареналесы цы иунӕг гыццыл дукани ис, уым тамако нал уӕй кӕнынц, уымӕн ӕмӕ дзы тынг бирӕтӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ тамако ныууагътой. Стӕй сӕ цардӕмбӕлттимӕ закъонмӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ ӕрфыстой.
[Ныв 24 фарсыл]
Мелесио, йӕ бинойнаг, сӕ цыппар чызджы ӕмӕ йӕ бинойнаджы мад
[Нывтӕ 25 фарсыл]
Библийы ахуыр ӕмӕ ӕмбырд Лос-Ареналесы
[Ныв барлӕвӕрдӕй 25 фарсыл]
Servicio Postal Mexicano, Correos de Mexico