Баввахс у Хуыцаумӕ
«Мӕнӕ дӕ лӕппу»
ӔВӔЦЦӔГӔН, адӕймагӕн зӕххыл хъӕбулы мӕлӕтӕй зындӕр ницы вӕййы. Фӕлӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ бон у, чи нын амард, уыдоны райгас кӕнын. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый мах фидарӕй зонӕм, уымӕн ӕмӕ раджы заманты Йегъовӕ цалдӕр нӕлгоймагӕн ахӕм тых радта, цӕмӕй мӕрдты ӕгас кодтаиккой. Зӕгъӕм, 2 Паддзӕхты 4:8–37 стихты фыст ис, пехуымпар Елисей иу гыццыл лӕппуйы куыд райгас кодта, уыцы хабар.
Ацы хабар ӕрцыд горӕт Сунемы. Пехуымпар Елисейы-иу арӕх суазӕг кодтой иу ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг ӕмӕ йӕ лӕг. Елисей сӕ тынг бузныг уыди, ӕмӕ иу бон сылгоймагӕн загъта: «Иннӕ аз дын ацафон уыдзӕн лӕппу». Сылгоймаг уый ӕнхъӕл никуы уыд, ӕмӕ йын искуы сывӕллон уыдзӕн. Фӕлӕ Елисейы ныхӕстӕ ’рцыдысты: лӕппу йын райгуырд. Ӕрмӕст йӕ цин бирӕ нӕ ахаста. Сывӕллоны райгуырдӕй рацыд цалдӕр азы. Иухатт лӕппу йӕ фыдимӕ быдыры уыд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ сӕр тынг срыст. Хӕдзармӕ йӕ ’рбакодтой, ӕмӕ уым йӕ мады хъӕбысы амард (16, 19 ӕмӕ 20 стихтӕ). Мадыл йӕ дуне аталынг. Йӕ мард хъӕбулы систа, Елисейы агъуыстмӕ йӕ схаста ӕмӕ йӕ арӕхстгай хуыссӕныл ӕрӕвӕрдта.
Сылгоймаг йӕ лӕгӕй бар ракуырдта, цӕмӕй пехуымпар Елисеймӕ ацыдаид. Стӕй йӕхи арӕвдз кодта ӕмӕ Кармилы хохмӕ араст. Цӕуын та йӕ хъуыди 30 километры бӕрц. Сылгоймаг пехуымпарӕн йӕ зӕрдӕйы рыст ӕппындӕр ницӕмӕй равдыста: нӕдӕр хъарӕгӕй, нӕдӕр цӕссыгӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Цымӕ йӕхи афтӕ цӕмӕн дардта? Чи зоны, ӕмӕ фехъуыста, кӕддӕр Илийа цы сарӕзта, уый. Илийа уыд Хуыцауы пехуымпар Елисейы размӕ, ӕмӕ иухатт идӕдз усы лӕппуйы райгас кодта (1 Паддзӕхты 17:17–23). Кӕнӕ та йӕ, чи зоны, уырныдта, Елисей дӕр ын йӕ лӕппуйы кӕй райгас кӕндзӕн. Куыдфӕнды ма уыдаид, сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ нӕ аздӕхт, цалынмӕ Елисей йемӕ нӕ рацыд, уӕдмӕ.
Сунеммӕ куы ’рцыдысты, уӕд Елисей бацыд, арӕх-иу кӕм ӕрлӕууыд, уыцы агъуыстмӕ ӕмӕ сывӕллоны мардӕй «йӕ хуыссӕныл» баййӕфта (32 стих). Елисей Йегъовӕмӕ скуывта, стӕй сывӕллоныл ныддӕлгом. «Сывӕллоны буар сабыргай схъарм». Йӕ гыццыл зӕрдӕ та ногӕй гуыпп-гуыпп кӕнын райдыдта! Елисей йын йӕ мадмӕ фӕдзырдта, ӕмӕ йын загъта, йӕ зӕрдӕйы рыст ын стыр циндзинадмӕ чи раивта, ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕнӕ дӕ лӕппу» (34 ӕмӕ 36 стихтӕ).
Ацы сывӕллоны райгасы хабар нын ныфс дӕтты ӕмӕ нын удӕнцой хӕссы. Йегъовӕ ӕмбары, йӕ хъӕбул кӕмӕн амард, уыцы ныййарджыты зӕрдӕйы рис. Ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕмбаргӕ нӕ кӕны, фӕлӕ йӕ тынг фӕнды, цӕмӕй сын сӕ хъӕбулты райгас кӕна (Иов 14:14, 15). Елисей гыццыл лӕппуйы кӕй райгас кодта, уый ӕмӕ ма Библийы фыст ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ ӕвдисынц, ног дунейы Йегъовӕ ноджы фылдӕр диссӕгтӕ кӕй сараздзӕн.
Кӕд Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, мӕрдтӕ райгас уыдзысты, уӕддӕр, йӕ хион кӕмӕн амӕлы, уыдонӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ зӕрдӕтӕ фӕриссынц. Йӕ иунӕг хъӕбул кӕмӕн амард, иу ахӕм иузӕрдион Хуыцауы лӕггадгӕнӕг загъта: «Мӕ зӕрдӕйы рыст кӕронмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд ӕрсабыр уыдзӕн, мӕ лӕппуйы ногӕй куы ӕрбахъӕбыс кӕнон». Ахъуыды-ма кӕнут: абон уемӕ чи нал ис, уыдоны та ногӕй фендзыстут. Ногӕй та сӕ уӕ хъӕбысы кӕй акӕндзыстут, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр уӕ зӕрдӕты рыст ӕрсабырдӕр уыдзӕн. Нӕ уӕ фӕнды, ахӕм диссаджы ныфсӕй нын зӕрдӕ чи ’вӕры, уыцы Хуыцауы хуыздӕр базонын?