Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕгдӕр цардысты?

Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕгдӕр цардысты?

БИБЛИЙЫ Райдианы чиныджы Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый бирӕтӕ нымайынц рӕсугъд аргъауыл. «Райдианы чиныджы цы хабӕрттӕ ис, зӕгъӕм, Адам ӕмӕ Евӕ кӕй цардысты, уый чырыстон динтӕ нымайынц фӕсномыг ныхӕстыл»,– ныффыстой журнал «Тайм»-ы редактормӕ. Католикон, протестантон ӕмӕ иудейаг ахуыргӕндтӕй дӕр бирӕтӕ ахӕм хъуыдыимӕ разы сты. Уыдон зӕгъынц, уыцы хабӕрттӕн истори ӕмӕ наукӕимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис.

Ды та куыд хъуыды кӕныс? Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕгдӕр цардысты? Кӕд цардысты, уӕд уымӕн исты бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Иннӕмӕй та, чидӕртӕ цӕмӕн дзурынц, Райдианы чиныджы цы фыст ис, уый аргъау кӕй у?

Райдианы чиныджы цы фыст ис, уый наукӕмӕ гӕсгӕ раст у?

Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, Хуыцау фыццаг адӕймаджы куыд сфӕлдыста, ууыл. Библийы Адамы тыххӕй фыст ис: «Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй скодта адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд цард, ӕмӕ сси удӕгас адӕймаг» (Райдиан 2:7). Цымӕ ацы ныхӕстӕ наукӕмӕ гӕсгӕ раст сты?

Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, адӕймаджы буар конд у 41 химикон элементӕй. Буары сӕйраг элементтӕ – углерод, ӕфсӕйнаг, кислород ӕмӕ иннӕтӕ «сыджыты» дӕр сты. Уӕдӕ Райдианы чиныджы ныхӕстӕ раст сты – адӕймаг ӕцӕгӕйдӕр «сыджытӕй» конд у («Nanomedicine»).

Цымӕ уыцы элементтӕ куы баиу сты, уӕд сӕ удӕгас адӕймаг куыд рауад? Уый хуымӕтӕг хъуыддаг кӕй нӕу, уый бамбарынӕн ма ахъуыды кӕнӕм космический корабль куыд конд у, ууыл. Уый у, адӕймаг цы ’рхъуыды кодта, уыцы стыр диссӕгтӕй иу. Уыцы корабль конд у 2,5 милуан хайӕ. Бахъуыд бирӕ азтӕ, цӕмӕй сӕ инженертӕ сарӕзтаиккой ӕмӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ баиу кодтаиккой. Ныр та ахъуыды кӕнӕм адӕймаджы буарыл. Нӕ буар конд у 7 октиллион атомӕй, 100 триллион клеткӕйӕ, бирӕ уӕнгтӕй ӕмӕ, ӕппынкъаддӕр, 9 сӕйраг системӕйӕ *. Уӕдӕ адӕймаджы буар куыд диссаджы конд у, уый нӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕу. Цымӕ куыд фӕзынд? Ӕнӕнхъӕлӕджы, ӕви йын Сфӕлдисӕг уыди?

Адӕймаг удӕгас цӕй фӕрцы сси? Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, ацы фарстайӕн дзуапп кӕй нӕ зонынц. Цард цы у, уый бӕлвырд бамбарын кӕнын дӕр сӕ бон нӕу. Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн та сӕ дзуапп бӕлвырд у – цард сфӕлдыста Хуыцау *.

Цымӕ Хуыцау Евӕйы Адамы фӕрскӕй кӕй скодта, ууыл та ӕууӕндӕн ис? (Райдиан 2:21–23). Аргъау кӕнӕ ӕрымысгӕ хабар у, зӕгъгӕ, зӕгъыны размӕ уал ахъуыды кӕнӕм иуӕй-иу хабӕрттыл. 2008 азы январы Калифорнийы (Америкӕ) ахуыргӕндтӕ адӕймаджы цармы клеткӕтӕй сӕвзӕрын кодтой сывӕллон (клонирование). Клонированийы фӕрцы фӕзынд, ӕппынкъаддӕр, 20 цӕрӕгойы. Ӕппӕты зындгонддӕр у фыс Доллийы хабар. Уый фӕзынд 1996 азы фысы фӕздоны рӕзынӕджы клеткӕйӕ *.

Фӕлӕ нырма бӕрӕг нӕу, ахӕм эксперименттӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, уый. Бӕлвырд у иу хъуыддаг: кӕд адӕймагӕн йӕ бон сси иу организмы клеткӕйӕ ӕндӕр ахӕм организм саразын, уӕд Хуыцауӕн йӕ бон нӕ уыд, иу адӕймаг цӕмӕй конд у, уымӕй ӕндӕр адӕймаджы сфӕлдисын? Зӕгъӕм, адӕймаджы фӕрсчы стӕджы клеткӕтӕ ногӕй кӕй сӕвзӕрынц, уымӕ гӕсгӕ дзы операциты рӕстӕг дохтыртӕ арӕх фӕпайда кӕнынц.

Библийы Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй цы фыст ис?

Бирӕтӕм диссаг фӕкӕсы, Библийы Адам ӕмӕ Евӕйы кой арӕх кӕй ис, уый. Цы фыст дзы ис, уый куыд бӕлвырд кӕны, Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕгдӕр кӕй цардысты, уый?

Ӕркӕсӕм дзуттӕгты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ. Фыст сты Библийы, Фыццаг Азфысты чиныджы 1–9 сӕрты ӕмӕ Лукайы чиныджы 3 сӕры. Фыццаг Азфысты чиныджы ис 48 хӕдзарвӕндаджы кой, Лукайы чиныджы та – 75. Лука ныффыста Йесо Чырыстийы фыдӕлты номхыгъд, Фыццаг Азфысты чиныджы та ныхас цӕуы, Израилы цы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уыд, уыдоны тыххӕй. Дыууӕ номхыгъды дӕр ис зындгонд адӕмы нӕмттӕ, зӕгъӕм, Соломон, Давид, Иаков, Исахъ, Авраам, Ной, ӕмӕ фӕстагмӕ та Адам. Ацы дыууӕ номхыгъды фыст сты, ӕцӕгдӕр чи цард, уыцы адӕмы нӕмттӕ. Дыууӕ номхыгъдмӕ гӕсгӕ дӕр Адам у, ӕцӕгӕйдӕр чи цард, уыцы адӕмӕй фыццаг.

Библийы Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, ӕрымысгӕ адӕм кӕй не сты. Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр стихмӕ:

• «[Хуыцау] иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ» (ХЪУЫДДӔГТӔ 17:26).

• «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй... Адамӕй Моисейы онг дӕр мӕлӕт уыд паддзах» (РОМӔГТӔМ 5:12, 14).

• «Фыццаг Адам сси удӕгас адӕймаг» (1 КОРИНФӔГТӔМ 15:45).

• «Хуыцау фыццаг Адамы скодта, стӕй та Евӕйы» (1 ТИМОФЕЙМӔ 2:13).

• Фыдгӕнджыты «тыххӕй дзырдта Енох дӕр, Адамӕй ӕвдӕм» (ИУДӔЙЫ 14).

Библи кӕй кой кӕны, уыдонӕй ӕппӕты тынгдӕр ӕууӕндӕн ис Йесо Чырыстийыл. Йесо дӕр ӕууӕндыд, Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕгдӕр кӕй уыдысты. Лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар кӕд ис, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта: «Хуыцау дуне куы фӕлдыста, уӕд сӕ „нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй сфӕлдыста. Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“... Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Марчы 10:6–9). Цымӕ Чырысти ахсджиаг хъуыддагыл дзургӕйӕ ӕрымысгӕ адӕмы кой кодтаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Райдианы чиныджы цы фыст ис, уый кой уый тыххӕй кодта, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ ӕцӕг уыдысты.

Библийы цы фыст ис, уый фӕдыл иу дзырдуаты кӕсӕм: «Ног Фӕдзӕхст бӕлвырд кӕны, Райдианы чиныг фыццаг сӕрты цы хабӕртты кой кӕны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй уыдысты» («The New Bible Dictionary»).

Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ нӕ цардысты, уӕд Библийы ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр ӕцӕг не сты

Ӕдзух аргъуанмӕ чи фӕцӕуы, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕгдӕр кӕй цардысты, ууыл ӕууӕндын ахсджиаг нӕу. Уӕлӕнгай цӕстӕй акӕсгӕйӕ, уый, чи зоны, афтӕ у. Фӕлӕ, цымӕ, ахӕм хъуыды цӕмӕ ’ркӕндзӕн?

Ахъуыды-ма кӕнӕм, аргъуанмӕ чи фӕцӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ ахсджиагыл кӕй нымайынц, уыцы ахуырадыл – Чырыстийы нывонд кӕнӕ ахӕсты аргъыл. Ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ Йесо Чырысти йе ’ххӕст цард нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кодтаид (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16). Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй ахӕсты аргъ у, адӕймаг цы фесӕфта кӕнӕ йын цы байстой, уый сӕрмӕ цы аргъ бафидын хъӕуы, уый. Уымӕ гӕсгӕ Библийы Чырыстийы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «се ’ппӕты тыххӕй дӕр сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафыста» (1 Тимофеймӕ 2:6, фиппаинаг). Чи зоны исчи бафӕрса, сӕрмӕ-сӕр аргъ та цы нысан кӕны? Библи ӕмбарын кӕны: «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:22). Чырысти коммӕгӕс адӕмы тыххӕй нывондӕн цы ӕххӕст цард радта, уый уыд, Адам Едемы цӕхӕрадоны йӕ тӕригъӕды тыххӕй цы ӕххӕст цард фесӕфта, уый сӕрмӕ (Ромӕгтӕм 5:12). Уӕдӕ, кӕд Адам ӕрымысгӕ адӕймаг у, уӕд Чырыстийы нывонд ӕппындӕр ницы пайда у.

Адӕймаг куы не ’ууӕнда кӕнӕ куы ницӕмӕ дара, Райдианы чиныджы Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ Библи цы ахсджиаг хабӕртты кой кӕны, уыдонӕй иу дӕр ӕцӕг нӕу *. Афтӕмӕй фӕзыны, дзуапп кӕмӕн нӕй, ахӕм фарстатӕ ӕмӕ уӕд уырнындзинадӕн дӕр бындур нӕй (Дзуттӕгтӕм 11:1).

Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

Ӕппынфӕстаг ӕвзӕры ӕппӕты ахсджиагдӕр фарста: Райдианы чиныджы хабӕрттӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд куыд бамбарын кӕнӕн ис, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый? Зындгонд эволюционист ӕмӕ атеист Ричард Докинсы хъуыдымӕ гӕсгӕ дун-дунейӕн «ӕппындӕр ницы нысан ис, фӕзынд ӕнӕнхъӕлӕджы». Фӕлӕ ахӕм зӕрдӕсӕттӕн хъуыдытӕн, адӕймаг цӕмӕ бӕллы, уыимӕ иумӕйагӕй ницы ис!

Ахӕм хъуыдытӕй уӕлдай, Библи дӕтты, адӕймаджы зӕрдӕ кӕмӕй барухс уыдзӕн, ахӕм дзуапп ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстатӕн: «Адӕймаг куыд фӕзынд? Цӕмӕн цӕрӕм? Дунейы уыйбӕрц ӕвзӕрдзинад цӕмӕн ис ӕмӕ адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц? Ӕвзӕрдзинадӕн искуы кӕрон ӕрцӕудзӕн?», ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатӕн. Уымӕй уӕлдай, Йесо Чырысти йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс зӕххыл дзӕнӕты, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы кӕм ӕрцӕрын кодта, ахӕм дзӕнӕты (Псалом 37:29; Раргомад 21:3–5). Уый ӕцӕгдӕр диссаджы фидӕн у! *

Кӕд Адам ӕмӕ Евӕйы хабарӕн эволюциимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уӕд наукӕмӕ гӕсгӕ та раст у. Уымӕй уӕлдай Библийы иннӕ чингуытӕм гӕсгӕ дӕр раст у. Библи у Хуыцауы фӕндӕй фыст чиныг ӕмӕ ӕмбарын кӕны, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый.

Уӕдӕ цӕуылнӕ ис Библийы цы фыст ис, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр базонӕн? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Уӕрӕсейы куыд нымад цӕуы, уымӕ гӕсгӕ уыцы 7 октиллионы у авд 27 нолимӕ, 100 триллионы та – сӕдӕ 12 нолимӕ.

^ 8 абз. Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Существует ли заботливый Творец?» ӕмӕ «Жизнь – как она возникла? Путем эволюции или путем сотворения?». Дыууӕ чиныджы дӕр мыхуыры рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 9 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ахуыргӕндтӕ ногӕй цард не скӕнынц, фӕлӕ уӕдмӕ дӕр чи уыд, ахӕм удӕгас клеткӕтимӕ фӕархайынц.

^ 25 абз. Зӕгъӕм: Хуыцауӕн уый бар ис, цӕмӕй дун-дунейы хицау, уа; адӕймаджы иузӕрдиондзинад; Библимӕ гӕсгӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл нымад цы у, уый; адӕймагӕн уынаффӕтӕ хӕссыны бар кӕй ис, уый; мӕлӕты фӕстӕ ма цард ис, ӕви нӕ; бинонты цард; зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг – Чырысти; дзӕнӕт уыдзӕн зӕххыл; Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ бирӕ ӕндӕр фарстатӕ.

^ 28 абз. Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 сӕрӕй «Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?» ӕмӕ 5 сӕрӕй «Ахӕстаргъ – Хуыцауы стырдӕр лӕвар». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 14 фарсыл]

Адам ӕрымысгӕ адӕймаг куы уыдаид, уӕд Чырыстийы нывонд ӕппындӕр ницы пайда у

[Нывтӕ 12, 13 фарсыл]

Космосмӕ цы корабль атӕхы, уый куыд бӕстон конд у, афтӕ бӕстон конд у адӕймаджы буар дӕр

[Ныв 15 фарсыл]

Чырысти ӕууӕндыд, Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕгдӕр кӕй цардысты