Райстам писмо Австралийӕ
«Изӕры йӕ арты фарсмӕ бакӕсдзынӕн»
АДӔЙМАГ Австралийы кой куы фехъусы, уӕд йӕ цӕстытыл ауайынц ӕдзӕрӕг быдыртӕ, ӕнӕкӕрон зӕххыттӕ, ӕмӕ дзы куыд тӕвд вӕййы, уый. Фӕлӕ уӕддӕр Австралийы дард районты цӕры 180 000 адӕймаджы, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕн сӕ иу процент.
Мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, ӕмӕ мӕ гыццылӕй арӕх кодтой уырдӕм Хуыцауы тыххӕй дзурынмӕ. Йӕ рӕсугъд быдыртӕ мӕ дисы ӕфтыдтой. Мӕ зӕрдӕмӕ цыдысты йӕ цӕрджытӕ – фидӕрттӕ арӕзт ӕмӕ сабыр адӕм. Ныр мӕхицӕн ис бинонтӕ, чызг ӕмӕ лӕппу. Чызгыл цӕуы 10 азы, лӕппуйыл та – 12. Ӕмӕ мӕ бафӕндыд, цӕмӕй мӕ цардӕмбал ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыцы бынӕттӕ феной.
Нӕхи цӕттӕ кӕнӕм
Фыццаг уал ӕрбадтыстӕм ӕмӕ ахъуыды кодтам: фӕндаггаг нын цас слӕудзӕн? Кӕдӕм ацӕудзыстӕм? Цас дзы фӕуыдзыстӕм? Не ’мбырдӕй ма ноджыдӕр дыууӕ хойы ӕмӕ иу бинонтӕ (уыдон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ) сфӕнд кодой немӕ ацӕуын. Ахъуыды кодтам, хуыздӕр кӕй уыдзӕн зымӕгон каникулты рӕстӕг ацӕуын. Уый фӕстӕ ныффыстам Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ Сиднеймӕ, цӕмӕй нын загътаиккой, Хуыцауы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ кӕдӕм ацӕуӕм, уый. Ныффыстой нӕм, нӕ бон кӕй у дард хъӕумӕ ацӕуын, гыццыл горӕт Гундиуиндимӕ ’ввахс. Мах цӕрӕм горӕт Брисбены ӕмӕ йӕм уырдыгӕй у 400 километры бӕрц.
Базыдтам, уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн гыццыл ӕмбырд кӕй ис. Уый нын тынг ӕхсызгон уыд, уымӕн ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ базонгӕ уыдаиккам. Уыцы ӕмбырдмӕ фӕдзырдтам ӕмӕ сын загътам, кӕй сӕм ӕрцӕудзыстӕм, уый. Уыдон нын загътой, зӕрдиагӕй нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты.
Ацӕуыны размӕ ӕрбадтыстӕм ӕмӕ аныхас кодтам, уыцы хъӕуы цӕрджытимӕ куыд ныхас кӕндзыстӕм, ууыл. Мах фӕндыд уыцы адӕмы ӕгъдӕуттӕн аргъ кӕнын. Зӕгъӕм, уым цы адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, уыдон сӕ зӕххытӕ кӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕм ӕнӕбафӕрсгӕйӕ ацӕуын раст нӕ уыдаид.
Балцы араст стӕм
Ралӕууыд уыцы диссаджы бон. Дыууӕ машинӕйы сӕвӕрдтам нӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ уыцы хъӕумӕ ацыдыстӕм. Быдыртӕ ивтой цъӕх фӕзтӕй, ранӕй-рӕтты дзы зынди эвкалипты бӕлӕстӕ дӕр. Сыгъдӕг арвыл ӕрттывта
хур. Цалдӕр сахаты фӕстӕ ӕрцыдыстӕм Гундиуиндимӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кодтам машинӕты лӕууӕн бынаты.Иннӕ бон диссаджы хорз бон скодта – хур каст ӕмӕ уӕлдӕф уыд сыгъдӕг. Сӕрдыгон дзы 40 градусы тӕвд вӕййы. Горӕтӕй ацыдыстӕм 30 километры бӕрц ӕмӕ бацыдыстӕм, уым цы адӕм цӕры (аборигентӕ), уыдоны хистӕрмӕ. Уый уыд ацӕргӕ сылгоймаг Дженни. Лӕмбынӕг нӕм байхъуыста ӕмӕ ӕхсызгонӕй райста чиныг «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ» *. Бафӕндыд ӕй, цӕмӕй хъӕуы иннӕ цӕрджытимӕ дӕр аныхас кодтаиккам.
Хъӕуы сывӕллӕттӕ нӕ разӕй лыгъдысты ӕмӕ адӕмӕн дзырдтой не ’рцыды тыххӕй. Алчидӕр нӕм лӕмбынӕг хъуыста ӕмӕ-иу литературӕ дӕр райста. Нӕ литературӕ уайтагъд фӕци. Стӕй ӕмбырдмӕ цӕуыны рӕстӕг дӕр ӕрхӕццӕ ӕмӕ нӕ хъуыд горӕтмӕ аздӕхын. Куы цыдыстӕм, уӕд адӕмӕн загътам, кӕимӕ нӕ аныхас кодтам, уыдоны кӕй бабӕрӕг кӕндзыстӕм.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залы базонгӕ стӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ кӕрӕдзийыл фӕцин кодтам. Уыцы ӕмбырды цы 25 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ис, уыдон хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц, 30 000 километры чи ахсы, ахӕм бынаты, цӕры дзы 11 000 адӕймаджы. Иу ӕфсымӕр нын загъта: «Стыр бузныг уын, кӕй нӕм ӕрцыдыстут ӕмӕ нын кӕй баххуыс кодтат». Ӕмбырды фӕстӕ не ’ппӕт дӕр ацыдыстӕм ӕхсӕвӕр кӕнынмӕ. Фынӕйы размӕ, машинӕтӕм ӕввахс цы цӕрӕгойтӕ рацу-бацу кодта, хонынц сӕ опоссумтӕ, уыдонӕн хӕринаг радтам.
«Изӕры арты фарсмӕ»
Иннӕ дыууӕ боны Хуыцауы ныхас дзурынмӕ ацыдыстӕм Квинсленды ӕмӕ Ног Хуссар Уэльсмӕ ӕввахс хъӕутӕм. Уым зайы эвкалипты къутӕртӕ, цъӕх уыгӕрдӕнтыл хизынц фыстӕ ӕмӕ стурвос. Фӕндагыл цалдӕр кенгуру дӕр федтам. Сӕ хъустӕ-иу базмӕлын кодтой, ома уӕ бафиппайдтӕм, зӕгъгӕ. Дардӕй та федтам, фосдарӕн кӕрты страустӕ уӕздан цыд куыд кодтой, уый.
Дыццӕджы фӕссихор федтам, хъуццыты рӕгъау фӕндагыл сабыргай куыд фӕцӕйцыд, уый. Ацы фӕндагыл ӕххуырст фыййӕуттӕ арӕх фӕтӕрынц фос, уӕлдайдӕр хус рӕстӕг куы скӕны, уӕд. Бӕхыл чи бадт, уыцы лӕджы уайтагъд баййӕфтам. Мӕ машинӕ фӕндаггӕрон баурӕдтон, рахызтӕн ӕмӕ йын салам радтон. Ацӕргӕ лӕг дӕр мын салам загъта ӕмӕ йӕ бӕх ӕрлӕууын кодта, йӕ фарсмӕ ӕрбадт йӕ куыдз дӕр.
Аныхӕстӕ кодтам, хус рӕстӕг кӕй скодта, ууыл, стӕй йын Библийӕ хорз хабар радзырдон. «Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Библийы тыххӕй никуыуал фехъуыстон!»– ныддис кодта лӕг. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, дунейы ӕгъдау сӕфтмӕ кӕй цӕуы, уым дины разамонджытӕ сты аххосджын. Фӕлӕ уӕддӕр Библийӕн стыр аргъ кӕны. Дзӕбӕх аныхас кодтам, стӕй йын радтон чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» *. Лӕг чиныг йӕ хӕдоны дзыппы нывӕрдта ӕмӕ загъта: «Кӕд, Библи цы дзуры, уый ацы чиныгӕй базондзынӕн, уӕд ӕй изӕры арты фарсмӕ бакӕсдзынӕн».
Фӕстӕмӕ раздӕхтыстӕм
Уыцы изӕр нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн радзырдтам, адӕмимӕ куыд ныхас кодам, уый. Зӕрдӕ нын бавӕрдтой, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕммӕ ногӕй кӕй бацӕудзысты. Ӕмбырд куы фӕци, уӕд нӕ цӕуын дӕр нӕ фӕндыд. Тынг балымӕн стӕм. Нӕ цинӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар стӕм (Ромӕгтӕм 1:12).
Дыккаг бон хӕдзармӕ араст стӕм. Нӕ балцыл хъуыды кӕнгӕйӕ бамбӕрстам, Йегъовӕ нын куыд тынг раарфӕ кодта, уый, ӕмӕ нӕ уырнындзинад ноджы фӕфидардӕр. Хӕдзармӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд сывӕллӕтты бафарстон: «Иннӕ каникулты та кӕдӕм ацӕуӕм? Хӕхтӕм?» Сывӕллӕттӕ загътой: «Нӕ. Йегъовӕйы тыххӕй кӕм хъусын кодтам, уырдӕм та ногӕй ацӕуӕм». Мӕ цардӕмбал дӕр загъта: «О, уырдӕм та ацӕуӕм. Уым ӕппӕты хуыздӕр отпуск арвыстам!»
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 11 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
^ 17 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.