Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц

Доны хъаймӕт ӕцӕгдӕр ӕнӕхъӕн зӕххыл уыди?

Доны хъаймӕт ӕцӕгдӕр ӕнӕхъӕн зӕххыл уыди?

Доны хъаймӕт уыди 4 000 азы размӕ. Ӕмӕ йӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонӕй абон иу дӕр нал ис. Фӕлӕ уыцы стыр бӕллӕхы тыххӕй Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, хъаймӕты рӕстӕг дон бамбӕрзта ӕппӕты бӕрзонд хӕхтӕ.

Библийы фыст ис: «Зӕххыл къӕвда уарыд дыууиссӕдз боны... Зӕххыл дон афтӕ сбирӕ, ӕмӕ арвы бын цыдӕриддӕр бӕрзонд хӕхтӕ уыди, уыдон доны бын фесты. Дон хӕхтӕй фынддӕс ӕлмӕрины [ӕхсӕз метр ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц] уӕлдӕр ссыд, ӕмӕ хӕхтӕ нал зындысты (Райдиан 7:17–20).

Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕуыдаид. Фӕлӕ раст нӕ хъуыды кӕнынц. Ныртӕккӕ зӕххӕн йӕ фылдӕр хай, 71 проценты, у донӕй ӕмбӕрзт. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хъаймӕты дӕттӕ нырма дӕр сты зӕххыл. Дзырдӕн, цъититӕ ӕмӕ ма зӕххыл цы ихтӕ ис, уыдон иууылдӕр куы батайой, уӕд денджызты дон фӕфылдӕр уыдзӕн, ӕмӕ бирӕ горӕттӕ, зӕгъӕм, Нью-Йорк ӕмӕ Токио, доны бын фӕуыдзысты.

Америкӕйы Иугонд Штатты иу ран зӕхх куыд конд у, уый фӕдыл геологтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, уым кӕддӕр уыди 100 стыр донивылдӕй фылдӕр. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы донивылдтӕй иу ахӕм стыр уыди, ӕмӕ донӕн йӕ бӕрзӕнд уыд 600 метры ӕмӕ цӕугӕ та кодта 150 км иу сахатмӕ. Ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, кӕддӕр зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕци.

Библи Хуыцауы Ныхасыл чи нымайы, уыдоны фидарӕй уырны, зӕххыл ӕцӕгдӕр кӕй уыд Доны хъаймӕт. Иухатт, Йесо Чырысти Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд загъта: «Дӕ ныхас у ӕцӕгдзинад» (Иоанны 17:17). Апостол Павел та фыста, Хуыцауы кӕй фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕймӕгтӕ дӕр, ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Уӕдӕ Хуыцауы Ныхасы таурӕгътӕ куы уыдаид, уӕд Павел Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад куыд амыдтаид?

Йесо Чырысти фидарӕй зыдта, Доны хъаймӕт кӕй уыд ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын кӕй фӕци. Чырысти йе ’рцыды ӕмӕ фӕстаг бонты кой куы кодта, уӕд уыцы рӕстӕг абарста Нойы рӕстӕгимӕ (Матфейы 24:37–39). Апостол Петр дӕр дзырдта Доны хъаймӕты тыххӕй: «Уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд» (2 Петры 3:6).

Уӕдӕ кӕд Ной ӕрымысгӕ адӕймаг у ӕмӕ Доны хъаймӕт таурӕгъ у, уӕд Чырысти ӕмӕ Петр фӕстаг бонты тыххӕй цы дзырдтой, уый дзӕгъӕлы у. Стӕй ма сӕ ныхӕстӕ къуылымпы кӕниккой, Доны хъаймӕтӕй стырдӕр чи уыдзӕн, уыцы бӕллӕхы удӕгасӕй баззайын кӕй фӕнды, уыдоны (2 Петры 3:1–7).

Хуыцау йӕ адӕмӕн загъта, алкӕддӕр сӕм фӕлмӕн зӕрдӕ кӕй дардзӕн: «Куыд расомы кодтон, Нойы рӕстӕг цы дон рацыд, зӕххыл ахӕм дон кӕй нал рацӕудзӕн, афтӕ уын сомы кӕнын, мӕсты уӕм кӕй нал кӕндзынӕн ӕмӕ уын карзӕй кӕй нал бауайдзӕф кӕндзынӕн». Доны хъаймӕт кӕй нал уыдзӕн, уый фидарӕй куыд зонӕм, афтӕ фидарӕй зонӕм, Хуыцау дӕр, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдоны ӕнувыдӕй кӕй уарздзӕн (Исай 54:9).