Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ циндзинад ма фесаф, куы фӕфыдӕнхъӕл уай, уӕддӕр

Дӕ циндзинад ма фесаф, куы фӕфыдӕнхъӕл уай, уӕддӕр

ЦЫМӔ нӕ чи нӕ фӕфыдӕнхъӕл, ахӕмтӕ ис? Суанг ма-иу нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ Хуыцау дӕр фӕфыдӕнхъӕл. Зӕгъӕм, Израилӕгты Египетӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта. Фӕлӕ Библийы кӕсӕм: «Уыдон ногӕй ӕмӕ ногӕй фӕлвӕрдтой Хуыцауы, ӕмӕ ӕфхӕрдтой Израилы Сыгъдӕджы» (Псалом 78:41). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» (1 Тимофеймӕ 1:11).

Царды бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ ныфс ма асӕтта? Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕ Хуыцау ахӕм уавӕртӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй?

Адӕймаг цӕй тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййы

Хуыцауы Ныхасы кӕсӕм: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Гӕнӕн ис, ӕвиппайды нын исчи цыдӕр знаггад сараза, бӕллӕхы бахауӕм кӕнӕ фӕрынчын уӕм. Библийы ма фыст ис: «Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у» (Ӕмбисӕндтӕ 13:12). Цыдӕр хорз хъуыддагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ фӕцин кӕнӕм, фӕлӕ нӕ къухы тагъд куы нӕ бафты, уӕд нӕ ныфс асӕтты. Зӕгъӕм, Данкан * бирӕ азты лӕггад кодта миссионерӕй ӕмӕ уыд тынг амондджын, фӕлӕ йӕ стӕй йӕ цардӕмбалимӕ бахъуыд сӕ лӕггад ныууадзын ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхын. Данкан загъта: «Мӕ царды фыццаг хатт уыдтӕн ахӕм уавӕры: нӕ зыдтон, дарддӕр куыд цӕрон ӕмӕ цы кусон, уый. Мӕ зӕрдӕ ницӕмӕй рухс кодта». Иуӕй-иу хатт адӕймаг бирӕ рӕстӕг вӕййы ныфссаст. Афтӕ уыд Кларӕйы хабар дӕр. Кларӕ радзырдта: «Авдмӕйдзыд мард сывӕллон мын куы райгуырд, ууыл бирӕ рӕстӕг рацыд. Фӕлӕ ныр дӕр ӕмбырды сценӕйыл гыццыл лӕппу дзургӕ куы фенын, уӕд та ахъуыды кӕнын: „Афонмӕ мӕ лӕппу дӕр уый карӕн уаид“».

Фӕфыдӕнхъӕл ма вӕййӕм, чидӕр, мах куыд хъуыды кодтам, афтӕ куы нӕ бакӕны, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, нӕ уарзон нӕ куы ныууадзы, йе та бинонты цард куы фехӕлы, сывӕллон ӕгоммӕгӕс куы свӕййы ӕмӕ ныл не ’мбал гадзрахатӕй куы рацӕуы кӕнӕ нӕ хорздзинадӕн куы нӕ саргъ кӕны. Ӕнӕххӕст адӕмы ’хсӕн ӕмӕ уӕззау рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ, фыдӕнхъӕл ма фӕуӕм, уый гӕнӕн нӕй.

Цыдӕр нын кӕй нӕ рауайы, уый тыххӕй дӕр нӕ ныфс асӕтты. Зӕгъӕм, нӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсӕм, экзаментӕ куы нӕ раттӕм, куыст куы нӕ фӕарӕм кӕнӕ нӕ кӕйдӕр зӕрдӕмӕ фӕцӕуын фӕнды ӕмӕ нын нӕ уайы. Чи зоны ма нӕ ныфс асӕтта, нӕ бинонтӕй йе та не ’мбӕлттӕй исчи раст фӕндагӕй куы адзӕгъӕл уа, уӕд дӕр. Марийӕ радзырдта: «Афтӕ мӕм каст, мӕ чызгӕн тӕссаг ницӕмӕй у ӕмӕ йын мӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг дӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн куы нал лӕггад кодта ӕмӕ нӕ бинонты ӕгъдауы сӕрты куы ахызт, уӕд мӕ ныфс бынтондӕр асаст. Уӕдмӕ мын хорзӕй цы бантыст, уый дӕр мын удӕнцой нал хӕссы. Мӕ къухтӕ бынтондӕр ӕруагътон».

Цы саразӕн ис, нӕ ныфс куы асӕтты ӕмӕ куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм, уӕд? Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, ахӕм уавӕртӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй каст, уымӕ.

Цы саразӕн ис, ууыл хъуыды кӕн

Цӕмӕй фыццаг лӕг ӕмӕ ус амондджын уыдаиккой, уый тыххӕй сын Йегъовӕ Хуыцау алцыдӕр радта, фӕлӕ уыдон ӕгоммӕгӕс разындысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты (Райдианы 2 ӕмӕ 3 сӕртӕ). Сӕ фырт Каин фыдзӕрдӕ сси, Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта (Райдиан 4:1–8). Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн куыд зын уыдаид?

Фӕлӕ, цымӕ, Хуыцау йӕ циндзинад цӕуылнӕ фесӕфта? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндон уыд зӕххыл ӕххӕст адӕмы ӕрцӕрын кӕнын ӕмӕ дарддӕр архайдта, цӕмӕй йӕ сӕххӕст кӕна (Иоанны 5:17). Уый тыххӕй Йесо Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ ӕрӕвӕрдта йӕ Паддзахад (Матфейы 6:9, 10; Ромӕгтӕм 5:18, 19). Йегъовӕ Хуыцау, йӕ фӕндон кӕй фехӕлд, ууыл не сси, фӕлӕ йе ’ргом аздӕхта, цы саразӕн уыд, уымӕ.

Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, ныр цы саразӕн ис, ууыл, куыд хъуамӕ уыдаид кӕнӕ цы саразӕн уыдаид, ууыл нӕ, фӕлӕ. «Цыдӕриддӕр у ӕцӕг, цыдӕриддӕр у ахсджиаг, цыдӕриддӕр у раст, цыдӕриддӕр у сыгъдӕг, цыдӕриддӕр у уарзинаг, хорз цӕмӕйдӕриддӕр фӕзӕгъынц, цыдӕриддӕр у хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг,– уыдӕттыл хъуыды кӕнут ӕппынӕдзухдӕр» (Филиппӕгтӕм 4:8).

Куы фӕфыдӕнхъӕл уай, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд

Гӕнӕн ис, нӕ царды цыдӕр ӕвиппайды фӕива. Зӕгъӕм, ӕнӕ куыстӕй баззадыстӕм, нӕ цардӕмбал амард кӕнӕ ныл ӕмбырды цы хӕстӕ уыд, уыдон фесӕфтам, йе та фӕрынчын стӕм, ӕнӕ хӕдзарӕй кӕнӕ ӕнӕ ӕмбӕлттӕй баззадыстӕм. Цы бакӕнӕн ис ахӕм уавӕрты?

Иуӕй-иутӕн баххуыс кодта, царды ахсджиагдӕр цы у, уый кӕй бамбӕрстой. Райдианы цы Данканы кой кодтам, уый загъта: «Мӕ цардӕмбалимӕ куы бамбӕрстам, раздӕрау миссионертӕй кӕй нал лӕггад кӕндзыстӕм, уӕд нын тынг зын уыд. Фӕлӕ стӕй нӕхицӕн дыууӕ хъуыддаджы сбӕлвырд кодтам: мӕ усы мадмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй дарддӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм. Исты уынаффӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд ацы хъуыддӕгтӕ нӕ зӕрдыл фӕдарӕм. Афтӕмӕй нын ӕнцондӕр у раст уынаффӕтӕ хӕссын».

Исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд бирӕтӕ хъуыддаг ныддиссаг кӕнынц. Зӕгъӕм, сывӕллон хъомыл кӕнӕм, цыдӕр куыстыл ахуыр кӕнӕм, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл хорз хабар хъусын кӕнӕм. Фӕлӕ цӕмӕ бӕллыдыстӕм, уый нӕ къухы куы нӕ бафта, уӕд, чи зоны, хъуыды кӕнӕм, ницӕйаг дӕн, зӕгъгӕ. Фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы кӕй фӕфыдӕнхъӕл кодтой, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ фӕндон нал сӕххӕст уыдзӕн. Махӕн дӕр цыдӕр хъуыддаг райдианы куы нӕ фӕрӕстмӕ уа, уӕд нӕ ныфс ма асӕттӕд (Дыккаг закъон 32:4, 5).

Исчи нӕ куы фӕфыдӕнхъӕл кӕны, уӕд тынг смӕсты вӕййӕм. Йегъовӕ та афтӕ нӕ кӕны. Паддзах Давид иу сылгоймагимӕ куы фӕрӕдыд ӕмӕ йын йӕ лӕджы куы амардта, уӕд Хуыцауы зӕрдӕ фӕрыст. Фӕлӕ стӕй Йегъовӕ федта, Давид зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнӕгыл нымадта ӕмӕ йын Давид дӕр дарддӕр лӕггад кодта. Паддзах Иосафат дӕр фӕрӕдыд, Хуыцауы знӕгтимӕ бадзырд кӕй сарӕзта, уымӕй. Йегъовӕйы пехуымпар загъта: «Уый тыххӕй дӕм Йегъовӕ фӕфыдӕх. Фӕлӕ дӕм хорзӕй дӕр цыдӕр ссардта» (2 Азфыст 19:2, 3). Йегъовӕ ӕмбӕрста, Иосафат иу хатт кӕй фӕрӕдыд, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ бынтондӕр сивта. Мах дӕр не ’мбӕлтты рӕдыдтытӕ нӕ зӕрдӕмӕ ӕгӕр хӕстӕг куы нӕ исӕм, уӕд семӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм. Кӕд нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодтой, уӕддӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, хорз миниуджытӕ дӕр сӕм кӕй ис (Колоссӕгтӕм 3:13).

Цыдӕр хъуыддаг нӕ къухы уайтагъд нӕ бафты. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ уавӕр фӕивӕн вӕййы, нӕ рӕдыд сраст кӕныныл куы архайӕм ӕмӕ нӕ къухтӕ куы нӕ ауадзӕм, уӕд. Паддзах Давид йӕ рӕдыдыл тынг мӕт кодта ӕмӕ ныффыста: «Бон-сауизӕрмӕ хъӕрзыдтон ӕмӕ ме стджытӕ ныххус сты... Йегъовӕйӕн мӕ тӕригъӕд раргом кодтон... ӕмӕ мын ды мӕ рӕдыд ныххатыр кодтай» (Псалом 32:3–5). Куы бамбарӕм, Хуыцауы раз цыдӕр раст нӕ бакодтам, уӕд дзы хатыр курӕм, цӕмӕй мауал фӕрӕдийӕм ӕмӕ дарддӕр йӕ уынаффӕтӕм лӕмбынӕгдӕр уӕм (1 Иоанны 2:1, 2).

Цӕттӕ у

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн дӕр-иу йӕ ныфс истӕй тыххӕй асӕтдзӕн. Цы саразӕм, цӕмӕй ахӕм уавӕртӕм цӕттӕ уӕм? Иу ацӕргӕ лӕг Брунойыл цыдӕр бӕллӕх ӕрцыд. Бруно загъта: «Мӕхимӕ куы ныхъхъуыстон, уӕд мын баххуыс кодта, дарддӕр дӕр мӕ уырнындзинад кӕй фидар кодтон, уый. Ӕз ӕмбӕрстон, Хуыцау фыддзинад цӕмӕн быхсы, уый. Бирӕ азты дӕргъы архайдтон, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаин, ӕмӕ уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Удӕнцой мын хаста, Хуыцау мӕ фарсмӕ кӕй ис, уый кӕй зыдтон».

Фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ, нӕ зӕрдыл дарӕм иу хъуыддаг: чи зоны, нӕхи тыххӕй йе та иннӕты тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл уӕм, фӕлӕ нӕ Хуыцау никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн. Хуыцауӕн йӕ ном, Йегъовӕ, нысан кӕны, «ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый» (Рацыд 3:14). Уый нӕ фидар ныфс уадзы, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй алцыдӕр кӕй сараздзӕн. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ Паддзахады фӕрцы йӕ «фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ... зӕххыл дӕр» кӕй уыдзӕн. Апостол Павел дӕр уый тыххӕй ныффыста: «Ӕз ӕй фидарӕй зонын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр хицауӕдтӕ... ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдонӕй дӕр нӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» (Матфейы 6:10; Ромӕгтӕм 8:38, 39).

Ныфс нӕ уӕд, Хуыцау йӕ пехуымпар Исайы уылты цы загъта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн: «Ӕз аразын ног арв ӕмӕ ног зӕхх; раздӕр цы уыд, уый хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстут ӕмӕ уӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзӕн» (Исай 65:17). Куыд хорз у, тагъд ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, нӕ хъуыдыйы дӕр куы нал ӕрцӕуа, ныфссаст-иу кӕй уыдыстӕм, уый!

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]

Райдианы дын цыдӕр хъуыддаг куы нӕ фӕрӕстмӕ уа, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд

[Хицӕнгонд текст 12 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, ныр цы саразӕн ис, ууыл, куыд хъуамӕ уыдаид, ууыл нӕ, фӕлӕ

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Кӕд адӕм Хуыцауы фӕфыдӕнхъӕл кӕнынц, уӕддӕр амондджын у, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндон ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн

[Ныв 14 фарсыл]

Нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд-иу нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм