Райстам писмо Доминиканы Республикӕйӕ
«Афтӕ мӕ никуы ничи уарзта»
НЮРКӔЙӔН не ’мбырды фыццаг хатт уыд Библийӕ хӕслӕвӕрд. Ныффыста йӕ Брайлы шрифтыл ӕмӕ йӕ сахуыр кодта. Ӕз дӕр йемӕ уыдтӕн сценӕйыл – Библи хуыздӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы роль хъазыдтӕн. Ӕз микрофоны дзырдтон, Нюркӕ та мӕ наушниктӕй хъуыста. Нӕ ныхас куы фестӕм, уӕд нын хъусджытӕ афтӕ зӕрдиагӕй ӕмдзӕгъд кодтой, ӕмӕ сӕ Нюркӕ дӕр хъуыста. Нюркӕ тынг райгонд уыд ӕмӕ йӕ цӕсгом фырцинӕй ныррухс. Мӕнӕн дӕр мӕ цинӕн кӕрон нӕ уыд. Куыд хорз у миссионерӕй лӕггад кӕнын!
Мӕ зӕрдыл лӕууы, дыууӕ азы размӕ Нюркӕимӕ фыццаг хатт куыд фембӕлдтӕн, уый. Ӕрдӕгсахаты бӕрц рыг фӕндӕгтыл машинӕйы фӕцыдтӕн, афтӕ йӕм фӕкомкоммӕ дӕн. Нюркӕ бадти сӕ хӕдзары рахизӕны – мӕгуыр хъӕууон хӕдзар, хъӕдӕй ӕмӕ блоктӕй конд, йӕ сӕр дӕр сызгӕ. Кӕрты уыд сӕгътӕ, тӕрхъустӕ ӕмӕ куыйтӕ – сӕ уасын ӕмӕ сӕ тӕф дардмӕ цыд. Нюркӕ йӕ сӕр ӕруагъта, афтӕмӕй гуыбырӕй бадт. Бӕрӕг уыд, куыд ӕнамонд ӕмӕ ныфссаст у. Кӕд ыл 34 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, уӕддӕр ын йӕ хуызмӕ гӕсгӕ бирӕ фылдӕр раттӕн уыд.
Ӕз ын сабыргай йе уӕхскмӕ бавнӕлдтон, ӕмӕ мӕм Нюркӕ скаст, ныр 11 азы кӕмӕй нал уыдта, уыцы цӕстытӕй. Йӕ хъусы йын хъӕрӕй загътон мӕ ном ӕмӕ ме ’мбалы ном. Фӕстӕдӕр базыдтам, Нюркӕ туджы рахӕсгӕ низӕй кӕй хъизӕмар кӕны – Марфаны синдром, зӕгъгӕ. Стӕй ма йӕм сӕкӕрниз дӕр уыд, ӕмӕ хъуамӕ ӕппынӕдзух бӕрӕг кодтаид, йӕ сӕкӕр цас у, уый.
Нюркӕйы къухмӕ Библи куы радтон, уӕд базыдта, цавӕр чиныг у, уый. Цалынмӕ нӕ бакуырм, уӕдмӕ йӕ тынг уарзта кӕсын. Фӕлӕ куыд ахуыр кодтаин Хуыцауы Ныхас ацы мӕгуыр ӕмӕ низӕфхӕрд адӕймагимӕ? Нюркӕ алфавит зыдта ӕмӕ-иу ын йӕ къухмӕ радтон пластмасс дамгъӕтӕ, ӕмӕ сӕ уайтагъд сахуыр кодта. Стӕй-иу ын йӕ къухтыл мӕ къухтӕ авӕрдтон ӕмӕ йын афтӕмӕй дамгъӕтӕ амыдтон ӕмӕ дзы америкӕйаг къухӕй амонгӕ ӕвзаджы чи кӕцы у, уый ахуыр кодта. Афтӕмӕй сабыргай ӕндӕр дамгъӕтӕ дӕр базыдта. Къухӕй амонгӕ ӕвзаг мӕхӕдӕг дӕр ӕрӕджы райдыдтон ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ-иу мӕ цалдӕр сахаты бахъуыд, цӕмӕй-иу мӕхи бацӕттӕ кодтаин Нюркӕйӕн амонынмӕ. Фӕлӕ нӕ Нюркӕимӕ уыцы ӕвзаг базонын тынг кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ тагъд сахуыр кодтам.
Нюркӕйӕн бирӕ бантыст, адӕмӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы организаци йын хъусӕн аппарат куы балӕвар кодта, уӕд. Кӕд уыцы аппарат
хуымӕтӕг уыд, уӕддӕр ын тынг ӕххуыс кодта. Нюркӕ дӕс азӕй фылдӕр уыд куырм ӕмӕ уӕзхъус, ӕмӕ цыма адӕмы ’хсӕн дӕр нӕ цард, афтӕ ӕрвыста йӕ бонтӕ. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ зонд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ райхъал кодта, ӕмӕ дзы зонындзинӕдтӕ, ныфс ӕмӕ уарзондзинад бауагъта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ лӕдзӕджы ’ххуысӕй йӕ сыхӕгтӕм цӕуын райдыдта ӕмӕ сын Библийӕ хорз хабар дзырдта.Нюркӕ Библи ахуыр кӕны йӕ мады хоимӕ ӕмӕ йӕ чызгимӕ, стӕй ма йӕ хӕстӕджытӕй иу усимӕ. Йӕхи хорз бацӕттӕ кӕны ӕмӕ алы урок дӕр бахъуыды кӕны. Библи кӕимӕ ахуыр кӕны, уыдон абзац бакӕсынц ӕмӕ Нюркӕ та фарст бакӕсы Брайлы шрифтыл фыст чиныгӕй. Йемӕ чи вӕййы, уый йын йӕ хъусы ахуыргӕнинӕгты дзуаппытӕ фӕзӕгъы кӕнӕ та йӕ къухтӕ Нюркӕйы къухтыл сӕвӕры ӕмӕ йын сӕ афтӕмӕй фӕдзуры.
Нюркӕйӕн ӕмбырдӕй алчидӕр ӕххуыс кӕны. Чырыстон ӕфсымӕртӕ йӕ ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм аласынц. Иннӕтӕ та йемӕ ацӕуынц Хуыцауы Ныхас хъусын кӕнынмӕ. Ӕрӕджы мын Нюркӕ загъта: «Афтӕ мӕ никуы ничи уарзта». Тагъд цы конгресс уыдзӕн, уым ӕй фӕнды донаргъуыд райсын.
Ныр Нюркӕмӕ куы ӕрбацӕуӕм, уӕд фенӕм, дуармӕ хурмӕ куыд фӕбады райгондӕй ӕмӕ мидбылхудгӕйӕ. Ӕз ӕй бафарстон, цӕуыл худыс, зӕгъгӕ. Нюркӕ мын загъта: «Хъуыды кӕнын, фидӕны зӕххыл дзӕнӕт куы уа, ууыл, ӕмӕ мӕм афтӕ кӕсы, цыма уым дӕн».
[Ныв 23 фарсыл]
Нюркӕ ӕмӕ не ’мбырдӕй иуӕй-иутӕ Паддзахады залы раз
[Ныв 23 фарсыл]
Нюркӕ цы базыдта, уый дзуры иннӕтӕн дӕр