Адӕймаг куыд фӕзынд?
Адӕймаг куыд фӕзынд?
АЦЫ ФАРСТАЙӔН ДЗУАПП ЗОНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ? Бирӕты ахуыр кодтой, зӕгъгӕ, цард йӕхигъдауӕй фӕзынд. Адӕм дӕр фӕзындысты ӕнӕнхъӕлӕджы, эволюцийы фӕрцы ӕмӕ хайджын уыдысты зондӕй ӕмӕ алыхуызон миниуджытӕй.
Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн: кӕд эволюцийы руаджы фӕзындыстӕм ӕмӕ Сфӕлдисӕг нӕй, уӕд адӕм сидзӕр не сты? Ӕмӕ нын зондджын уынаффӕтӕ чи дӕтта, нӕ зындзинӕдты нын чи ӕххуыс кӕна, уый дӕр нӕй. Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ адӕймаг йӕхӕдӕг скӕндзӕн кӕрон ӕрдзон бӕллӕхтӕн, хӕстытӕн ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕн ӕмӕ нӕ ныфс хъуамӕ ӕрмӕстдӕр нӕхиуыл дарӕм.
Ӕцӕгӕйдӕр афтӕ уа, уый дӕ фӕнды? Кӕд нӕ, уӕд ӕркӕсӕм ӕндӕр хъуыдымӕ. Ӕмӕ уыцы хъуыды ӕрмӕст зӕрдӕмӕдзӕугӕ нӕу, фӕлӕ ма раст дӕр у.
Библи цы дзуры
Библи дзуры, адӕймаджы Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Мах эволюцийы фӕрцы нӕ фӕзындыстӕм, фӕлӕ стӕм уарзӕгой Фыды сывӕллӕттӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библийы цы фыст ис, уымӕ.
Райдиан 1:27. «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй».
Псалом 139:14. «Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз диссаджы конд дӕн, ӕмӕ мӕ уый тасы ӕфтауы. Диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕ хорз зоны».
Матфейы 19:4–6. «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ кӕй загъта: „Уый тыххӕй адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“? Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд».
Хъуыддӕгтӕ 17:24, 25. «Дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг уӕвгӕйӕ, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты нӕ цӕры. Ӕмӕ цыма исты хъуаг ӕййафы, уыйау ӕй адӕймаджы къухты лӕггад нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард, улӕфт ӕмӕ алцыдӕр».
Раргомад 4:11. «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд».
Библи цы дзуры, уый нын ӕцӕг удӕнцой цӕмӕн хӕссы
Мах зонӕм, зӕххыл «алы бинонтӕн дӕр номывӕрӕг» Хуыцау кӕй у, ӕмӕ уый фӕрцы адӕммӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтам (Ефесӕгтӕм 3:15). Ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайӕм нӕхимӕ ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕм дӕр. Нӕ зондахаст ма бӕрӕг уыдзӕн ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр.
Ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл нӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд ӕгӕр тынг нӕ тыхсдзыстӕм, чидӕр ӕндӕрхуызон кӕй хъуыды кӕны, уый тыххӕй. Уый бӕсты мах хъусдзыстӕм Библийы уынаффӕтӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй, ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр ӕмбара ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
Фӕлӕ цӕмӕй Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕхиуыл кусын. Иуӕй-иу хатт бахъӕуы, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ бакӕнын нӕ, фӕлӕ ӕндӕрхуызон (Райдиан 8:21). Уарзӕгой уӕларвон Фыд нӕ кӕй сфӕлдыста, ууыл куы сразы уӕм, уӕд бамбардзыстӕм, уый кӕй зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы у, уый (Исай 55:9). Уымӕ гӕсгӕ нын йӕ Ныхас дзуры: «Дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Ацы ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд тынг нӕ тыхсдзыстӕм, ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл нӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд.
Ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕм куы кӕсой, уӕд нӕхимӕ нӕ ныхъхъусдзыстӕм, зӕгъгӕ, иннӕ адӕмыхаттӕй ӕвзӕрдӕр дӕн, фӕлӕ нӕхицӕн аргъ кӕндзыстӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ Фыд, Йегъовӕ Хуыцау, «никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын адджын у» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).
Хуыцауы цӕстӕнгас куы зонӕм, уӕд мах дӕр иннӕтӕм раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Ӕмбардзыстӕм, уый бар нын кӕй нӕй, цӕмӕй нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцау «иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ ӕгас зӕххыл цӕрынӕн» (Хъуыддӕгтӕ 17:26).
Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцау нӕ кӕй сфӕлдыста ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый кӕй зонӕм, уый нын ӕцӕг удӕнцой хӕссы. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, цы саразын хъӕуы, цӕмӕй уыцы зӕрдӕйы уаг бахъахъхъӕнӕм.
[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]
Адӕймаг эволюцийы фӕрцы фӕзынд?
[Ныв 5 фарсыл]
Не Сфӕлдисӕг ныл кӕй тыхсы, уый кӕй зонӕм, уый нын ӕцӕг удӕнцой хӕссы