Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Йегъовӕ уӕ Францимӕ ӕркодта, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаиккат»

«Йегъовӕ уӕ Францимӕ ӕркодта, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаиккат»

АНТУАН Скалецкий гыццыл лӕппу куы уыд, уӕд-иу йемӕ ӕдзухдӕр уыди бӕх. Иумӕ-иу тыххӕйты цыдысты, мынӕг рухс кӕм уыд, уыцы тъунелты ӕмӕ-иу ӕвзалы ластой, зӕххы бын 500 метры ӕрфӕн чи уыд, уыцы шахтӕйӕ. Антуаны фыд фӕсахъат, шахтӕ куы ныккалд, уӕд, ӕмӕ бинонтӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ сӕ лӕппуйы шахтӕмӕ кусынмӕ арвыстой. Гъемӕ Антуан бон фараст сахаты уӕззау куыст кодта. Иухатт, шахтӕ куы ныккалд, уӕд, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ бабын уыдаид.

Польшӕйаг шахтертӕ кӕмӕй пайда кодтой, уыцы мигӕнӕнтӕ ӕмӕ, Антуан Скалецкий кӕм куыста, уыцы шахтӕ (Деши, Сен-ле-Ноблмӕ хӕстӕг)

Антуан райгуырди Францийы, ӕмӕ уыди, Польшӕйӕ Францимӕ цӕрынмӕ чи ралыгъд, ахӕм бинонтӕй. 1920–1930 азты Францимӕ Польшӕйӕ бирӕ иммигранттӕ ӕрцыди. Цымӕ цӕмӕн? Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ Польшӕ фӕстӕмӕ хӕдбар паддзахад куы сси, уӕд афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы ӕгӕр бирӕ адӕм царди. Францийы та хӕсты фӕмард иу милуан адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ сын тынг нӕ фаг кодта, ӕвзалыйы шахтӕты чи бакуыстаид, ахӕм адӕм. Гъемӕ 1919 азы сентябры Францийы ӕмӕ Польшӕйы хицауад скодтой бадзырд иммиграцийы фӕдыл, ӕмӕ уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ польшӕйӕгтӕн уыди бар Францимӕ цӕрынмӕ ӕмӕ кусынмӕ ӕрцӕуын. 1931 азмӕ, Францийы чи цард, уыцы польшӕйӕгты нымӕц сси 507 800 адӕймаджы, ӕмӕ дзы бирӕтӕ цардысты Францийы цӕгат хайы, шахтӕтӕ кӕм уыд, уыцы районты.

Польшӕйаг иммигранттӕ уыдысты ӕнӕзивӕг кусджытӕ, стӕй фидар хӕцыдысты се ’гъдӕуттыл, ӕмӕ Хуыцауыл дӕр тынг ӕнувыд уыдысты. Антуан (ныр ыл цӕуы 90 азы) загъта: «Мӕ мады фыд Юзеф-иу Сыгъдӕг Фыстады тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу бӕрӕг уыди, тынг ын кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ йӕ ууыл та йӕ фыд сахуыр кодта». Алы хуыцаубон дӕр-иу польшӕйаг шахтерты бинонтӕ, сӕхимӕ ма куы цардысты, уӕд куыд кодтой, афтӕ-иу сӕ уӕлӕ сӕ хуыздӕр дарӕс скодтой ӕмӕ-иу аргъуанмӕ ацыдысты. Бынӕттон французӕгтӕй та бирӕты Хуыцау ӕппындӕр не ’ндӕвта, ӕмӕ уый тыххӕй польшӕйӕгтыл худтысты.

Польшӕйӕгтӕй бирӕтӕ Библииртасджытыл фыццаг хатт сӕмбӕлдысты Нор–Па-де-Калейы – уыцы ран уыдон зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой 1904 азӕй фӕстӕмӕ. 1915 азмӕ польшӕйаг ӕвзагыл алы мӕй дӕр мыхуыры цӕуын райдыдта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», журнал «Сызгъӕрин ӕнус» та (ныртӕккӕ хуыйны «Райхъал ут!») уыцы ӕвзагыл фӕзынд 1925 азы. Польшӕйаг бинонтӕй бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой, уыцы журналты цы фыст уыди, уый. Стӕй ма польшӕйаг ӕвзагыл рацыди чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр» дӕр, ӕмӕ уый дӕр бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд.

Антуаны бинонтӕ Библииртасджыты тыххӕй базыдтой Антуаны мады ’фсымӕрӕй, 1924 азы уый фыццаг хатт уыди Библииртасджыты ӕмбырды. Уыцы аз Брюэ-ан-Артуайы Библииртасджытӕ фыццаг хатт ауагътой конгресс польшӕйаг ӕвзагыл. Конгрессӕй иу мӕй дӕр нӕ рацыд, афтӕ Джозеф Рутерфордӕн, сӕйраг хайады минӕварӕн, уыцы горӕты уыди раныхас. Уыцы фембӕлдмӕ ӕрбацыди 2 000 адӕймаджы, ӕмӕ сӕ фылдӕр уыдысты польшӕйӕгтӕ. Ӕфсымӕр Рутерфорд уый куы федта, уӕд сын загъта: «Йегъовӕ уӕ Францимӕ ӕркодта, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаиккат. Ныр та сымах ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ баххуыс кӕнат французӕгтӕн! Хорз хабар нырма бирӕтӕн хъӕуы фехъусын кӕнын, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы куыстӕн хъусынгӕнджытӕ ссардзӕн!»

Ӕмӕ Йегъовӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодта! Уыцы польшӕйаг чырыстӕттӕ шахтӕты куыд ӕнӕзивӕгӕй куыстой, афтӕ ӕнӕзивӕгӕй архайдтой хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр! Чидӕртӕ сӕ сӕхимӕ Польшӕмӕ дӕр аздӕхтысты, цӕмӕй, цы рӕстдзинад базыдтой, уый тыххӕй уым дӕр хъусын кодтаиккой. Францийӕ Польшӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй чи ацыд, уыцы ’фсымӕрты ’хсӕн уыдысты Теофиль Пясковский, Щепан Косяк ӕмӕ Ян Забудӕ.

Фӕлӕ, польшӕйаг ӕвзагыл чи дзырдта, уыцы хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ Францийы баззадысты ӕмӕ сӕ французаг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ иумӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. 1926 азы Сен-ле-Ноблы уыд иумӕйаг ӕмбырд, ӕмӕ уыцы ӕмбырды программӕмӕ польшӕйаг ӕвзагыл байхъуыста 1 000 адӕймаджы, французаг ӕвзагыл та – 300 адӕймаджы. 1929 азы «Ӕрвылазон чиныджы» фыст уыди: «Ацы аз 332 польшӕйаг ӕфсымӕры донаргъуыд райстой ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, сӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой». Цалынмӕ Дыккаг дунеон хӕст нӕ райдыдта, уӕдмӕ Францийы уыд 84 ӕмбырды, ӕмӕ дзы 32 уыдысты польшӕйаг ӕвзагыл.

Францийы польшӕйаг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ конгресмӕ фӕцӕуынц. Автобусыл фыст ис «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ»

1947 азы Польшӕйы хицауад фехъусын кодта, Францимӕ чи ацыд, уыдонӕн сӕ бон кӕй у фӕстӕмӕ ӕрыздӕхын, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕр бирӕтӕ Польшӕмӕ аздӕхтысты. Фӕлӕ куы ацыдысты, суанг уый фӕстӕ дӕр бӕрӕг уыди, сӕ фыдӕбон ӕмӕ сӕ французаг ӕфсымӕрты фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыд – уыцы аз хъусынгӕнджыты нымӕц 10 проценты фӕфылдӕр. Уый фӕстӕ 1948 азы хъусынгӕнджыты нымӕц фӕфылдӕр 20 проценты, 1949 азы – 23 проценты, 1950 азы та – суанг 40 проценты! Уыцы ног хъусынгӕнджытӕн баххуыс кӕныны тыххӕй 1948 азы Францийы филиал снысан кодта фыццаг районон цӕстдарджыты. Цӕстдарджытӕй цы фондз ӕфсымӕры равзӕрстой, уыдонӕй цыппар уыдысты польшӕйӕгтӕ, ӕмӕ сӕ иу уыд Антуан Скалецкий.

Францийы ныр дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕн ис польшӕйаг мыггӕгтӕ. Уыдон сты, шахтӕты дӕр ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзивӕгӕй чи фыдӕбон кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты байзӕддӕгтӕ. Францийы абон дӕр тынг бирӕ иммигранттӕ базонынц Библийы фыст рӕстдзинад. Ӕндӕрбӕстаг хъусынгӕнджытӕй чидӕртӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхынц, чидӕртӕ та Францийы баззайынц, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр, сӕ размӕ чи уыд, уыцы польшӕйаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц. (Нӕ архивтӕй Францийы.)