Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Хӕрӕндоны федта ӕцӕг уарзондзинад

Хӕрӕндоны федта ӕцӕг уарзондзинад

ХУЫЦАУЫ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр цины хос уыди Йегъовӕйы фынгыл минас кӕнын. Ахӕм куывдты куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд сын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй уӕлдай стыр цины хос вӕййы, иумӕ сихор кӕй бахӕрынц, уый дӕр.

1919 азы сентябры Сидар-Пойнты (штат Огайо, АИШ) Библииртасджытӕн аст боны дӕргъы уыди конгресс. Уыцы конгресмӕ цы уазджытӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдон хъуамӕ цӕргӕ дӕр ӕмӕ хӕргӕ дӕр кодтаиккой уазӕгдзӕрӕнты. Фӕлӕ конгресмӕ ’рцыд, ӕнхъӕл цас уыдысты, уымӕй минтӕ фылдӕр. Иу уазӕгдзӕрӕны хӕрӕндоны официанттӕ уыйбӕрц адӕм куы федтой, уӕд сӕ куыст фӕуагътой. Хӕрӕндоны хицау цы акодтаид, уый нал зыдта, ӕмӕ, конгресмӕ чи ’рцыд, уыдонӕн загъта, цӕмӕй ӕрыгӕттӕй исчи официанттӕй ныллӕууыдаид, ӕмӕ бирӕтӕ сразы сты. Уыдонӕй сӕ иу уыд нӕ хо Сэди Грин. Сэди загъта: «Уый размӕ официантӕй никуы куыстон, фӕлӕ уый диссаджы рӕстӕг уыд!»

Сьерра-Леоне, 1982 аз

Уый фӕстӕ-иу конгрессты рӕстӕг ӕфсымӕртӕ сӕхӕдӕг хӕрӕндӕттӕ скодтой, ӕмӕ дзы мингай барвӕндон лӕггадгӕнджытӕн фадат уыди, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн балӕггад кодтаиккой. Бирӕтӕ се ’мчырыстӕттимӕ ахӕм хуызы кӕй балӕггад кодтой, уый сын баххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрдтаиккой. 1937 азы конгрессы ахӕм хӕрӕндоны лӕггад кодта хо Глэдис Болтон. Уый радзырдта: «Уӕд базонгӕ дӕн, ӕндӕр рӕттӕй чи ’рцыд, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Уыдон-иу радзырдтой, сӕ зындзинӕдты сӕрты куыд хызтысты, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг мӕхицӕн фыццаг хатт загътон, мӕ бон кӕй бауыдзӕн пионерӕй лӕггад кӕнын».

Иу хо, Бьюлӕ Кови, конгрессты тыххӕй загъта: «Лӕггадгӕнджытӕ удуӕлдайӕ кӕй фӕфыдӕбон кӕнынц, уый руаджы дзы алцыдӕр вӕййы уаг ӕмӕ ӕгъдауыл». Фӕлӕ-иу алцы афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Анджело Манера, 1969 азы Лос-Анджелесы (штат Калифорни) стадион «Доджер»-ы цы конгресс хъуамӕ уыдаид, уырдӕм куы ’рцыди, ӕрмӕстдӕр уӕд базыдта, хӕрӕндоны лӕггад кӕнынмӕ йӕ кӕй снысан кодтой. Анджело загъта: «Уыцы хабар куы фехъуыстон, уӕд арвыцӕфау фӕдӕн!» Уыцы конгресс цӕттӕ кӕнгӕйӕ бахъуыд 250 метры дӕргъӕн къанау скъахын, цӕмӕй дзы хӕрӕндонмӕ газы труба ауагътаиккой!

Франкфурт (Германи), 1951 аз

1982 азы Сьерра-Леонейы ӕнӕзивӕг барвӕндон лӕггадгӕнджыты бахъуыд быдыр ныссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ дзы стӕй, сӕхимӕ цы ӕрмӕг уыд, уымӕй хӕрӕндон саразын. 1951 азы Франкфурты (Германи) ӕрхъуыдыджын ӕфсымӕртӕ баххуырстой, уыцы иу рӕстӕг 40 аджы мидӕг хӕринаг кӕнӕн кӕм уыд, ахӕм локомотив. Официанттӕ-иу сахатмӕ хӕринаг ӕрӕвӕрдтой 30 000 адӕймагӕн. Къустӕ чи ’хсадта, уыцы 576 барвӕндон лӕггадгӕнӕгӕн сӕ куыст фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй, конгресмӕ чи ’рцыд, уыдон семӕ ’рхастой сӕхи кӕрдтӕ ӕмӕ вилкӕтӕ. Янгоны (Мьянмӕ) цы конгресс уыд, уырдӕм уазджытӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ пъовыртӕ хӕринагыл кодтой, тынг чи нӕ судзы, ахӕм цывзы.

«СӔ АДӔМ ЛӔУГӔЙӔ ХӔРЫНЦ»

Иу хо, Анни Поггенси, радзырдта, 1950 азы Иугонд Штатты конгрессы куы уыд ӕмӕ хӕрӕндоны йӕ радмӕ куы ӕнхъӕлмӕ каст, уӕд ын йӕ зӕрдӕ цы бацагайдта, уый тыххӕй. Анни радзырдта: «Конгресмӕ Европӕйӕ науыл чи ’рцыд, дыууӕ ахӕм хойы зӕрдиаг ныхасмӕ хъусыныл фӕдӕн». Уыцы хотӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, Йегъовӕ сын конгресмӕ ӕрцӕуынӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. «Уыцы дыууӕ хойӕ амондджындӕр дзы ничи уыд,– загъта Анни.– Рады сӕ бирӕ рӕстӕг лӕууын кӕй хъуыди, стӕй тынг тӕвд кӕй уыд, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыди».

Сеул (Корей), 1963 аз

Бирӕ стыр конгрессты-иу сӕвӕрдтой стыр пъалаткӕтӕ, ӕмӕ-иу дзы уыди, лӕугӕйӕ кӕй уӕлхъус хордтаиккой, ахӕм стъӕлттӕ. Уый фӕрцы-иу адӕм тагъд бахордтой ӕмӕ-иу иннӕтӕн бынат ссӕрибар кодтой. Уымӕй хуыздӕр ма цы саразӕн уыд, цӕмӕй-иу сихорафон мингай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ бахордтаиккой? Ӕвдисӕн чи нӕ уыд, иу ахӕм адӕймаг загъта: «Ай цыдӕр ӕнахуыр дин у! Сӕ адӕм лӕугӕйӕ хӕрынц».

Ӕфсӕддон хицӕуттӕ, стӕй-иу ӕнӕуи хицӕуттӕ дӕр дис кодтой, нӕ конгрессты алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕй уыди, ууыл. Нью-Йорчы (АИШ) стадион «Янки»-йы конгресс куы цыди, уӕд дзы уыдысты Иугонд Штатты ӕфсады кусджытӕ дӕр. Хӕрӕндоны куыст куыд цӕуы, уый куы федтой, уӕд Великобританийы ӕфсӕддон министрады майор Фолкнерӕн загътой, цӕмӕй, сӕ бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн конгресс куы уа, уӕд сӕм бацӕуа ӕмӕ сын сӕ хӕрӕндон фена. Ӕмӕ 1955 азы уыцы майор йӕ бинойнагимӕ ацыд, Английы Туикнемы цы конгресс цыди, уырдӕм, «Уӕлахиздзау Паддзахад», зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ загъта, хӕрӕндоны кӕй федта ӕцӕг уарзондзинад.

Дӕсгай азты дӕргъы ӕнӕзивӕг лӕггадгӕнджытӕ хуымӕтӕг хӕринӕгтӕ цӕттӕ кодтой, конгресстӕм-иу чи ’рбацыд, уыдонӕн. Фӕлӕ-иу конгресстӕм тынг бирӕ адӕм кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй-иу арӕх бахъуыд бирӕ барвӕндон лӕггадгӕнджыты ӕххуыс. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты-иу фыдӕбон кӕнын бирӕ рӕстӕг кӕй хъуыд, уый тыххӕй-иу конгрессы программӕйӕ кӕцыдӕр хӕйттӕм, хатт та-иу ӕнӕхъӕн программӕмӕ дӕр, нӕ байхъуыстой. Ӕмӕ 1970-ӕм азты кӕрон бирӕ рӕтты конгрессты хӕрӕндӕтты меню фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой. 1995 азӕй фӕстӕмӕ, конгресстӕм чи цӕуы, уыдоны фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй конгресмӕ сӕхицӕн хӕринаг хӕссой. Уый руаджы, конгрессты хӕринаг чи цӕттӕ кодта, уыдонӕн ныр сӕ бон уыди уырнындзинад фидаргӕнӕн фынгыл минас кӕнын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл цин кӕнын *.

Йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн удуӕлдайӕ чи лӕггад кодта, уыдоны фыдӕбонӕн Йегъовӕ тынг аргъ кӕны! Чидӕртӕ, чи зоны, фӕмысынц, хӕрӕндӕтты лӕггадгӕнгӕйӕ цы хъӕлдзӕг бонтӕ арвыстой, уыдон. Фӕлӕ бӕлвырд у иу хъуыддаг: конгрессты фынгтыл нын сӕйраг «хӕринаг» вӕййы уарзондзинад (Иоан. 13:34, 35).

^ 12 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, конгрессты ӕндӕр хайӕдты уӕддӕр фӕхъӕуы барвӕндон лӕггадгӕнджыты ӕххуыс.