Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсут?
«Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон» (ЕККЛ. 3:1).
1, 2. Районон цӕстдарджытӕ бирӕ ӕмбырдты цы бафиппайынц?
РАЙОНОН цӕстдарӕгӕн ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ цы фембӕлд уыд, уый фӕуд кодта. Ӕфсымӕртыл йӕ цӕст ахаста,– чидӕртӕ йын дзы фыдӕн дӕр бӕззыдысты,– ӕмӕ йӕхинымӕр загъта, куыд бирӕ фыдӕбон кӕнынц, ӕмӕ сӕ адӕймаг куыннӕ хъуамӕ уарза, зӕгъгӕ. Фӕлӕ иу ахсджиаг хъуыддагыл тыхсти, ӕмӕ сӕ бафарста: «Ӕфсымӕртӕ, зӕгъут-ма, цы сарӕзтат, цӕмӕй иннӕ ӕфсымӕртӕн дӕр сӕ бон уа ӕмбырды сӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсын?» Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй рох нӕ уыд, районон цӕстдарӕг сӕ уымӕй размӕ куы бӕрӕг кодта, уӕд сӕ кӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй иннӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн сӕ рӕстӕг ма ’вгъау кӕной. Ӕппынфӕстаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу загъта: «Раст зӕгъгӕйӕ, уыцы хъуыддаджы тынг гыццыл сарӕзтам». Иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр йӕ ныхӕстимӕ сразы сты.
2 Кӕд ды дӕр хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд, чи зоны, ды дӕр ахӕм дзуапп раттис. Районон цӕстдарджытӕ бафиппайынц, бирӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй хъуамӕ хицӕн кӕной, цӕмӕй ӕфсымӕрты – ӕрыгӕтты дӕр ӕмӕ ацӕргӕты дӕр – ахуыр кӕной, ӕмӕ уыдон дӕр ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр
архайой. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг иуӕй-иу хатт зын вӕййы. Цымӕ цӕмӕн?3. а) Библийӕ куыд зыны, ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын ӕнӕмӕнг кӕй у? Махӕй алчидӕр уыцы хъуыддаг ахсджиагыл цӕмӕн хъуамӕ нымайа? (Кӕс фиппаинаг.) б) Иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?
3 Хистӕр нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ ды дӕр куыннӕ ӕмбардзынӕ, иннӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын тынг ахсджиаг кӕй у, уый *. Ды зоныс, фылдӕр ӕфсымӕртӕ кӕй хъӕуы, цӕмӕй, абон цы ӕмбырдтӕ ис ӕмӕ ма фидӕны цы ног ӕмбырдтӕ фӕзындзӕн, уыдон фидар кӕной. (Бакӕс Исайы 60:22.) Зоныс ма уый дӕр, ӕмӕ Библи хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъы, цӕмӕй иннӕ ӕфсымӕрты дӕр ахуыр кӕной. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:2.) Фӕлӕ, райдианы цы хистӕр нӕлгоймӕгты кой уыд, уыдонау, чи зоны, дӕуӕн дӕр зын вӕййы уыцы хъуыддагӕн рӕстӕг ссарын. Дӕу хъӕуы дӕ бинонтыл тыхсын ӕмӕ кусын. Уымӕй уӕлдай ма дӕ хъӕуы ӕмбырдыл тыхсын ӕмӕ ма ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕр кӕнын. Иудзырдӕй, тынг ӕнӕвдӕлон вӕййыс. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, ӕмбырды ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг арын ӕнӕмӕнг хъуыддаг цӕмӕн у, ууыл.
ӔФСЫМӔРТЫ АХУЫР КӔНЫН ТЫНГ АХСДЖИАГ У
4. Иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды ӕфсымӕрты ахуыр кӕныныл фӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнынц?
4 Цымӕ иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зын цӕмӕн вӕййы ӕмбырды ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ссарын? Чидӕртӕ сӕ, чи зоны, фӕхъуыды кӕнынц: «Ӕмбырды ис, бирӕ ахсджиагдӕр чи у ӕмӕ ӕвӕстиатӕй бакӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын фӕстӕдӕр куы райдайон, уӕддӕр уый ӕмбырдӕн ницы зиан ӕрхӕсдзӕн». Фӕлӕ цымӕ раст хъуыды кӕнынц? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды вӕййы, ӕвӕстиатӕй ӕркӕсын кӕмӕ фӕхъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕныныл куы фӕстӕ кӕнай, уӕд уый, чи зоны, ӕмбырды уырнындзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзына.
5, 6. Шофыр йӕ машинӕмӕ куыд хъуамӕ зила, уыцы хъуыддаг ӕмбырды ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынимӕ куыд ис абарӕн?
5 Иу цӕвиттоныл-ма ахъуыды кӕн. Шофыр зоны, цӕмӕй йӕ машинӕ хорз куса, уый тыххӕй йын ӕдзухдӕр йӕ маслӕ ивын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ йӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ машинӕйы бензин ныккӕнын ахсджиагдӕр у, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй бынтондӕр нал скусдзӕн. Чи зоны ма афтӕ дӕр хъуыды кӕна, ӕмӕ, ныртӕккӕ ӕнӕвдӕлон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у, ӕмӕ йын йӕ маслӕ фӕстӕдӕр раива. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, машинӕ афтӕмӕй дӕр иуцасдӕр акусдзӕн. Фӕлӕ йын шофыр йӕ маслӕ афойнадыл куы нӕ раива, уӕд, абон уа ӕви райсом – машинӕ фехӕлдзӕн. Ӕмӕ йӕ уӕд фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ фылдӕр ӕхца бахъӕудзӕн, цӕмӕй йӕ сцалцӕг кӕна. Ацы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
6 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хъуамӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ ӕвӕстиатӕй бакӕной. Афтӕ куы нӕ кӕной, уӕд уый ӕмбырдыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн. Йӕ машинӕйы ӕдзухдӕр бензин чи хъуамӕ кӕна, уыцы шофырау-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ, «ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕной» (Фил. 1:10). Фӕлӕ иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уыйбӕрц ахсджиаг хъуыддӕгтӕ вӕййы, ӕмӕ ӕмбырды ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг нал фӕхицӕн кӕнынц. Ӕмӕ уый абарӕн ис, шофыр йӕ машинӕйы маслӕ раивыныл куыд фӕфӕстиат кӕны, уыимӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕныныл куы фӕстӕ кӕной, уӕд, абон уа ӕви райсом, ӕмбырдыл чи тыхса, ахӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ нӕ фаг кӕндзӕн.
7. Ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг чи ссары, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
7 Уӕдӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынмӕ куыдфӕндыйы 1 Петры 4:10.) Цымӕ афтӕ кӕй архайынц, уый ӕмбырдӕн цы пайда хӕссы?
цӕстӕй макуы кӕс. Йе ’мбырды сомбоныл чи тыхсы ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг чи ссары, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты схонӕн ис зондджын лӕггадгӕнджытӕ. Уыдон ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр стыр арфӕдзинад сты. (БакӕсРӔСТӔГӔЙ РАСТ ПАЙДА КӔН
8. а) Хистӕр нӕлгоймӕгты иннӕты ахуыр кӕнынмӕ цы разӕнгард кӕны? б) Ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм рӕтты чи лӕггад кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтыл цавӕр ахсджиаг хӕс ис? (Кӕс рамкӕ « Ахсджиаг хӕс».)
8 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цыфӕнды фӕлтӕрдджын куы уой, уӕддӕр хъуамӕ уой бонзонгӕ ӕмӕ ӕмбарой, азтӕ сыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд сӕ бон кӕй нал уыдзӕн ӕмбырдӕн раздӕрау лӕггад кӕнын (Мих. 6:8). Стӕй ма хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой уый дӕр, ӕмӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны». Ӕмӕ сын ӕнӕнхъӕлӕджы хабары тыххӕй дӕр, чи зоны, ӕмбырды сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын фӕзын уа (Еккл. 9:11, 12; Иак. 4:13, 14). Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Йегъовӕйы адӕмы кӕй уарзынц ӕмӕ сыл кӕй тыхсынц, уый тыххӕй зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕн амоной, Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнгӕйӕ сӕхӕдӕг цӕуыл сахуыр сты, уыдӕттӕ. (Бакӕс Псалом 71:17, 18.)
9. Фидӕны цавӕр хабар хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырды ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?
9 Иннӕ ӕфсымӕрты чи ахуыр кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ма ӕмбырдӕн стыр арфӕдзинад уымӕн сты, ӕмӕ сӕ фыдӕбоны руаджы ӕмбырд фидар кӕны. Уыдоны фӕрцы фылдӕр ӕфсымӕртӕ цӕттӕ вӕййынц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынмӕ, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уой. Ацы фӕстаг бонты уый тынг ахсджиаг у, ӕмӕ ноджы ахсджиагдӕр та уыдзӕн, тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхы рӕстӕг (Йез. 38:10–12; Мих. 5:5, 6). Уӕдӕ, нӕ зынаргъ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, абонӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр рӕстӕг арут, цӕмӕй ӕфсымӕрты ахуыр кӕнат.
10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг арын?
10 Мах ӕмбарӕм, ӕмбырды ахсджиаг хъуыддӕгтыл уын бирӕ рӕстӕг кӕй цӕуы ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕвдӕлон кӕй вӕййут. Уӕдӕ уӕ, чи зоны, бахъӕуа, уыцы хъуыддӕгтӕн цы рӕстӕг рахицӕн кӕнут, уымӕй ратонын, цӕмӕй ӕфсымӕрты ахуыр кӕнат (Еккл. 3:1). Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕндзыстут ӕмӕ уый ӕмбырдӕн фидӕны стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.
АХУЫРГӔНИНАДЖЫ ЗӔРДӔ БАЦӔТТӔ КӔН
11. а) Иннӕты ахуыр кӕныны тыххӕй алыхуызон бӕстӕты цӕрӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы загътой, уый цӕуыл дзурӕг у? б) Ӕмбисӕндты 15:22 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕтӕм ӕркӕсын хорз цӕмӕн уыдзӕн?
11 Ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынмӕ хорз чи арӕхсы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иуты ӕрӕджы бафарстой, уыцы хъуыддаг сын цӕй фӕрцы ӕнтысы, уымӕй *. Кӕд уыцы ӕфсымӕртӕ алыхуызон уавӕрты цӕрынц, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр радтой иухуызон дзуапп. Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнӕн ис «алы ран дӕр, алы ӕмбырды дӕр» (1 Кор. 4:17). Уӕдӕ ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм уыцы ӕфсымӕрты уынаффӕтӕй иуӕй-иутӕм (Ӕмб. 15:22). Цӕмӕй нын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгты хондзыстӕм «ахуыргӕнджытӕ», кӕй ахуыр кӕнынц, уыцы ӕфсымӕрты та – «ахуыргӕнинӕгтӕ».
12. Ахуыргӕнӕг фыццаджыдӕр цы хъуамӕ сараза ӕмӕ цӕмӕн?
12 Фыццаджыдӕр ахуыргӕнӕг хъуамӕ йӕ
ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ бацӕттӕ кӕна. Цымӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? Зӕхкусӕг зайӕгойтӕ ныссадзыны размӕ зӕхх куыд бацӕттӕ кӕны, афтӕ ахуыргӕнӕг дӕр хъуамӕ фыццаг йӕ ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ бацӕттӕ кӕна, ӕмӕ йын уый фӕстӕ ног цыдӕртӕ бацамона. Ӕмӕ цымӕ ахуыргӕнӕгӕн йӕ бон куыд у ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнын? Зӕгъӕм, йӕ бон у пехуымпар Самуилы, дӕсны ахуыргӕнӕджы, бафӕзмын.13–15. а) Хуыцау Самуилӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта? б) Самуил йӕ хӕс куыд сӕххӕст кодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) в) Самуилы цӕвиттон нӕ рӕстӕджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куыд ӕххуыс кӕны?
13 Иухатт, 3 000 азӕй фылдӕры размӕ, Йегъовӕ ацӕргӕ пехуымпар Самуилӕн загъта: «Райсом дӕм иу-ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу адӕймаджы Вениамины зӕххӕй, ӕмӕ йӕ ды сойӕ байсӕрддзынӕ, цӕмӕй мӕ адӕм Израилӕн уа разамонӕг» (1 Сам. 9:15, 16). Самуил бамбӕрста, ныр Израилы адӕмӕн разамонӕг уый кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй сын ӕндӕр разамонӕджы сӕвӕра. Гъемӕ спълан кодта, уыцы адӕймаджы йӕ ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ куыд бацӕттӕ кӕндзӕн, уый.
14 Дыккаг бон, Самуил Саулы куы федта, уӕд, Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн загъта: «Ацы адӕймагӕй дын дзырдтон». Самуил ӕвӕстиатӕй райдыдта, цы спълан кодта, уымӕ гӕсгӕ архайын: Саулы ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕджы минас кӕнынмӕ фӕхуыдта. Фынгыл сӕ ӕппӕты кадджындӕр бынӕтты сбадын кодта ӕмӕ сын сӕ разы дзидзайы ӕппӕты хуыздӕр хай ӕрӕвӕрдта. Самуил Саулӕн загъта: «Айс ӕй ӕмӕ хӕр, уымӕн ӕмӕ ацы хабарӕн ӕвӕрд уыд». Уый фӕстӕ Самуил Саулы йӕ хӕдзармӕ фӕхуыдта. Фӕндагыл ӕхсызгонӕй фӕныхӕстӕ кодтой. Хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Самуил «Саулимӕ хӕдзары сӕр йӕ ныхас адарддӕр кодта», цалынмӕ фынӕй кӕнынмӕ нӕ ацыдысты, уӕдмӕ. Иннӕ бон Самуил Саулы сойӕ байсӕрста, апъа йын кодта ӕмӕ йын уынаффӕтӕ радта. Ӕмӕ стӕй Саул ацыд. Афтӕмӕй Самуил Саулы фидӕны хабӕрттӕм бацӕттӕ кодта (1 Сам. 9:17–27; 10:1).
15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаджы ӕнӕхъӕн адӕмӕн разамонӕгӕй сӕвӕрай ӕмӕ ӕфсымӕры хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнай, уыдон иу не сты. Фӕлӕ уӕддӕр, Самуил Саулы зӕрдӕ куыд бацӕттӕ кодта, уымӕй абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынц. Уыцы хъуыддӕгтӕй дыууӕйыл лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕнӕм.
ӔНӔЗИВӔГ АХУЫРГӔНДЖЫТӔ ӔМӔ ХОРЗ ХӔЛӔРТТӔ
16. а) Израилӕгтӕ сӕхицӕн паддзах кӕй ӕрдомдтой, уымӕ Самуил цы цӕстӕй ракаст? б) Йегъовӕ Саулы паддзахӕй куы ӕвӕрын кодта, уӕд Самуил куыд бакодта?
16 Ӕнӕзивӕг у. Израилӕгтӕ Самуилӕн фыццаг хатт куы загътой, адӕмӕй нын искӕй паддзахӕй сӕвӕр, зӕгъгӕ, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, стӕй йӕм афтӕ фӕкаст, цыма йыл адӕм сӕ къух систой (1 Сам. 8:4–8). Самуилы нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын паддзах сӕвӕрдтаид, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕртӕ хатты бахъуыд Самуилӕн зӕгъын, цӕмӕй адӕммӕ байхъуыстаид (1 Сам. 8:7, 9, 22). Фӕлӕ кӕд Самуилмӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ уыд, уӕддӕр, йӕ бӕсты разамонӕг чи хъуамӕ уыдаид, уыцы адӕймагмӕ нӕ хӕлӕг кодта ӕмӕ йӕм знаджы цӕстӕй дӕр нӕ касти. Йегъовӕ йын куы загъта, цӕмӕй Саулы байсӕрстаид, уӕд уыцы хъуыддаг ӕнӕзивӕгӕй бакодта. Самуил Йегъовӕйы коммӕ бакаст, уый йӕ хӕс кӕй уыд, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ уарзгӕ кӕй кодта, уый тыххӕй.
17. Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Самуилы куыд фӕзмынц ӕмӕ сын уый ӕхсызгон цӕмӕн вӕййы?
17 Абон дӕр бирӕ фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Самуилы фӕзмынц ӕмӕ ӕфсымӕрты хӕларзӕрдӕйӕ ахуыр кӕнынц (1 Пет. 5:2). Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕ ӕфсымӕрты ӕнӕзивӕгӕй ахуыр кӕнынц ӕмӕ нӕ тӕрсынц, сӕ бӕрны цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ уыцы ӕфсымӕрты бар бакӕнын кӕй хъӕудзӕн, уымӕй. Уыдон ӕмбарынц, уыцы ӕфсымӕртӕ сын хорз «ӕмкусджытӕ» кӕй уыдзысты ӕмӕ сын ӕмбырды хъуыддӕгты кӕй ӕххуыс кӕндзысты (2 Кор. 1:24; Дзут. 13:16). Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ сын тынг ӕхсызгон вӕййы, сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ курдиӕттӕй куы фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмӕн ӕххуыс кӕной (Хъуыд. 20:35).
18, 19. Хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон куыд у йӕ ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?
18 Ӕрмӕст ахуыргӕнӕг ма у, фӕлӕ хорз хӕлар дӕр. Самуил Саулыл куы фембӕлд, уӕд йӕ бон уыд, ӕмӕ йын уайтагъд йӕ сӕрыл сой рауагътаид ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтаид. Фӕлӕ уӕд ног паддзах Хуыцауы адӕмӕн разамынд дӕттынмӕ цӕттӕ нӕ уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ Самуил рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй уал Саулы зӕрдӕ уыцы ног хӕслӕвӕрдмӕ бацӕттӕ кодтаид. Цалынмӕ Саулы сойӕ нӕ байсӕрста, уӕдмӕ уал фӕминас кодтой, иумӕ фӕтезгъо кодтой, бирӕ рӕстӕг фӕныхӕстӕ кодтой ӕмӕ уый фӕстӕ улӕфгӕ дӕр бакодтой. Самуил банхъӕлмӕ каст, Саулы паддзахӕй сӕвӕрын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уымӕ.
19 Абон дӕр хабар афтӕ у. Цалынмӕ хистӕр нӕлгоймаг йӕ ахуыргӕнинаджы ахуыр кӕнын нӕ райдайа, уӕдмӕ уал хъуамӕ йемӕ балымӕн уа. Уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймаг цы араздзӕн, уый кӕнгӕ уыдзӕн, сӕ бӕстӕйы цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ цы уавӕртӕ ис, уымӕй. Фӕлӕ кӕмфӕнды ма цӕрай ӕмӕ цыфӕнды ӕнӕвдӕлон ма уай, уӕддӕр-иу дӕ ахуыргӕнинагӕн рӕстӕг ссар, ӕмӕ уӕд зондзӕн, кӕй йын аргъ кӕныс, уый. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:10.) Дзырд дӕр ыл нӕй, дӕ ахуыргӕнинаг дӕ тынг бузныг уыдзӕн, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсыс ӕмӕ йын дӕ рӕстӕг кӕй не ’вгъау кӕныс, уый тыххӕй.
20, 21. а) Ӕнтыстджын ахуыргӕнӕг схонӕн кӕй ис? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
20 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, рох уӕ ма уӕд: хорз ахуыргӕнӕг фӕуарзы ӕрмӕст амонын нӕ, фӕлӕ ма, кӕй ахуыр кӕны, уыцы адӕймаджы дӕр. (Абар Иоанны 5:20.) Цымӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ ахуыргӕнинаг куы ’мбара, ӕцӕгӕй йыл кӕй тыхсыс, уӕд зӕрдиагдӕрӕй ахуыр кӕндзӕн. Уӕдӕ нӕ зынаргъ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕппӕт тыхтӕй архайут, цӕмӕй уӕ ахуыргӕнинӕгты ӕрмӕст ахуыр ма кӕнат, фӕлӕ ма сын хорз хӕлӕрттӕ дӕр уат (Ӕмб. 17:17; Иоан. 15:15).
21 Хистӕр нӕлгоймаг йӕ ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ куы бацӕттӕ кӕна, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын дӕр райдайа. Цавӕр мадзӕлттӕй у йӕ бон пайда кӕнын? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
^ 3 абз. Ацы ӕмӕ иннӕ статья сӕйраджыдӕр сты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, фӕлӕ дзы дзырд цӕуыл цӕуы, уый зонын хорз уыдзӕн ӕмбырды алкӕмӕн дӕр. Цӕмӕн? Уый фӕрцы ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр ӕмбардзысты: кӕд сӕ ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайын фӕнды, уӕд сӕ хъӕуы ахуыр кӕнын. Ӕмӕ ӕмбырды фылдӕр фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ куы уа, уӕд уый та стыр пайда уыдзӕн алкӕмӕн дӕр.
^ 11 абз. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕрынц Австралийы, Америкӕйы Иугонд Штатты, Бангладешы, Бельгийы, Бразилийы, Корейы, Мексикӕйы, Намибийы, Нигерийы, Реюньоны, Уӕрӕсейы, Францийы, Францаг Гвианӕйы, Хуссар-Африкаг Республикӕйы ӕмӕ Японийы.