Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдоны уӕ зӕрдыл дарут

Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдоны уӕ зӕрдыл дарут

«Ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ, уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон» (1 ФЕС. 1:3).

1. Хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй бирӕ чи фыдӕбон кодта, уыдонмӕ Павел цы зӕрдӕ дардта?

АПОСТОЛ Павел йӕ зӕрдыл дардта, хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй бирӕ чи фыдӕбон кодта, уыдоны. Павел ныффыста: «Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды раз ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ, уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон ӕмӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныфсӕй куыд фидар стут, уый» (1 Фес. 1:3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ дӕр йӕ зӕрдыл дары, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны фыдӕбон, сӕ бон бирӕ у ӕви нӕ, уӕддӕр (Дзут. 6:10).

2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Рагзамантӕй фӕстӕмӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, фыццаг ӕнусы иуӕй-иу чырыстӕттӕ куыд лӕггад кодтой, уымӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ рӕстӕджы бирӕтӕ ӕххӕстрӕстӕг куыд лӕггад кӕнынц, уый дӕр ӕмӕ фендзыстӕм, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты нӕ бон куыд у нӕ зӕрдыл дарын, ома сын ӕххуыс кӕнын.

ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ЧЫРЫСТӔТТӔ

3, 4. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ куыд лӕггад кодтой? ӕ) Сӕ бон сӕхи дарын цӕй фӕрцы уыд?

3 Йесо донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр райдыдта,  ӕгас зӕххыл дӕр чи хъуамӕ аххӕссыдаид, уыцы куыст кӕнын (Лук. 3:21–23; 4:14, 15, 43). Йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ апостолтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг адарддӕр кодтой ӕмӕ йын разамынд лӕвӕрдтой (Хъуыд. 5:42; 6:7). Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ лӕггад кодтой миссионертӕй. Зӕгъӕм, Филипп хъусын кодта Палестинӕйы алы рӕтты (Хъуыд. 8:5, 40; 21:8). Павел ӕмӕ иннӕтӕ та хъусын кӕнынмӕ цыдысты ӕндӕр бӕстӕтӕм дӕр (Хъуыд. 13:2–4; 14:26; 2 Кор. 1:19). Чидӕртӕ та, зӕгъӕм, Марк, Лука ӕмӕ Силуан (Силӕ), ныффыстой Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ йе та ӕххуыс кодтой, Библи чи фыста, уыдонӕн, ома сын писыртӕ уыдысты (1 Пет. 5:12). Уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртимӕ иумӕ лӕггад кодтой хотӕ дӕр (Хъуыд. 18:26; Ром. 16:1, 2). Махӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, уыцы чырыстӕттыл цы диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны тыххӕй Чырыстон Грекъаг Фыстыты кӕсын. Уыцы хабӕрттӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фыдӕбонӕн аргъ кӕны ӕмӕ сыл тыхсы.

4 Цымӕ фыццаг ӕнусы, йӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕнынмӕ чи радта, уыцы чырыстӕттӕн сӕ бон сӕхи дарын цӕй фӕрцы уыд? Арӕх-иу сӕ се ’мчырыстӕттӕ суазӕг кодтой ӕмӕ-иу сын ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр баххуыс кодтой. Фӕлӕ уыцы лӕггадгӕнджытӕ сӕхицӕн домгӕ ницы кодтой (1 Кор. 9:11–15). Чырыстӕттӕй сын чидӕртӕ, стӕй ӕнӕхъӕн ӕмбырдтӕ дӕр, зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:14, 15; Филиппӕгтӕм 4:15–18.) Павел ӕмӕ-иу йе ’мбӕлттӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ кусгӕ дӕр акодтой, цӕмӕй сӕхи фӕдардтаиккой.

НӔ РӔСТӔДЖЫ БИРӔТӔ ӔХХӔСТРӔСТӔГ КУЫД ЛӔГГАД КӔНЫНЦ

5. Бирӕ азтӕ ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, ахӕм лӕг ӕмӕ ус сӕ царды тыххӕй цы зӕгъынц?

5 Абон дӕр бирӕтӕ Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц. (Кӕс рамкӕ « Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ».) Цымӕ, сӕхицӕн цы фӕндаг равзӕрстой, уый сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Дӕ бон сӕ у уымӕй бафӕрсын, ӕмӕ дын цы радзурой, уый дӕ ӕнӕмӕнг бафидар кӕндзӕн. Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕр лӕггад кодта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй, сӕрмагонд пионерӕй, миссионерӕй, ӕмӕ ныр та лӕггад кӕны ӕндӕр бӕстӕйы Вефилы, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй райдыдтон, уый у мӕ царды ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕй сӕ иу. 18 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ хъуыди равзарын: университеты ахуыр кӕндзынӕн ӕмӕ стӕй мӕ рӕстӕг иууылдӕр мӕ куыстӕн ратдзынӕн ӕви пионерӕй лӕггад кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ мӕхицӕй зонын, Йегъовӕ кӕй нӕ рох кӕны, адӕймаг ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны тыххӕй йӕхи цӕмӕй фӕцух кӕны, уый. Йегъовӕ мӕ цы курдиӕттӕй схайджын кодта, уыдонӕй мӕ лӕггады куыд спайда кодтон, афтӕ сӕ ацы дунейы никуы спайда кодтаин». Йӕ бинойнаг та зӕгъы: «Кӕмфӕнды ма лӕггад кодтаиккам, алы ран дӕр цӕуылдӕр ахуыр кодтон. Бирӕ хӕттыты-иу федтам, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны ӕмӕ нын разамынд кӕй дӕтты. Ӕрмӕстдӕр нӕхи уды дзӕбӕхӕн куы цардаиккам, уӕд уыдӕттӕ никуы бавзӕрстаиккам. Йегъовӕйӕн алы бон дӕр бузныг фӕдзурын, ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй». Фӕнды дӕ, цӕмӕй ды дӕр дӕ цардӕй афтӕ райгонд уай?

6. Йегъовӕ нын нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕтӕн уый фадат нӕй, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной. Фӕлӕ нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ уыдоны фыдӕбонӕн дӕр кӕй аргъ кӕны. Зӕгъӕм, Павел Филимонмӕ 1–3 салӕмттӕ ӕрвыста Колоссты ӕмбырдӕн ӕмӕ дзы кӕйдӕрты номгай дӕр ранымадта. (Бакӕс сӕ.) Сӕ фыдӕбонӕн сын Павел дӕр аргъ кодта ӕмӕ Йегъовӕ дӕр. Нӕ уӕларвон Фыд дӕ лӕггадӕн дӕр аргъ кӕны. Фӕлӕ цымӕ дӕ бон куыд у, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын?

НӔ БОН КУЫД У ПИОНЕРТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?

7, 8. Пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ цы хауы ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕн сӕ бон куыд у пионертӕн ӕххуыс кӕнын?

7 Фыццаг ӕнусы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ ӕмбырдӕн ныфсы хос куыд уыдысты, афтӕ абон сты пионертӕ дӕр. Бирӕтӕ сӕ фӕархайынц, цӕмӕй алы мӕй дӕр 70 сахаты хъусын кӕной. Дӕ бон сын куыд у ӕххуыс кӕнын?

8 Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Шари, зӕгъы: «Афтӕ зыны, цыма пионертӕ фидар  сты, уымӕн ӕмӕ алы бон дӕр фӕхъусын кӕнынц. Фӕлӕ уыдонӕн дӕр хъӕуы сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын» (Ром. 1:11, 12). Бирӕ азты дӕргъы пионерӕй чи лӕггад кодта, ӕндӕр ахӕм хо та йе ’мбырды пионерты тыххӕй загъта: «Уыдон ӕдзухдӕр фыдӕбон кӕнынц. Ӕмӕ сӕ исчи хъусын кӕнынмӕ машинӕйыл куы акӕны, сихор бахӕрынмӕ сӕ куы фӕхоны, фӕндаггаг йе та сын ӕндӕр истӕмӕн иу гыццыл ӕхца куы авӕры, уӕд тынг фӕбузныг вӕййынц. Афтӕмӕй фӕуынынц, иннӕтӕ сыл кӕй тыхсынц».

9, 10. Иуӕй-иутӕ се ’мбырды пионертӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

9 Пионертӕн ма стыр ӕххуыс уыдзынӕ, семӕ хъусын кӕнынмӕ куы цӕуай, уӕд дӕр. Иу пионер-хо, Бобби, загъта: «Бӕргӕ, кусгӕ бонты хъусын кӕнынмӕ кӕимӕ цӕуӕм, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фылдӕр куы уаид». Йе ’мбырдӕй ӕндӕр пионер-хо та загъта: «Фӕссихор уацамынды кӕимӕ ацӕуай, ахӕм ӕмбал ссарын тынг зын вӕййы». Бруклины Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо радзырдта, пионерӕй ма куы лӕггад кодта, уӕд ын стыр ӕххуыс цы уыд, уый тыххӕй: «Иу хойӕн уыди машинӕ, ӕмӕ мын загъта, зӕгъгӕ-иу дын, уацамынды кӕимӕ ацӕуай, уый куы нӕ уа, уӕд-иу мӕм ӕрбадзур, ӕмӕ-иу ӕз демӕ ацӕудзынӕн. Уыцы хо куы нӕ уыдаид, уӕд пионерӕй куыд лӕггад кодтаин, нӕ зонын». Хо Шари та загъта: «Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы пионертӕ уацамынды фӕстӕ арӕх баззайынц иунӕгӕй. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уӕ бон у ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уӕ бинонты ахуырмӕ хонын. Семӕ-иу ӕндӕр исты хъуыддӕгтӕ дӕр куы бакӕнат, уӕд дӕр-иу сӕ бафидар кӕндзыстут».

10 Ныр 50 азы бӕрц ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо радзырдта, иу хоимӕ пионертӕй куы лӕггад кодтой, уӕд сын куыд ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй: «Не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу нӕ цалдӕр мӕйы иу хатт бабӕрӕг кодтой, цӕмӕй-иу базыдтаиккой, кӕд, мыййаг, истӕмӕй тыхсӕм. Бафарстой-иу нӕ, не ’нӕниздзинад куыд у, уымӕй, стӕй нӕ куысты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ сын уыдон ӕрмӕст ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Кӕм цардыстӕм, уырдӕм-иу нӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй-иу федтаиккой, хӕдзары нӕм истӕмӕй фӕкӕсын хъӕуы ӕви нӕ». Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ ма пионертӕн ноджыдӕр чи ӕххуыс кӕны, уыдон архайынц Онисифорау. Кӕд Онисифоры йӕхи бинонтыл тыхсын хъуыди, уӕддӕр Павелӕн дӕр ӕххуыс кодта (2 Тим. 1:18).

11. Сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ цы хауы?

11 Иуӕй-иу ӕмбырдтӕ ахӕм арфӕдзинадӕй хайджын сты, ӕмӕ се ’мбырды лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕ. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ фӕархайынц, цӕмӕй алы мӕй дӕр 130 сахаты хъусын кӕной. Стӕй ма ӕмбырдӕн ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр феххуыс кӕнынц.  Ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕхца кусынӕн рӕстӕг иу гыццыл йеддӕмӕ йе та бынтондӕр нӕ вӕййы. Сӕрмагонд пионертӕн филиал алы мӕй дӕр иу гыццыл ӕхца фӕдӕтты, цӕмӕй сӕ бон уа сӕ хъарутӕ сӕ лӕггадмӕ саразын.

12. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ иннӕтӕн сӕ бон куыд у сӕрмагонд пионертӕн ӕххуыс кӕнын?

12 Нӕ бон куыд у сӕрмагонд пионертӕн ӕххуыс кӕнын? Филиалы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг сӕрмагонд пионертӕй бирӕтимӕ фӕныхас кӕны, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хъуамӕ семӕ аныхас кӕной ӕмӕ-иу сын сӕ уавӕртӕ базоной, цӕмӕй сын уый фӕстӕ баххуыс кӕной. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕрмагонд пионертӕ ницы хъуаг сты, уымӕн ӕмӕ сын филиал ӕхца фӕдӕтты. Фӕлӕ сын уӕддӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон бирӕ цӕмӕйдӕрты у баххуыс кӕнын». Ӕххӕстрӕстӕг пионертау сӕрмагонд пионертӕ дӕр тынг аргъ кӕнынц, иннӕтӕ семӕ уацамынды кӕй фӕцӕуынц, уымӕн. Дӕ бон сын у уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын?

НӔ БОН КУЫД У РАЙОНОН ЦӔСТДАРДЖЫТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?

13, 14. а) Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгты тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? ӕ) Куыд хъуыды кӕныс, дӕ бон куыд у районон цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕн ӕххуыс кӕнын?

13 Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ сты фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ, сӕ уырнындзинад у фидар, ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн сты ныфсы хос. Фӕлӕ уыдонӕн дӕр хъӕуы сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Уыдоны дӕр хъӕуы, цӕмӕй иннӕтӕ семӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуой. Стӕй ма сын ӕхсызгон вӕййы, хотӕ ӕмӕ сӕ ӕфсымӕртӕ куы фӕхонынц, цӕмӕй сӕ рӕстӕг иумӕ арвитой. Районон цӕстдарӕг кӕнӕ йӕ бинойнаг цавӕрдӕр уӕззау низӕй куы фӕрынчын уа ӕмӕ йын хос кӕнын йе та операци скӕнын куы хъӕуа, уӕд та? Тынг ӕхсызгон сын уыдзӕн, куы-иу сӕ бабӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕм истӕмӕй куы фӕкӕсӕм. Хъуыддӕгты чиныг чи ныффыста, уыцы дохтыр Лука дӕр ӕххуыс кодта Павелӕн ӕмӕ ма йемӕ ӕмбырдтӕ чи бӕрӕг кодта, уыдонӕн (Кол. 4:14; Хъуыд. 20:5–21:18).

14 Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ тынг аргъ кӕнынц хорз ӕмбӕлттӕн. Иу районон цӕстдарӕг ныффыста: «Ме ’мбӕлттӕ йӕ цыма зонгӕ фӕкӕнынц, мӕ ныфсыл мын ныфс бафтауын кӕй хъӕуы. Арфуынӕг кӕй сты, уый фӕрцы мӕм ахӕм фарстатӕ раттынц, ӕмӕ мын ӕнцон вӕййы, цӕуыл тыхсын, уый радзурын. Лӕмбынӕг мӕм кӕй байхъусынц, ӕрмӕст уымӕй дӕр мын стыр ӕххуыс сты». Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ тынг бузныг сты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй, афтӕ сыл кӕй тыхсынц, уый тыххӕй.

ӔХХУЫС КӔНУТ, ВЕФИЛЫ ЧИ ЛӔГГАД КӔНЫ, УЫДОНӔН

15, 16. Вефилы цы куыст кӕнынц, уый ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ нӕ бон куыд у вефилӕгтӕн ӕххуыс кӕнын?

15 Ӕгас дунейы дӕр Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдон тынг ахсджиаг куыст кӕнынц, цӕмӕй, сӕ филиал йӕ хъус цы бӕстӕтӕм дары, уым Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа. Кӕд уе ’мбырды кӕнӕ уӕ районы вефилӕгтӕ ис, уӕд сӕ дӕ зӕрдыл дарын дӕ бон куыд у?

16 Вефилмӕ лӕггад кӕнынмӕ чи ’рцӕуы, уыдон арӕх фыццаг рӕстӕг сӕ бинонты ӕмӕ се ’мбӕлтты фӕмысынц. Ӕмӕ сӕм иннӕ вефилӕгтӕ ӕмӕ сӕ ног ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ хъус куы фӕдарынц ӕмӕ сӕ хӕлӕрттӕ куы свӕййынц, уӕд сын тынг ӕхсызгон вӕййы (Мар. 10:29, 30). Вефилӕгтӕн сӕ лӕггады график афтӕ конд у, цӕмӕй сӕ бон уа ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ алы къуыри дӕр хъусын кӕнын. Фӕлӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ вефилӕгты бахъӕуы фылдӕр кусын дӕр. Хорз уыдзӕн, ӕмбырд уый куы ’мбара ӕмӕ, вефилӕгтӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕны, уый куы ’вдиса. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:9.)

ӔХХУЫС КӔНУТ, ӔНДӔР БӔСТӔЙӔ УӔМ ЛӔГГАД КӔНЫНМӔ ЧИ ’РЦЫД, УЫДОНӔН

17, 18. Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацӕуы, уыдон куыд фӕлӕггад кӕнынц?

17 Ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ чи ацӕуы, уыдонӕн уым арӕх бирӕ цыдӕртӕ вӕййы ног: ӕндӕр хӕринаг, ӕндӕр ӕвзаг, ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕндӕр царды уавӕртӕ. Цымӕ ахӕм стыр ивындзинӕдтыл цӕмӕн сразы вӕййынц ӕмӕ куыд фӕлӕггад кӕнынц?

 18 Чидӕртӕ сӕ фӕлӕггад кӕнынц миссионертӕй. Уыдон сӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай фӕхъусын кӕнынц хорз хабар ӕмӕ сӕ цӕуыл сахуыр кодтой, уыдӕттыл ӕмбырды иннӕты дӕр фӕахуыр кӕнынц. Филиал батыхсы, цӕмӕй сын уа цӕрӕнбынат ӕмӕ сӕхи фӕдарынӕн иу гыццыл ӕхца. Иуӕй-иутӕ та ӕндӕр бӕстӕйы фӕлӕггад кӕнынц филиалы йе та фӕаразынц филиалты бӕстыхӕйттӕ, тӕлмацгӕнджыты офистӕ, Конгрессты залтӕ кӕнӕ Паддзахады залтӕ. Филиал кӕнӕ бынӕттон ӕфсымӕртӕ батыхсынц, цӕмӕй уыцы лӕггадгӕнджытӕн уа цӕрӕнбынат, хӕринаг ӕмӕ ма сӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Вефилӕгтау уыдон дӕр ӕдзухдӕр фӕцӕуынц ӕмбырды фембӕлттӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ. Бынӕттон ӕмбырдтӕн уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ стыр арфӕдзинад сты.

19. Ӕндӕр бӕстӕйӕ нӕм лӕггад кӕнынмӕ чи ’рцыд, уыдоны тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

19 Ахӕм ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты нӕ зӕрдыл дарын нӕ бон куыд у? Рох уӕ ма уӕд, бынӕттон хӕринӕгтӕй цӕуылдӕрты ахуыр кӕй нӕ вӕййынц, уӕлдайдӕр та фыццаг рӕстӕг. Ӕмӕ-иу сӕ уӕхимӕ сихормӕ куы фӕхонат, уӕд уал-иу сӕ бафӕрсут, цавӕр хӕринаг бахӕрын сӕ фӕндид. Цӕмӕй уын уе ’взаг ӕмӕ уе ’гъдӕуттӕ дзӕбӕх базоной, уый тыххӕй дӕр сӕ бахъӕудзӕн иуцасдӕр рӕстӕг. Уӕдӕ сын фӕразонӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕнут. Зӕгъӕм, амонут сын, уе ’взагыл ныхӕстӕ раст дзурын куыд хъӕуы, уый. Уыдоны тынг фӕнды ахуыр кӕнын!

20. Нӕ бон куыд у ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ ныййарджыты нӕ зӕрдыл дарын?

20 Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытыл азтӕ цӕуынц, стӕй сӕ ныййарджытӕ дӕр зӕронд кӕнынц. Кӕд сӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕй тынгдӕр ницы фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной (3 Иоан. 4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн сӕ ныййарджытӕ кӕсинаг куы уой, уӕд сын, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕндзысты ӕмӕ сӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, арӕхдӕр бӕрӕг кӕндзысты. Фӕлӕ, сӕ ныййарджытӕм хӕстӕг чи цӕры, уыдонӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной – сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм-иу сын фӕкӕсой. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ кӕй аразынц. Ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын та абон зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг у (Матф. 28:19, 20). Уӕдӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты дӕр ӕмӕ сын сӕ ныййарджыты дӕр уӕ зӕрдыл дарут – фӕкӕсын сӕм куы хъӕуа, уӕд-иу сӕм уе ’ххуысы къух бадарут.

21. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ цы цӕстӕй кӕсынц, иннӕтӕ сын кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕ?

21 Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдон уыцы куыст уый тыххӕй нӕ кӕнынц, цӕмӕй дзы сӕхицӕн исты пайда райсой. Уыдоны фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ сын цӕмӕйфӕнды ма баххуыс кӕнай – тынг дӕ фӕбузныг уыдзысты. Ӕндӕр бӕстӕйы ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо загъта: «Дыууӕ ныхасы дын куы афыссынц ӕмӕ дын бузныг куы фӕзӕгъынц, уӕд дын ӕрмӕст уый дӕр ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ дыл хъуыды кӕнынц ӕмӕ дын дӕ фыдӕбонӕн аргъ кӕнынц». Ацы ныхӕстимӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сразы уыдзысты.

22. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

22 Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын у царды ӕппӕты арфӕйагдӕр хъуыддаг. Уыцы лӕггад ӕнцон нӕу, фӕлӕ дзы адӕймаг бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕны, стӕй йын у стыр цины хос. Уымӕй уӕлдай ма, уый фӕрцы адӕймаг йӕхи цӕттӕ кӕны, тагъд ног дунейы Йегъовӕйы адӕм се ’ппӕт дӕр цы арфӕйаг куыст кӕндзысты, уымӕ. Цӕй уӕдӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдоны – ма сын рох кӕнӕм, сӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ сӕ уарзондзинад кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон (1 Фес. 1:3).